Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

Бафӕндыд сӕ бакӕсын

Бафӕндыд сӕ бакӕсын

1956 азы Фритауны ӕфсымӕртӕ бакастысты киномӕ «Ног дунейы чи цӕры, уыцы адӕм». Стӕй ныффыстой:

«Фритауны баххуырстам ӕппӕты стырдӕр зал ӕмӕ байуӕрстам иу мин хуынды гӕххӕтты. Мӕт кодтам, цас адӕм нӕм ӕрбацӕудзӕн, ууыл. Кинойы райдианмӕ ма ӕрдӕг сахат куы хъуыди, уӕд дзы уыди ӕрмӕстдӕр 25 адӕймаджы. Стӕй 15 минутмӕ ӕрбацыд 100 адӕймагӕй фылдӕр. Фӕстагмӕ залы 500 бынатӕй иу афтид бынат дӕр нал баззад. Сӕдӕ адӕймаджы та кодтой лӕугӕ. Ӕмӕ ма 500 та ӕддейӕ лӕууыдысты, уымӕн ӕмӕ дзы бынат нӕ уыд. Цымӕ иннӕ сеансмӕ фӕлӕудзысты? Уыдон „о“ загътой ӕмӕ банхъӕлмӕ кастысты, кӕд къӕвда уарыд, уӕддӕр!»

Бирӕ азты дӕргъы ӕгас Сьерра-Леонейы 80 мин адӕймагӕй фылдӕр бакастысты уыцы киномӕ ӕмӕ ма ӕндӕртӕм дӕр.