Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

2002–2013 Цы нын бантыст (1 хай)

2002–2013 Цы нын бантыст (1 хай)

«Йегъовӕ, бузныг дын!»

Уавӕр куы фӕхуыздӕр, уӕд хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕрыздӕхтысты, сӕ хӕдзӕрттӕй ма цы баззад, уырдӕм. Хӕсты рӕстӕг бирӕ ӕмбырдтӕ ныппырх сты. Фӕлӕ хӕст куы фӕци, уӕд та уыцы ӕмбырдтӕ фӕстӕмӕ сӕ къахыл слӕууыдысты, уӕлдайдӕр та Сьерра-Леонейы скӕсӕны, карз хӕст кӕм цыд, уыцы рӕтты. Ахӕм ран чи лӕггад кодта, уыцы сӕрмагонд пионертӕ ныффыстой: «Фыццаг ӕмбырдмӕ ӕрбацыд 16 адӕймаджы, дыккаг хатт – 36, иннӕ хатт – 56, стӕй Ӕрымысӕн изӕрмӕ та ӕрбацыд 77 адӕймаджы! Мах тынг цин кодтам!» Фӕзынд фараст ног ӕмбырды ӕмӕ ӕдӕппӕтӕй систы 24. Уый фӕстӕ сӕм ӕрцыд, Галаады скъола чи фӕци, 10 ахӕм миссионеры ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаг ноджы фӕрӕвдздӕр. 2004 азы Ӕрымысӕн изӕры уыд 7 594 адӕймаджы – хъусынгӕнджыты нымӕцӕй фондз хатты фылдӕр! Гвинейы дӕр хабар афтӕ уыди.

Разамонӕг совет уайтагъд ӕхца рахицӕн кодта, цӕмӕй баххуыс кодтаиккой, лыгъд адӕмӕй чи ӕрыздӕхт, уыдонӕн (Иак. 2:15, 16). Аразджыты къордтӕ сарӕзтой кӕнӕ сцалцӕг кодтой 12 Паддзахады залы, Коиндуйы та Конгрессты зал дӕр сцалцӕг кодтой. Стӕй ма самандурӕй сарӕзтой 42 хӕдзары, сӕ хӕдзӕрттӕ кӕмӕн ныппырх сты, уыцы бинонтӕн. 70 азы кӕуыл цыд, ахӕм идӕдз хойӕн йӕ рустыл йӕ цӕстысыг калд, афтӕмӕй лӕууыд йӕ ног ӕфсӕйнагсӕр хӕдзары раз ӕмӕ хъӕрӕй дзырдта: «Йегъовӕ, бузныг дын! Йегъовӕ, бузныг дын! Ӕфсымӕртӕ, бузныг уын!»

Филиал ма Паддзахады залтӕ аразын райдыдта, мӕгуыр бӕстӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн нӕ организацийы цы фонд ис, уый фӕрцы. Сайду Джуана, горӕт Бойы «Скӕсӕн» ӕмбырды хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ пионер, радзырдта: «Иу хо мын загъта: „Ног Паддзахады зал нын уыдзӕн, уый тыххӕй куы фехъусон, уӕд къухтӕй дӕр ӕмӕ къӕхтӕй дӕр ӕмдзӕгъд кӕндзынӕн!“ Хъусинӕгты куы фехъусын кодтон, ног зал нын кӕй уыдзӕн, уӕд уыцы хо йӕ бынатӕй фӕгӕпп кодта ӕмӕ райдыдта ӕмдзӕгъд кӕнын ӕмӕ кафын – „къухтӕй дӕр ӕмӕ къӕхтӕй дӕр ӕмдзӕгъд кодта“!»

2010 азы Ватерлоойы ӕмбырд Йегъовӕйӕн снывонд кодта Паддзахады зал. Уыцы зал афтӕ арӕзт уыд, ӕмӕ йӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕнӕн уыди, цӕмӕй дзы 800 бынаты уыдаид ӕмӕ дзы конгресстӕ дӕр цыдаид. Ӕмбырд уыцы зӕхх цы бон ӕлхӕдта, уыцы бон йӕ хицаумӕ ӕндӕр ӕлхӕнӕг ӕрбацыд ӕмӕ йын фылдӕр ӕхца лӕвӕрдта. Фӕлӕ йын уый загъта: «Цӕйнӕфӕлтау мӕ зӕххыл ӕхца кусӕн бынат уа, фӕлтау дзы дины ӕмбырдтӕ цӕуӕнт».

