Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

1991–2001 Хъизӕмӕрттӕ «тайынгӕнӕн пецы» (Ис. 48:10) (1 хай)

1991–2001 Хъизӕмӕрттӕ «тайынгӕнӕн пецы» (Ис. 48:10) (1 хай)

Хӕст

1980 азты Ныгуылӕн Африкӕйы ӕхсӕнады, политикӕйы ӕмӕ экономикӕйы цы зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстой, уыдон хӕст расайдтой. Хӕсты рӕстӕг Либери куы ныппырх, уӕд йӕ цӕрджытӕй бирӕтӕ Сьерра-Леонемӕ алыгъдысты. Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй чи алыгъд, уыдоны филиал ӕрцӕрын кодта Ӕвдисӕнты хӕдзӕртты ӕмӕ Паддзахады залты. Ӕфсымӕртӕ сын тынг баххуыс кодтой.

Кӕд уӕззау рӕстӕджытӕ уыдысты, уӕддӕр-иу хатт худӕг хабӕрттӕ дӕр ӕрцыд. Изольдӕ Лоренц бирӕ рӕстӕг лӕггад кодта миссионерӕй ӕмӕ радзырдта ахӕм хабар: «Иу гыццыл лӕппуйы йӕ фыд арвыста, филиалы территорийы чи уыд, уыцы Паддзахады залмӕ, цӕмӕй, залы фӕстӕ дыргъдоны цы пец уыд, ууыл хӕринаг схъарм кодтаид. Лӕппу куы ’рбаздӕхт, уӕд йӕ фыдӕн загъта, абон сын хӕринаг кӕй нӕ уыдзӕн. Фыд ӕй бафарста, цӕуылнӕ, зӕгъгӕ. Лӕппу йын загъта: „Абон мӕ Йегъовӕ домбайы дзыхӕй фервӕзын кодта!“ Цымӕ ӕцӕгӕй та цы ’рцыд? Лӕппу хӕринаг куы рацӕйхаста, уӕд йӕ размӕ фӕци, филиалы цы немыцаг фыййау куыдз уыд, уый. Куыдз хуынди Лобо ӕмӕ уыди стыр, фӕлӕ хӕцгӕ нӕ кодта. Лӕппу дзы тынг фӕтарст. Цӕмӕй йӕм куыдз хӕстӕг ма бацыдаид, уый тыххӕй йӕ къухтӕ размӕ айвӕзта, йӕ къухты та тӕбӕгъы уыд хӕринаг. Куыдзмӕ афтӕ фӕкаст, ӕмӕ йын лӕппу хӕринаг дӕтты. Ӕмӕ йӕ Лобо дӕр ахордта!»

1991 азы 23 мартъийы Либерийы хӕст бахӕццӕ Сьерра-Леонемӕ дӕр ӕмӕ райдыдта, 11 азы чи ахаста, уыцы хӕст. Уыди дзы змӕнтджыты къорд, хуынди Иугонд революцион фронт (ИРФ). Уыдон тагъд бахӕццӕ сты Кайлахунмӕ ӕмӕ Коиндумӕ, ӕмӕ цӕрджытӕн сӕ фылдӕр Гвинеймӕ лидзӕг фесты. Чи алыгъд, уыдонӕй 120 уыдысты нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ. Уыцы рӕстӕг, Либерийӕ чи алыгъд, уыцы Ӕвдисӕнтӕ та змӕнтджыты разӕй фесты ӕмӕ Сьерра-Леонейы ӕрбынат кодтой.

