Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы лӕг

Джеймс Корома

Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы лӕг
  • РАЙГУЫРД: 1966 азы.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1990 азы.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: хӕсты рӕстӕг уыди курьер.

1997 азы Фритауны змӕнтджытӕ ӕмӕ хицауады ӕфсад куы хӕцыдысты, уӕд ӕз сразы дӕн, цӕмӕй Фритаунӕй Конакримӕ (Гвиней) литературӕ ластаин. Филиал рӕстӕгмӕ уым уыди.

Горӕты автобусты вокзалы нӕлгоймӕгты къордимӕ автобусы сбадтӕн. Дардӕй нӕм гуыппытӕ хъуыстысты ӕмӕ нӕ тас уагътой. Горӕты уынгты куыд фӕцӕйцыдыстӕм, афтӕ нӕ алыварс хӕлын райдыдтой сармадзанты нӕмгуытӕ. Нӕ шофыр фӕзылди ӕмӕ ӕндӕр фӕндагыл ацыд. Иуцасдӕр куы ацыдыстӕм, уӕд нӕ змӕнтджыты къорд баурӕдта ӕмӕ нӕ автобусӕй рахизын кодтой. Цӕмӕйдӕрты нӕ бафарстой ӕмӕ нӕ стӕй ауагътой. Фӕстӕдӕр нӕ баурӕдта ӕндӕр ӕфсӕддонты къорд. Нӕ бӕлццӕттӕй сын иу сӕ командиры зыдта, ӕмӕ нӕ уыдон дӕр ауагътой. Горӕты кӕрон ма сӕмбӕлдыстӕм змӕнтджыты ӕртыккаг къордыл дӕр. Уыдон дӕр нӕм фарстатӕ радтой, ӕмӕ нӕ ауагътой. Цӕгатырдӕм фӕндагыл цӕугӕйӕ ма бирӕ постытыл ахызтыстӕм, афтӕмӕй изӕры Конакримӕ рыгӕйдзаг автобусыл бахӕццӕ стӕм.

Фӕстаг балцыты рӕстӕг къоппыты ластон литературӕ, офисы кусӕнгӕрзтӕ, филиалы документтӕ, хӕринаг ӕмӕ дзаумӕттӕ. Арӕхдӕр цыдтӕн машинӕйыл ӕмӕ гыццыл автобусты. Фӕлӕ-иу мӕ уаргъхӕсджыты ӕххуыс дӕр бахъуыд ӕмӕ-иу каноэтыл дӕр цыдтӕн, цӕмӕй-иу литературӕ уымӕл хъӕдты ӕмӕ цӕугӕдӕтты уылты аластаин.

Иухатт Фритаунӕй Конакримӕ дзауматӕ ластон гыццыл автобусы, ӕмӕ нӕ змӕнтджыты ӕфсӕддонтӕ арӕныл баурӕдтой. Иу мын дзы мӕ дзауматӕ басгӕрста ӕмӕ мӕ хынцфарст кӕнын райдыдта. Уыцы рӕстӕг змӕнтджыты ’хсӕн ауыдтон, скъолайы кӕимӕ ахуыр кодтон, уый. Ӕфсӕддонтӕ йӕ хуыдтой Хъӕддаг, сӕ къорды уымӕй ӕгъатырдӕр хуыз никӕмӕн уыд. Чи мӕ фарста, уымӕн загътон, зӕгъгӕ, Хъӕддагмӕ ӕрбацыдтӕн ӕмӕ йӕм стӕй фӕдзырдтон. Хъӕддаг мӕ уайтагъд базыдта ӕмӕ мӕм радугъ кодта. Кӕрӕдзийӕн фӕхъӕбыстӕ кодтам ӕмӕ фӕхудтыстӕм. Стӕй йӕхи фӕтызмӕг кодта ӕмӕ мӕ афарста:

– Истӕуыл тыхсыс?

– Гвинеймӕ ацӕуын мӕ фӕнды,– загътон ын ӕз.

Уый ӕфсӕддонтӕн уайтагъд бардзырд радта, цӕмӕй нын нӕ гыццыл автобус ма басгарой, афтӕмӕй нӕ посты уылты ауадзой.

Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ-иу мӕ уыцы посты ӕфсӕддонтӕ куы баурӕдтой, уӕд-иу мӕ Хъӕддаг алы хатт дӕр ауадзын кодта. Ӕфсӕддонтӕн-иу нӕ журналтӕ дӕр радтон, уыдон сӕ зӕрдиагӕй кастысты. Стӕй мӕ райдыдтой хонын «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» лӕг.