Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

24 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

24 ЗАРӔГ Ссӕуӕм Йегъовӕйы хохмӕ!

Ӕнустӕм Йегъовӕйы уазӕг у!

Ӕнустӕм Йегъовӕйы уазӕг у!

«О Йегъовӕ, кӕй суазӕг кӕндзынӕ дӕ цатыры?» (ПС. 15:1).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм ӕмӕ йын йӕ иннӕ хӕлӕрттӕн кад кӕнӕм.

1. 15-ӕм псалом нын куыд баххуыс кӕндзӕн?

 АЙРАЗМӔЙЫ статьяйӕ базыдтам, Йегъовӕ йӕ цатырмӕ кӕй хоны, йӕхи йын чи снывонд кодта ӕмӕ йе ’ввахс хӕлар чи у, уыдоны. Фӕлӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй алкӕддӕр йӕ уазджытӕ уӕм? Уый тыххӕй фыст ис 15-ӕм псаломы. (Бакӕс Псалом 15:1–5.) Ныртӕккӕ ацы псаломмӕ ӕркӕсдзыстӕм ӕмӕ базондзыстӕм, Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый.

2. Давид Йегъовӕйы цатыры кой куы кодта, уӕд цӕуыл хъуыды кодтаид?

2 15-ӕм псалом райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «О Йегъовӕ, кӕй суазӕг кӕндзынӕ дӕ цатыры? Чи цӕрдзӕн дӕ сыгъдӕг хохыл?» (Пс. 15:1). Давид Йегъовӕйы «цатыры» кой куы кодта, уӕд, чи зоны, хъуыды кодта, цасдӕр рӕстӕг Гаваоны чи уыд, уыцы ӕмбырды цатырыл. Кӕнӕ «сыгъдӕг хохы» кой кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, хъуыды кодта, Иерусалимы Сионы хохыл чи уыд, уыцы цатырыл. Уыцы хох уыд Гаваонӕй хуссарырдӕм иу-10 километры дарддӕр, ӕмӕ йыл Давид ӕрӕвӕрдта цатыр ӕмӕ дзы сӕвӕрын кодта бадзырды чырын. Уыцы чырын уым уыд, цалынмӕ кувӕндон арӕзт не ’рцыд, уӕдмӕ (2 Сам. 6:17).

3. 15-ӕм псаломы цы фыст ис, уый цӕмӕн хъуамӕ зонӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

3 Израилӕгтӕн сӕ фылдӕр цатыры никуы лӕггад кодтой. Бадзырды чырын кӕм уыд, уырдӕм та-иу ӕрмӕстдӕр стӕмтӕ бацыдысты. Фӕлӕ Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон уыд, цӕмӕй Йегъовӕйы «цатыры» уазджытӕ уыдаиккой ӕмӕ алкӕддӕр уыдаиккой йӕ хӕлӕрттӕ. Ӕмӕ мах дӕр уый куыннӕ фӕнды! 15-ӕм псаломӕй базондзыстӕм, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм.

Давиды рӕстӕг израилӕгтӕн сӕ бон уыд сӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, Йегъовӕйы цатыры уазӕг уай, уый цы нысан кӕны (кӕс 3 абзац)


ӔНАИПП У ӔМӔ РӔСТӔЙ ЦӔР

4. Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕрмӕст донаргъуыд райсын фаг кӕй нӕу, цӕмӕй Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм? (Исай 48:1).

4 Псалом 15:2 стихы фыст ис, Йегъовӕйы хӕлар кӕй у ӕнаипп ӕмӕ рӕстӕй кӕй цӕры. Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕм ӕнаипп уой? О, ис. Нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы аразӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм, уӕд йӕ цӕсты уыдзыстӕм ӕнаипп. Ӕмӕ афтӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр кӕнӕм. Адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕны ӕмӕ донаргъуыд куы райсы, уӕд уый вӕййы йӕ фӕндагӕн ӕрмӕстдӕр йӕ райдиан. Хъуамӕ донаргъуыды фӕстӕ дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уа. Зӕгъӕм, израилӕгтӕ уыдысты Йегъовӕйӕн нывондгонд адӕм. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр уыдысты Йегъовӕйы уазджытӕ. Чидӕртӕ дзы Йегъовӕмӕ «ӕцӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» нӕ куывтой. (Бакӕс Исайы 48:1.) Йегъовӕйы уазӕг уа, уый ӕцӕгӕй кӕй фӕндыд, уыцы израилӕгтӕ хъуамӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ базыдтаиккой ӕмӕ сӕ ӕххӕст кодтаиккой. Абон дӕр хабар афтӕ у. Фаг нӕу донаргъуыд райсын ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ном хӕссын. Хъуамӕ ӕдзух архайӕм, цӕмӕй рӕстӕй цӕрӕм. Уый цы нысан кӕны?

