Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

Йегъовӕ мын баххуыс кодта

Джей Камбелл

Йегъовӕ мын баххуыс кодта
  • РАЙГУЫРД: 1966 азы.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1986 азы.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: у полиомелитӕй рынчын, сси ӕххӕстрӕстӕг пионер.

МӔ ГЫЦЦЫЛӔЙ фӕстӕмӕ астӕуӕй дӕлӕмӕ уыдтӕн сахъат. Мӕ мадимӕ цардыстӕм, Фритауны цы зӕронд хӕдзӕрттӕ уыди, уым цалдӕр тынг мӕгуыр бинонтимӕ. 18 азы дӕргъы ӕддӕмӕ рацӕуын мӕ ныфс бахастон ӕрмӕстдӕр иу хатт, уымӕн ӕмӕ ӕфсӕрмы кодтон, стӕй тарстӕн, иннӕтӕ мӕм цы цӕстӕй ракӕсдзысты, уымӕй.

18 азы мыл куы цыди, уӕд, кӕм цардыстӕм, уырдӕм ӕрбацыд миссионер Полинӕ Ландис ӕмӕ мын Библи ахуыр кӕныны тыххӕй загъта. Куы йын загътон, зӕгъгӕ, кӕсын ӕмӕ фыссын нӕ зонын, уӕд мын загъта, кӕй мӕ сахуыр кӕндзӕн. Ӕмӕ ӕз дӕр сразы дӕн.

Библийӕ цы базыдтон, уый мын мӕ зӕрдӕ циндзинадӕй байдзаг кодта. Иу бон Полинӕйӕн загътон, кӕй мӕ фӕнды ацӕуын, ӕмбырды фембӕлд кӕм вӕййы, уыцы хӕдзармӕ, махӕй иу уынг дарддӕр. Ӕз ын загътон: «Мӕ хъӕдын къуыдыртыл ацӕудзынӕн».

Полинӕ мӕм куы ’рбацыд, уӕд нӕм мӕ мад ӕмӕ мӕ сыхӕгтӕ тарстхуызӕй кастысты. Мӕ хъӕдын къуыдыртӕ райстон ӕмӕ сӕ зӕххыл ӕрӕвӕрдтон. Стӕй сыл мӕхи ӕруагътон ӕмӕ ацыдтӕн. Кӕрты куы фӕцӕйцыдтӕн, уӕд мӕ сыхӕгтӕ Полинӕйыл хъӕр кодтой: «Ды йӕ тыххӕй кӕныс. Раздӕр дӕр архайдта цӕуын, фӕлӕ йӕ бон нӕ баци».

– Джей, фӕнды дӕ ацӕуын? – фӕлмӕнӕй мӕ бафарста Полинӕ.

– О, фӕнды мӕ,– дзуапп ын радтон ӕз.

Мӕ сыхӕгтӕ ӕнӕдзургӕйӕ кастысты, дуармӕ куыд бахӕццӕ дӕн, уымӕ. Нӕ кӕртӕй куы рахызтӕн, уӕд тынг нымдзӕгъд кодтой.

Куыд тынг фӕцыд уыцы фембӕлд мӕ зӕрдӕмӕ! Фӕстӕдӕр сфӕнд кодтон, Паддзахады залмӕ кӕй ацӕудзынӕн. Уый тыххӕй та мӕ хъуыди уынджы кӕронмӕ «ацӕуын», уым таксийы сбадын, уый фӕстӕ та мӕ хъуамӕ ӕфсымӕртӕ къуылдымы хӕрдмӕ схастаиккой. Арӕх-иу ӕрбацыдтӕн хуылыдз ӕмӕ чъизийӕ, ӕмӕ-иу залы мӕ дзаумӕттӕ раивтон. Фӕстӕдӕр мын Швейцарийӕ иу хӕларзӕрдӕ хо инвалидты коляскӕ ӕрӕрвыста. Уый фӕрцы мӕ бон уыди ӕнӕ тухитӕй цӕуын.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй ма инвалид чи у, уыдоны тыххӕй-иу куы кастӕн, уӕд-иу мӕ бафӕндыд Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнын. 1988 азы райдыдтон ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын. Мӕ разы сӕвӕрдтон нысан – мӕ бинонтӕй кӕнӕ нӕ сыхӕй искӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг суа. Ӕмӕ-иу уый тыххӕй куывтон. Мӕ куывдтытӕн дзуапп райстон, мӕ хӕрӕфырттӕй дыууӕйӕ ӕмӕ, уынджы кӕмӕн хъусын кодтон, иу ахӕм сылгоймаг рӕстдзинад куы базыдтой, уӕд.

Ныр мӕ къухты хъару нал ис ӕмӕ ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй мӕ бон нал у цӕуын, ӕмӕ мӕ иннӕтӕ фӕласынц. Тыхсын ма, ӕдзухдӕр мын рыстытӕ кӕй вӕййы, уымӕй дӕр. Фӕлӕ мӕ рыстӕн иу хос ссардтон – иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын. Уыцы хъуыддаг мын цы циндзинад хӕссы, уый фӕрцы мӕ мӕ рыстытӕ айрох вӕййынц ӕмӕ мын фенцондӕр вӕййы. Йегъовӕ мын баххуыс кодта ӕмӕ ныр зонын, цӕмӕн цӕрын, уый.