Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

Алмазтӕй бирӕ хуыздӕр

Тамбӕ Джосая

Алмазтӕй бирӕ хуыздӕр
  • РАЙГУЫРД: 1948 азы.

  • ДОНАРГЪУЫД РАЙСТА: 1972 азы.

  • ЙӔ ХАБӔРТТӔ ЦЫБЫРТӔЙ: рӕстдзинад базоныны размӕ куыста, алмазтӕ кӕм къахтой, ахӕм шахтӕйы. Ныр лӕггад кӕны Сьерра-Леонейы филиалы комитеты.

1970 азы куыстон Бритайнаг компанийы Тонгойы быдырты, Кенемайӕ цӕгатырдӕм алмазтӕй хъӕздыг бынаты. Сӕрибар рӕстӕг та-иу мӕхицӕн агуырдтон алмазтӕ. Куы-иу ссардтон, уӕд-иу мӕхи рӕсугъд сарӕзтон ӕмӕ-иу Кенемамӕ ацыдтӕн, цӕмӕй сӕ ауӕй кодтаин, стӕй-иу мӕ рӕстӕг дзӕбӕх арвыстон.

1972 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл фембӕлдтӕн ӕмӕ мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Фондз мӕйы фӕстӕ донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ уыдтӕн. Улӕфты бонтӕ мын кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ ме ’мкусӕгӕн загътон, цӕмӕй мӕ бӕсты бакуыстаид, ӕз та ацыдаин облӕстон конгресмӕ ӕмӕ донаргъуыд райстаин. Уый сразы, ӕрмӕст ын хъуамӕ къуырийы мызд радтаин. Фӕлӕ мӕнӕн донаргъуыд райсын ӕхцайӕ бирӕ зынаргъдӕр уыд, ӕмӕ сразы дӕн. Конгрессӕй куы ӕрыздӕхтӕн, уӕд мын загъта, ӕхца мӕ кӕй нӕ райсдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын раст хъуыддаг у. Ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ ме ’хцаджын куыст ныууагътон, цӕмӕй уӕлӕрвты хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнын райдыдтаин – сӕрмагонд пионерӕй лӕггад кодтаин (Матф. 6:19, 20).

18 азы дӕргъы нӕ бӕстӕйы бирӕ рӕтты лӕггад кодтон сӕрмагонд пионерӕй ӕмӕ районон цӕстдарӕгӕй. Уыцы рӕстӕг мӕ цард баиу кодтон Кристианӕимӕ, иузӕрдион ӕмӕ хорз ӕмбалимӕ. Цасдӕры фӕстӕ нын Хуыцау балӕвар кодта чызг Линетты.

Кӕддӕр бӕллыдтӕн алмазтӕ ссарынмӕ, фӕлӕ ссардтон бирӕ хуыздӕр цыдӕр – Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад

Сьерра-Леонейы хӕсты рӕстӕг Кристианӕимӕ пионертӕй лӕггад кодтам Бойы, уыцы бынат дӕр уыд алмазтӕй хъӕздыг. Уым мах ссардтам бирӕ ӕндӕр «алмазтӕ» – ӕцӕг чырыстон ахуыргӕнинӕгтӕ. Цыппар азмӕ не ’мбырд 60 проценты фӕфылдӕр. Ныр Бойы ис ӕртӕ диссаджы ӕмбырды.

2002 азы мӕ фӕхуыдтой Сьерра-Леонейы филиалы комитеты лӕггад кӕнынмӕ. Кристианӕимӕ цӕрӕм Вефилмӕ ’ввахс. Ӕз алы бон куыстмӕ фӕцӕуын, Кристианӕ та лӕггад кӕны сӕрмагонд пионерӕй. Линетт лӕггад кӕны Вефилы ӕмӕ тӕлмац кӕны крио ӕвзагмӕ.

Кӕддӕр бӕллыдтӕн алмазтӕ ссарынмӕ, фӕлӕ ссардтон бирӕ хуыздӕр цыдӕр – Йегъовӕйы тыххӕй рӕстдзинад. Стӕй ма Хуыцауӕн ссардтон 18 «алмазы» – ӕцӕг чырыстон ахуыргӕнинаджы. Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ мын уӕлдайджынтӕй раарфӕ кодта.