5. Цы нысан кӕны алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсын?

5 Цӕмӕй Йегъовӕйы цӕсты, «ӕнаипп» ӕмӕ «рӕстӕй чи цӕры», ахӕм адӕймӕгтӕ уӕм, уый тыххӕй фаг нӕу ӕдзух ӕмбырдтӕм цӕуын (1 Сам. 15:22). Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсӕм, суанг лыстӕг хъуыддӕгты дӕр, стӕй нӕ куы ничи уына, уӕд дӕр (Ӕмб. 3:6; Еккл. 12:13, 14). Афтӕмӕй равдисдзыстӕм, кӕй йӕ уарзӕм. Ӕмӕ нӕ уӕд уый дӕр тынгдӕр уарздзӕн (Иоан. 14:23; 1 Иоан. 5:3).

6. Дзуттӕгтӕм 6:10–12 стихтӕм гӕсгӕ, нырмӕ нӕ лӕггады хорзӕй цы сарӕзтам, уый фаг цӕуылнӕ у, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ уӕм?

6 Йегъовӕ тынг аргъ кӕны, нырмӕ нӕ лӕггады хорзӕй цы сарӕзтам, уымӕн. Фӕлӕ нын кӕддӕр цыдӕртӕ кӕй бантыст, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы уазджытӕ уыдзыстӕм. Уый бӕрӕг у, Дзуттӕгтӕм 6:10–12 стихты цы фыст ис, уымӕй. (Бакӕс сӕ.) Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йын «кӕронмӕ» ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм. Ӕмӕ «кӕд нӕ бафӕллайӕм», уӕд нӕ нӕ фыдӕбоны тыххӕй схорзӕхджын кӕндзӕн – ӕнустӕм уыдзӕн нӕ Хӕлар! (Гал. 6:9).

ДӔ ЗӔРДӔЙЫ РӔСТДЗИНАД ДЗУР

7. Дӕ зӕрдӕйы рӕстдзинад дзурай, уый цы нысан кӕны?

7 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйы уазджытӕ уӕм, уӕд хъуамӕ нӕ «зӕрдӕйы рӕстдзинад... дзурӕм» (Пс. 15:2). Уымӕ ӕрмӕст уый нӕ хауы, ӕмӕ сайгӕ ма кӕнӕм. Фӕлӕ нӕ алы ныхасӕй ӕмӕ нӕ алы хъуыддагӕй дӕр хъуамӕ бӕрӕг уа, ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй стӕм (Дзут. 13:18). Уый тынг ахсджиаг у, уымӕн ӕмӕ «мӕнгард адӕймаг Йегъовӕйӕн ӕнад у, рӕстзӕрдӕ чи у, уыдон та сты йе ’ввахс хӕлӕрттӕ» (Ӕмб. 3:32).

8. Йӕ зӕрдӕйы рӕстдзинад чи дзуры, уый йӕхи цӕмӕй хъуамӕ хиза?

8 Адӕймаг адӕмы раз йӕхи афтӕ куы ’вдиса, цыма алы хъуыддаджы дӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕсы, афтӕмӕй та сусӕгӕй, йӕ зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ куы араза, уӕд афтӕ зӕгъӕн нӕ уыдзӕн, ӕмӕ «йӕ зӕрдӕйы рӕстдзинад... дзуры» (Ис. 29:13). Уый уаид цӕстмӕ ми. Афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ чырыстон цӕстмӕ митӕ кӕнын райдайы? Фыццаг уал дызӕрдыг кӕнын райдайы, Йегъовӕйы закъӕттӕй кӕцыдӕртӕ раст кӕй сты, ууыл (Иак. 1:5–8). Стӕй та, йӕхимӕ гӕсгӕ афтӕ ахсджиаг чи не сты, уыцы хъуыддӕгты Йегъовӕйы коммӕ нӕ бакӕсы. Ӕмӕ, ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый тыххӕй йыл ӕвзӕрӕй куы ницы ’рцӕуы, уӕд райдайы ноджы ӕвзӕрдӕр хъуыддӕгтӕ кӕнын (Еккл. 8:11). Ӕмӕ йын Йегъовӕ йӕ лӕггадӕй райгонд нал вӕййы. Мах та фӕнды, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уӕм ӕнӕзӕрдӕхудт.