Уыцы рӕстӕг филиалы Комитеты координатор Билл Коуан загъта: «Цалдӕр мӕйы дӕргъы Фритауны Вефилмӕ цыдысты фӕллад, лӕмӕгъ ӕмӕ ӕххормаг ӕфсымӕртӕ. Бирӕтӕ сӕ сӕхи цӕстӕй федтой лӕгсырдты ӕгъатыр митӕ. Ӕмӕ ӕххормагӕй нӕ амардысты, хъӕды кӕрдӕджытӕ кӕй хордтой, уый фӕрцы. Мах сын уайтагъд бахӕрын кодтам, дзаумӕттӕ сын радтам ӕмӕ батыхстыстӕм, семӕ сӕ хӕстӕджытӕй ӕмӕ, Библи кӕимӕ ахуыр кодтой, уыдонӕй чи уыд, уыдоныл дӕр. Бынӕттон хотӕ ӕмӕ сын ӕфсымӕртӕ зӕрдиагӕй баххуыс кодтой ӕмӕ сӕ сӕ хӕдзӕртты суазӕг кодтой. Чи ӕрлыгъд, уыцы Ӕвдисӕнтӕ уайтагъд райдыдтой хъусын кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕн ӕххуыс кӕнын. Фӕстӕдӕр сӕ фылдӕр сӕхимӕ аздӕхтысты, фӕлӕ цалынмӕ немӕ уыдысты, уӕдмӕ нӕ фидар кодтой!»

Сьерра-Леонейы хӕст цыди 11 азы

Удӕнцой ӕмӕ ныфсы хос уыдысты

Хуссар Гвинейы Ӕвдисӕнтӕй ӕрлидзӕггӕгты лагеры чи уыд, уыдонӕн филиал арвыста хӕринаг, хостӕ, аразӕн ӕрмӕг, кусӕнгӕрзтӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ. Стӕй ма сӕм фӕхӕццӕ кодтой, Францийӕ цы бирӕ дарӕс ӕрӕрвыстой, уый дӕр. Сывӕллӕттӕ кӕмӕн ис, иу ахӕм ӕфсымӕр ныффыста: «Мӕ сывӕллӕттӕ кафыдысты, зарыдысты ӕмӕ Йегъовӕйӕн бузныг дзырдтой. Ӕмбырдтӕм цӕуынӕн сын ног дзаумӕттӕ фӕзынд!» Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕ дзырдтой, уӕдмӕ сын ахӕм рӕсугъд дзаумӕттӕ кӕй никуы уыд!

Фӕлӕ чи ралыгъд, уыдоны ноджы тынгдӕр хъуыди ӕндӕр ӕххуыс. Йесо загъта: «Адӕймаг афтид дзулӕй нӕ цӕры, фӕлӕ цӕры Йегъовӕйы дзыхӕй рацӕугӕ алы дзырдӕй дӕр» (Матф. 4:4). Уымӕ гӕсгӕ сын филиал арвыста Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ ӕмӕ бацархайдта, цӕмӕй дзы ӕдзухдӕр конгресстӕ уыдаид. Уырдӕм ма арвыстой пионерты ӕмӕ цӕуӕг цӕстдарджыты дӕр.

Районон цӕстдарӕг Андре Барт горӕт Кундумӕ (Гвиней) куы ӕрцыд, уӕд ӕрлидзӕггӕгты лагеры хицаумӕ бацыд ӕмӕ йӕ уый йӕ лагермӕ фӕхуыдта, цӕмӕй сын Библийӕ раныхас бакастаид. 50 адӕймаджы бӕрц байхъуыста Андрейы раныхасмӕ «Дӕхи Йегъовӕйы уазӕг бакӕн», арӕзт уыд 18 псаломыл. Раныхас куы фӕци, уӕд ӕм иу ацӕргӕ сылгоймаг ӕфсӕрмыгӕнгӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: «Нӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕй. Пырындзы къус нӕ нӕ зындзинӕдтӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ Библийӕ базыдтам, нӕ ныфс Хуыцауыл куыд дарӕм, уый. Зӕрдӕбынӕй дын бузныг зӕгъӕм, удӕнцой нын кӕй ӕрхастай ӕмӕ нӕ ныфс кӕй бауагътай, уый тыххӕй».

