Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

Сывӕллонӕй – салдат, стырӕй та – пионер

Сывӕллонӕй – салдат, стырӕй та – пионер

ЗМӔНТДЖЫТЫ къорд мӕ се ’фсадмӕ тыххӕй куы бакодтой, уӕд мыл цыди 16 азы. Наркотиктӕ ӕмӕ мӕ нуӕзтыл сахуыр кодтой, ӕмӕ-иу арӕх хӕцынмӕ ацыдтӕн, наркотиктӕ-иу скодтон, афтӕмӕй. Тынг бирӕ тохты хӕцыдтӕн ӕмӕ бирӕ ӕгъатыр митӕ фӕкодтон. Афтӕ кӕй кодтон, уый тыххӕй абон дӕр мӕхи фӕсмонӕй хӕрын.

Иубон иу ацӕргӕ Ӕвдисӕн нӕ баракты хъусын кодта. Адӕмӕн сӕ фылдӕр махӕй, змӕнтджытӕй, тарстысты ӕмӕ нӕ сӕ удхӕссӕг уыдтой, фӕлӕ уый ӕрбацыд, цӕмӕй нын Хуыцауы тыххӕй радзырдтаид. Ӕмбырды фембӕлдмӕ мӕ куы фӕхуыдта, уӕд ӕз дӕр ацыдтӕн. Цӕуыл дзы дзырдтой, уый нал хъуыды кӕнын, фӕлӕ хорз бахъуыды кодтон, зӕрдиагӕй мыл кӕй бацин кодтой, уый.

Хӕст куы стынг, уӕд Ӕвдисӕнтӕй фӕхицӕн дӕн. Уый фӕстӕ уӕззау цӕф фӕдӕн ӕмӕ мӕ арвыстой, змӕнтджыты къухы цы территори уыд, уырдӕм. Хӕст куы фӕуд кодта, уӕд алыгътӕн, хицауады дӕлбар цы территори уыд, уырдӕм. Уыцы рӕстӕг хицауад змӕнтджытӕн бар радта, цӕмӕй сӕ хӕцӕнгарз радтаиккой ӕмӕ фӕстӕмӕ сабыр цард кӕнын райдыдтаиккой.

Хуыцауы тыххӕй мӕ фылдӕр базонын афтӕ тынг фӕндыд, ӕмӕ мӕхицӕн бынат дӕр нӕ ардтон. Райдыдтон пятидесятникты аргъуанмӕ цӕуын, фӕлӕ мӕ уыдон фӕсномыгӕй хуыдтой «Хӕйрӕг»! Ӕмӕ ӕз дӕр райдыдтон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты агурын. Куы сӕ ссардтон, уӕд райдыдтон Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын. Мӕ фыдхъуыддӕгтӕ ӕфсымӕртӕн куы раргом кодтон, уӕд мын бакастысты Йесойы зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ: «Дохтыр рынчынты хъӕуы, ӕнӕниз чи у, уыдоны нӕ, фӕлӕ. [...] ...Ӕз рӕстгӕнджыты ӕрхонынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ тӕригъӕдджынты» (Матф. 9:12, 13).

Уыцы ныхӕстӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынг бахъардтой! Мемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыцы ӕфсымӕрмӕ мӕ хъама радтон ӕмӕ йын загътон: «Ацы хъамайы фӕрцы мӕхи хъахъхъӕдтон ме знӕгтӕй. Фӕлӕ йӕ ныр зонын, Йегъовӕ ӕмӕ мӕ Йесо кӕй уарзынц, ӕмӕ мӕ нал хъӕуы».

Ӕфсымӕртӕ мӕ кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр кодтой. Ӕппынфӕстаг донаргъуыд райстон ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг пионер сдӕн. Ныр раздӕры змӕнтджытӕй искӕмӕн Хуыцауы тыххӕй куы фӕдзурын, уӕд мӕ раппӕлынц, мӕ бон кӕй сси мӕ цард фӕивын, уый тыххӕй. Суанг ма мӕ раздӕры къорды хистӕримӕ дӕр Библи ахуыр кодтон.

Салдат ма куы уыдтӕн, уӕд мын райгуырд ӕртӕ фырты. Рӕстдзинад куы базыдтон, уӕд мӕ бафӕндыд, цӕмӕй уыдон дӕр Хуыцаумӕ баввахс уыдаиккой. Хур мыл ракаст, мӕ фырттӕй дыууӕйӕ рӕстдзинады фӕндагыл куы слӕууыдысты, уӕд! Ныр мӕ фырттӕй иу у ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг, ӕмӕ мӕ хистӕр фырт та у ӕххуысгӕнӕг пионер.