9. Нафанаил Йесойы зӕрдӕмӕ цӕмӕй фӕцыд ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

9 Ахсджиаг у, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы рӕстдзинад дзурӕм. Уый бӕрӕг у, Филипп йе ’мбал Нафанаилы Йесомӕ куы ’рбакодта, уыцы хабарӕй. Кӕд Йесо Нафанаилы уый размӕ никуы федта, уӕддӕр загъта: «Ай у ӕцӕг израилаг, хиндзинад кӕмӕ нӕй, уый» (Иоан. 1:47). Йесо зыдта, йӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй уыдысты. Фӕлӕ Нафанаил уыцы миниуӕгӕй уӕлдай бӕрӕг дардта. Уый дӕр мах хуызӕн ӕнӕххӕст уыд, фӕлӕ уыд сыгъдӕгзӕрдӕ ӕмӕ йӕм цӕстмӕ митӕн сӕ кой дӕр нӕ уыд. Йесойӕн уый йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ дзы уый тыххӕй раппӕлыд. Куыннӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй Йесо махӕй дӕр ахӕм ныхӕстӕ зӕгъа!

Филипп йе ’мбал Нафанаилы Йесомӕ куы ’рбакодта, уӕд дзы Йесо загъта, зӕгъгӕ, ай у, «хиндзинад кӕмӕ нӕй, уый». Махӕй дӕр ис афтӕ зӕгъӕн? (кӕс 9 абзац)


10. Не ’взаджы рохтыл цӕмӕн хъуамӕ хӕцӕм? (Иаковы 1:26).

10 15-ӕм псаломы цы домӕнтӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕр хауынц, иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм ӕмӕ сӕм цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм, уымӕ. 3-аг стихы фыст ис, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы уазӕг «йе ’взагӕй нӕ кӕны фыдкой, иннӕмӕн ӕвзӕрдзинад нӕ аразы ӕмӕ йе ’мбалӕй ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ нӕ кӕны». Не ’взаджы рохтыл куы нӕ хӕцӕм, уӕд, гӕнӕн ис, иннӕтӕн стыр зиан ӕрхӕссӕм. Ӕмӕ нын уӕд уый бар нал уыдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы цатыры уӕм. (Бакӕс Иаковы 1:26.)

11. Фыдкой кӕнын цы у ӕмӕ, иннӕты фыдкой чи кӕны ӕмӕ чи нӕ фӕсмон кӕны, уымӕн йӕ хабар куыд вӕййы?

11 Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста, Йегъовӕйы уазӕг иннӕты фыдкой кӕй нӕ фӕкӕны. Фыдкой кӕнын у, адӕймагӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕнын, ӕмӕ йын афтӕмӕй йӕ номыл цъыф калын. Адӕймаг искӕй фыдкой куы фӕкӕны ӕмӕ куы не ’рфӕсмон кӕны, уӕд ӕй ӕмбырдӕй ацух кӕнынц (Йер. 17:10).

12, 13. Афтӕ куыд рауайы, ӕмӕ, нӕхи дӕр нӕ фӕфӕнды, афтӕмӕй не ’мбӕлттӕй ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕкӕнӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

12 Псалом 15:3 стихы ма ноджыдӕр фыст ис, Йегъовӕйы уазджытӕ иннӕтӕн ӕвзӕрдзинад кӕй нӕ аразынц ӕмӕ се ’мбӕлттӕй ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕй нӕ кӕнынц. Гӕнӕн ис, афтӕ куыд рауайа, ӕмӕ не ’мбӕлттӕй ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕнын райдайӕм?