Миссионертӕ Уилльям ӕмӕ Клоди Слотеры арвыстой Гекедумӕ (Гвиней). Уыцы ӕмбырды уыди 100 адӕймагӕй фылдӕр, се ’ппӕт дӕр уыдысты лыгъд адӕм ӕмӕ сӕ удӕй арт уагътой (Ром. 12:11). Уилльям загъта: «Ӕрыгон ӕфсымӕртӕй бирӕтӕн сӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кодта. Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы-иу искӕмӕн йӕ хӕслӕвӕрд бацӕттӕ кӕнын йӕ бон куы нӕ уыд, уӕд-иу 10–15 ӕрыгон ӕфсымӕры цӕттӕ уыдысты йӕ бӕсты уыцы хӕслӕвӕрд радзурынмӕ. Тынг бирӕтӕ зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой. Фӕстӕдӕр уыцы зынгзӕрдӕ ӕрыгон ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ райдыдтой сӕрмагонд пионертӕй ӕмӕ цӕуӕг цӕстдарджытӕй лӕггад кӕнын».

Хӕсты рӕстӕг арӕзтад

Хӕсты райдианы Фритауны ӕфсымӕртӕ балхӕдтой 0,6 гектары зӕхх Уилкинсон-роуды, 133. Уыцы зӕхх филиалӕй уыд цалдӕр сӕдӕ метры дӕлдӕр. Алфред Ганн загъта: «Мах фӕндыд уыцы бынаты ног Вефил саразын, фӕлӕ хӕст кӕй цыди, уымӕ гӕсгӕ дызӕрдыг кодтам. Уыцы рӕстӕг нӕм Разамонӕг советӕй ӕрцыд Ллойд Бэрри ӕмӕ йын нӕ фӕндты тыххӕй загътам. Ӕфсымӕр Бэрри нын загъта: „Хӕстыты тыххӕй нӕхи къуылымпы кӕнын куы уадзӕм, уӕд нын никуы ницы бантысдзӕн!“ Йӕ ныхӕстӕ нӕ ныфс бауагътой ӕмӕ куыстмӕ бавнӕлдтам».

Арӕзтады архайдтой сӕдӕгай ӕфсымӕртӕ, уыимӕ 12 бӕстӕйӕ 50 ӕххуысгӕнӕгӕй фылдӕр, стӕй ма бынӕттон ӕмбырдтӕй дӕр бирӕтӕ. Арӕзтад райдыдта 1991 азы майы. Арӕзтады цӕстдарӕг Том Болл загъта: «Адӕм дис кодтой, нӕхӕдӕг цы блоктӕ арӕзтам, уыдон куыд хорз уыдысты, ууыл. Уыцы бӕстӕйы ӕфсӕйнаг конструкцийӕ агъуыстытӕ нӕ уыд. Фӕлӕ адӕм ӕппӕты тынгдӕр дис кодтой, урсцъар фӕсарӕйнӕгтӕ ӕмӕ бынӕттон сауцъар адӕймӕгтӕ иумӕ куыд хъӕлдзӕгӕй куыстой, ууыл».

1997 азы 19 апрелы алыхуызон адӕмыхӕттытӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй ног Вефилы агъуыстытӕ Йегъовӕйӕн снывонд кодтаиккой, ӕмӕ уыцы хабарыл тынг цин кодтой. Уымӕй иу мӕйы фӕстӕ, ИРФ Фритаунмӕ бабырста, уыцы карз ӕмӕ тугкалӕн хӕст уӕдмӕ дӕр цыди фондз азы.

Фритауны филиал аразынц; филиал абон

Хӕст Фритауны

ИРФ-ы мингай хӕстонтӕн сӕ сӕртӕ уыдысты хъуынджын ӕмӕ сыл уыд сырх бӕттӕнтӕ баст. Уыдон горӕтмӕ бабырстой ӕмӕ адӕмы стыгътой, тыхми сын кодтой ӕмӕ сӕ мардтой. Алфред Ганн загъта: «Ӕнахуыр уӕззау уавӕры бахаудыстӕм. Фӕсарӕйнаг миссионертӕн сӕ фылдӕр уайтагъд горӕтӕй алыгъдысты. Фӕстагмӕ хъуамӕ ацыдаиккой Билл ӕмӕ Сандрӕ Коуан, Джимми ӕмӕ Джойс Холленд, стӕй мах Кэтринимӕ.

