Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

«Иу аз дӕр нал фӕцӕрдзынӕ»

Закеус Мартин

«Иу аз дӕр нал фӕцӕрдзынӕ»
  • РАЙГУЫРД: 1880 азы.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1942 азы.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта, 72 азы йыл куы цыд, уӕд.

ЗАКЕУСИМӔ Библи никуы ничи ахуыр кодта. Фӕлӕ йын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы дыууӕ чиныджы радтой, уыдон куы бакаст, уӕд бамбӕрста, рӕстдзинад кӕй ссардта.

1941 азы иу хуыцаубон райсомӕй Закеус фыццаг хатт ацыд Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ. Уырдӕм ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ цӕуын хъуыди 8 километры бӕрзонд хохы сӕрты. Закеус нӕ зыдта, ӕмбырд кӕд райдайдзӕн, уый ӕмӕ цалдӕр сахаты раздӕр ӕрцыд. Сбадт ӕмӕ ӕфсымӕртӕм ӕнхъӕлмӕ каст. Паддзахады залмӕ ӕмбырдмӕ ӕртӕ хуыцаубоны куы ацыд, уӕд англиканон аргъуаны чиныгӕй йӕ ном ахахх кӕнын кодта.

Аргъуанмӕ кӕимӕ цыд, уыцы ӕмбал ӕм хыл кодта: «Уӕртӕ зӕронд, уыцы адӕмы залмӕ ма дарддӕр дӕр дыууӕрдӕм ацы бӕрзонд хохы сӕрты 8 километры куы цӕуай, уӕд иу аз дӕр нал фӕцӕрдзынӕ». Уый фондз азы дӕргъы уыдта, Закеус къуыри дыууӕ хатты хохыл уӕлӕмӕ-дӕлӕмӕ куыд цыд. Фӕлӕ уыцы ӕмбал йӕхӕдӕг амарди! 25 азы фӕстӕ дӕр ма Закеус саг-сӕгуыты хуызӕн уыд.

Закеус Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй фӕлӕггад кодта йӕ мӕлӕты онг. Амарди 97-аздзыдӕй.