13 Хатт афтӕ рауайы, ӕмӕ, нӕхи дӕр нӕ фӕндыд, афтӕмӕй кӕмӕйдӕр ӕвзӕр цыдӕртӕ фӕдзырдтам ӕмӕ йӕ иннӕты цӕсты бафтыдтам. Ахъуыды-ма кӕнӕм ахӕм уавӕртыл: 1) хо пионерӕй нал лӕггад кӕны, 2) лӕг ӕмӕ ус Вефилы нал лӕггад кӕнынц, 3) ӕфсымӕр хистӕр нӕлгоймаг кӕнӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр нал у. Раст нӕ уыдзӕн иннӕтӕн куы дзурӕм, зӕгъгӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хо кӕнӕ уыцы ӕфсымӕр ӕвзӕр цыдӕр сарӕзтой, ӕмӕ сӕ лӕггады ивындзинӕдтӕ уый тыххӕй ӕрцыд. Сӕ хабар афтӕ цӕмӕн рауад, уый тыххӕй алцы нӕ зонӕм. Стӕй нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕйы уазӕг «иннӕмӕн ӕвзӕрдзинад нӕ аразы ӕмӕ йе ’мбалӕй ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ нӕ кӕны».

Иннӕтӕй ӕвзӕр цыдӕртӕ куы дзурӕм, уӕд-иу, гӕнӕн ис, нӕ ныхас фыдкоймӕ рахиза (кӕс 12, 13 абзацтӕ)


ЙЕГЪОВӔЙӔ ЧИ ТӔРСЫ, УЫДОНӔН КАД КӔН

14. Куыд ис базонӕн, адӕймаг ницӕйаг у ӕви нӕ?

14 Псалом 15:4 фыст ис, Йегъовӕйы хӕлары цӕсты «ницӕйаг адӕймаг... ӕгад» кӕй у. Куыд ис базонӕн, адӕймаг ницӕйаг у ӕви нӕ? Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ уый нӕхи бон нӕу аскъуыддзаг кӕнын. Кӕимӕдӕр нын ӕнцон вӕййы, ӕмӕ ахӕм адӕймаг нӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуы. Кӕмӕдӕр та мӕсты фӕкӕнӕм, ӕмӕ уый тыххӕй, гӕнӕн ис, афтӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ ницӕйаг у. Уӕдӕ ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы бон у зӕгъын, адӕймаг ницӕйаг кӕй у. Ӕмӕ нын ахӕм адӕймагимӕ хъуамӕ иумӕйагӕй мацы уа (1 Кор. 5:11). Ахӕм адӕммӕ хауынц, йӕ тӕригъӕдтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, нӕ динӕй йе сӕфт чи уыны ӕмӕ нӕ Йегъовӕйӕ адард кӕнынмӕ чи хъавы, уыдон (Ӕмб. 13:20).

15. «Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдонӕн» кӕй кад кӕнӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

15 Дарддӕр Псалом 15:4 стихы фыст ис, «Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдонӕн» кӕй хъуамӕ кад кӕнӕм. Уымӕ гӕсгӕ мах Йегъовӕйы хӕлӕртты нымайӕм ӕмӕ сӕм вӕййӕм хӕларзӕрдӕ (Ром. 12:10). Уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг? Псалом 15:4 стихы фыст ис, Йегъовӕйы уазӕг, «йӕ сомыйӕ йӕхицӕн зиан куы уа, уӕд дӕр йӕ ныхас [кӕй] нӕ ивы». Нӕ ныхас куы фӕсайӕм, уӕд иннӕты зӕрдӕ фӕриссын кӕнӕм (Матф. 5:37). Зӕгъӕм, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ, сӕ цардӕмбӕлттӕн цы дзырд раттынц, уый ӕххӕст кӕной. Стӕй йын ӕхсызгон вӕййы, ныййарджытӕ дӕр, сӕ сывӕллӕттӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрынц, уый куы сӕххӕст кӕнынц. Йегъовӕйы ӕмӕ иннӕты кӕй уарзӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй-иу нӕ ныхас сӕххӕст кӕнӕм.

16. Ноджыдӕр ма цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, Йегъовӕйы хӕлӕрттӕн кӕй кад кӕнӕм?

16 Йегъовӕйы хӕлӕрттӕн кӕй кад кӕнӕм, уый ма равдисдзыстӕм, уазӕгуарзон ӕмӕ рӕдау куы уӕм, уымӕй (Ром. 12:13). Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ рӕстӕг куы ӕрвитӕм, уӕд-иу кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр суыдзыстӕм, стӕй-иу Йегъовӕмӕ дӕр баввахсдӕр уыдзыстӕм. Уымӕй уӕлдай, уазӕгуарзон куы уӕм, уӕд фӕзмдзыстӕм Йегъовӕйы.

ӔХЦАУАРЗАГ МА У

17. 15-ӕм псаломы ӕхцайы кой цӕмӕн ис?