Уый размӕ бынӕттон вефилӕгтӕй баззайын кӕй бафӕндыд, уыдонимӕ Хуыцаумӕ скуывтам, стӕй алыгъдыстӕм, адӕмы эвакуаци кӕцӕй кодтой, уырдӕм. Фӕндагыл нӕ баурӕдтой расыг ӕмӕ, знӕт каст чи кодта, 20 ахӕм ӕфсӕддоны. Журналтӕ ӕмӕ сын ӕхца куы радтам, уӕд нӕ ауагътой. Фӕндагыл баиу стӕм, чи ма лыгъди, ахӕм адӕмимӕ, уыдысты иу минӕй фылдӕр. Бахӕццӕ стӕм, АИШ-ы гӕрзифтонг ӕфсӕддон-денджызон салдӕттӕ кӕм лӕууыдысты, уыцы постмӕ. Уым нӕ сбадын кодтой ӕфсӕддон вертолетыл ӕмӕ нӕ баластой АИШ-ы ӕфсӕддон наумӕ денджызы астӕумӕ. Фӕстӕдӕр нын науы афицертӕй иу загъта, зӕгъгӕ, Вьетнамы хӕстӕй фӕстӕмӕ АИШ-ы ӕфсӕддон-денджызон наутӕ уыйбӕрц адӕмы эвакуаци никуы кодтой. Дыккаг бон вертолетыл атахтыстӕм Конакримӕ (Гвиней). Уый фӕстӕ уым рӕстӕгмӕ сарӕзтам филиал».

Алфред ӕмӕ Кэтрин Ганн уыдысты, эвакуаци кӕй кодтой, уыцы адӕмы ’хсӕн

Миссионертӕ тынг тыхстысты Фритаунӕй хабӕрттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ. Ӕппынфӕстаг писмо райстой. Фыст дзы уыди: «Кӕд змӕст рӕстӕг у, уӕддӕр парахат кӕнӕм Паддзахады хабар № 35 „Цымӕ искуы ӕппӕт адӕм кӕрӕдзи уарздзысты?“. Адӕм нӕм тынг хорз хъусынц, суанг ма змӕнтджытӕй дӕр чидӕртӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Мах фӕнды ноджы фылдӕр хъусын кӕнын».

Районон цӕстдарӕг Джонатан Мбома загъта: «Мах Фритауны суанг иубонон конгресс дӕр ауагътам. Программӕ нын нӕ уырнындзинад тынг бафидар кодта, ӕмӕ ма Бо ӕмӕ Кенемамӕ дӕр ацыдтӕн, цӕмӕй ма йӕ уым дӕр ауагътаин. Хӕст кӕм цыд, уыцы горӕтты ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйӕн бузныг дзырдтой, сӕ уырнындзинад бафидар кӕнынӕн сын диссаджы хӕринаг кӕй ӕрцӕттӕ кодта, уый тыххӕй.

1997 азы кӕрон нын Фритауны Националон стадионы уыди облӕстон конгресс. Фӕстаг бон змӕнтджыты ӕфсӕддонтӕ стадионмӕ бабырстой ӕмӕ нын загътой, цӕмӕй ацыдаиккам. Мах сын балӕгъстӕ кодтам, цӕмӕй нӕ программӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын бауагътаиккой. Бирӕ радзур-бадзуры фӕстӕ фӕфӕлмӕндӕр сты ӕмӕ нӕ ныууагътой. Конгрессы уыди иу мин адӕймагӕй фылдӕр, 27 адӕймаджы та донаргъуыд райстой. Цалдӕр ӕфсымӕры, кӕд сӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр Бомӕ ацыдысты ӕмӕ ма конгрессы программӕмӕ ноджы иу хатт байхъуыстой. Цӕй диссаджы конгресстӕ уыдысты!»