17 Псалом 15:5 стихы кӕсӕм, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы уазӕг «ӕфстау проценттыл нӕ дӕтты ӕмӕ ӕнаххос адӕймаджы фӕаххосджын кӕныны тыххӕй гӕртам нӕ исы». Ацы цыбыр псаломы ӕхцайы кой цӕмӕн ис? Уымӕн ӕмӕ, ӕхцауарзаг куы уӕм, уӕд, гӕнӕн ис, афтӕ рауайа, ӕмӕ нын ӕхца адӕмӕй ӕмӕ суанг Хуыцауӕй ахсджиагдӕр суа (1 Тим. 6:10). Раджы заман-иу чидӕртӕ сӕ мӕгуыр ӕфсымӕртӕн ӕхца ӕфстау проценттыл лӕвӕрдтой, ӕмӕ-иу афтӕмӕй схъӕздыг сты. Стӕй-иу тӕрхонгӕнджытӕй чидӕртӕ гӕртӕмттӕ истой, ӕмӕ-иу стӕй ӕнаххос адӕмы аххосджыныл банымадтой. Йегъовӕ ахӕм хъуыддӕгтӕй йе сӕфт уыны (Йез. 22:12).

18. Цавӕр фарстатыл хъӕуы ахъуыды кӕнын, цӕмӕй базонӕм, ӕхцамӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый? (Дзуттӕгтӕм 13:5).

18 Хорз уаид куы ахъуыды кӕниккам, ӕхцамӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Ӕхцайыл ӕмӕ сӕ цӕуыл бахардз кӕндзынӕн, ууыл арӕх фӕхъуыды кӕнын? Искӕмӕй ӕхца ӕфстау куы райсын, уӕд ын сӕ уайтагъд раттын ӕви афтӕ фӕхъуыды кӕнын, цӕй, стӕй йын сӕ ратдзынӕн, уӕддӕр ӕхцахъуаг нӕу? Ӕхца мӕм кӕй ис, уый тыххӕй мӕхи иннӕтӕй хуыздӕрыл нымайын? Зын мын вӕййы, цӕмӕй рӕдау уон? Кӕд хомӕ кӕнӕ ’фсымӕрмӕ бирӕ ӕхца ис, уӕд афтӕ фӕхъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, ай ӕхца йеддӕмӕ ницы хъӕуы? Мыййаг, ӕрмӕст хъӕздгуытимӕ лымӕн кӕнын мӕгуыртӕй та мӕхи дард ласын?» Йегъовӕ нӕ стыр кады аккаг скодта – йӕ цатыры нӕ суазӕг кодта. Ӕмӕ цӕмӕй алкӕддӕр йӕ уазджытӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕхцауарзаг ма уӕм. Уӕд нӕ Йегъовӕ никуы ныууадздзӕн! (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:5.)

ЙЕГЪОВӔ ЙӔ ХӔЛӔРТТЫ УАРЗЫ

19. Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй 15-ӕм псаломы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ архайӕм?

19 15-ӕм псалом фӕвӕййы ахӕм ныхӕстӕй: «Афтӕ чи кӕны, уый никуы фӕцуддзӕн» (Пс. 15:5). Ацы ныхӕстӕй псаломзарӕггӕнӕг бамбарын кодта, Йегъовӕйы цӕмӕн фӕнды, цӕмӕй, ацы псаломы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ архайӕм. Уый фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм. Йегъовӕ нын цы дзуры, уый куы аразӕм, уӕд нын арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ нӕ хъахъхъӕндзӕн (Ис. 48:17).

20. Йегъовӕйы уазджытӕм цавӕр фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

20 Йегъовӕйы уазджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы рухс фидӕн! Сӕрст чырыстӕттӕ цӕрдзысты уӕлӕрвты. Уым сын Йесо бирӕ «бынӕттӕ» ӕрцӕттӕ кодта (Иоан. 14:2). Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон та тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, Раргомад 21:3 стихы цы зӕрдӕвӕрд ис, уый кӕд сӕххӕст уыдзӕн, уымӕ. Цӕй стыр кад нӕм ӕрхауд – Йегъовӕ нӕ йӕ цатыры суазӕг кодта ӕмӕ стӕм йӕ хӕлӕрттӕ! Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм йӕ цатыры уӕм!

39 ЗАРӔГ Хуыцауы раз хорз ном скӕнӕм