Мӕгуыр бӕстӕты Паддзахады залтӕ аразыны хъуыддагӕн цы фонд ис, уый фӕрцы Сьерра-Леонейы сарӕзтой 17 залы, Гвинейы та – 6 залы. Хуымӕтӕг, фӕлӕ Хуыцауӕн кад чи хӕссы, ахӕм залтӕ тынг бирӕ адӕмы сразӕнгард кодтой, цӕмӕй ӕмбырдтӕм цӕуой.

Йегъовӕйы «сӕфт фысты» агурынц

Хъусын кӕныны хъуыддагмӕ тынгдӕр кӕй бавнӕлдтой, уымӕ гӕсгӕ филиал спълан кодта зиу. Дыууӕ мӕйы дӕргъы хъуамӕ хъусын кодтаиккой, арӕх кӕм нӕ хъусын кодтой, ахӕм рӕтты. Хъусынгӕнджытӕ байуӕрстой 15 мин чиныджы бӕрц ӕмӕ сыл уацамынды бирӕ хорз цаутӕ ӕрцыд. Адӕмӕй иуӕй-иутӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн дзырдтой, цӕмӕй бынӕттон горӕттӕй кӕцыдӕрты ӕмбырдтӕ сарӕзтаиккой. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг сарӕзтой дыууӕ ног ӕмбырды. Иу дард хъӕуы ӕфсымӕртӕ фембӕлдысты дыууӕ хойыл. Уыдон хӕсты рӕстӕг нӕ организацийӕ фӕхицӕн сты. Уыцы хъӕуы ӕфсымӕртӕ ӕвӕстиатӕй райдыдтой ӕмбырдтӕ уадзын ӕмӕ цалдӕр адӕймагимӕ та Библи ахуыр кӕнын.

2009 азы филиалмӕ фехъусын кодтой, Гвинейы хъӕды иу хъӕуы адӕм сӕхи Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй хонынц. Уырдӕм кӕй арвыстой, уыцы ӕфсымӕртӕ хабӕрттӕ базыдтой. Иу ацӕргӕ ӕфсымӕр пенсийы куы рацыд, уӕд йӕ райгуырӕн хъӕумӕ ӕрыздӕхт. Йӕ мӕлӕты размӕ цалдӕр нӕлгоймагимӕ Библи ахуыр кодта. Уыдонӕй иу Йегъовӕйыл тынг баууӕндыд ӕмӕ, Библийӕ цы базыдта, уый иннӕтӕн дзурын райдыдта. Стӕй ма ӕмбырдтӕ дӕр уагъта ӕмӕ пайда кодта, чи амард, уыцы ӕфсымӕры публикацитӕй. Уыцы къорд Йегъовӕйӕн лӕггад кодта 20 азы бӕрц, цалынмӕ сыл иу хъусынгӕнӕг нӕ сӕмбӕлд, уӕдмӕ. Филиал уайтагъд ӕфсымӕрты арвыста, цӕмӕй сын баххуыс кодтаиккой. 2012 азы уыцы хъӕуы 172 адӕймаджы ӕрбацыд Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ.

Фӕстаг рӕстӕг «сӕфт фыстӕй» тынг бирӕты ссардтой. Чидӕртӕ дзы ӕмбырдтӕ сӕхӕдӕг ныууагътой, кӕйдӕрты та цух акодтой. Рӕстдзинады фӕндагӕй чи адзӕгъӕл, уыдонӕй бирӕтӕ сӕ цард фӕивтой ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты. Йегъовӕйы адӕм сыл зӕрдиагӕй сӕмбӕлдысты (Лук. 15:11–24).

Сыгъдӕгзӕрдӕ пысылмӕттӕ рӕстдзинады фӕндагыл слӕууыдысты

Апостол Павел хорз хабар куы хъусын кодта, уӕд «алыхуызон адӕмӕн... сси алцыдӕр» (1 Кор. 9:22, 23). Сьерра-Леоне ӕмӕ Гвинейы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ дӕр архайынц, цӕмӕй алыхуызон адӕм рӕстдзинад базоной. Ӕркӕсӕм-ма, иуӕй-иу хъусынгӕнджытӕ пысылмӕттимӕ куыд фӕныхас кӕнынц, уымӕ. Уыцы бӕстӕты фылдӕр адӕм хӕст сты пысылмон диныл.

Сайду Джуана раздӕр уыд пысылмон ӕмӕ загъта: «Пысылмӕтты уырны, Адам сыджытӕй конд кӕй уыд. Фӕлӕ ма сӕ уырны, фыццаг уый кӕй цард уӕлӕрвты дзӕнӕты. Цӕмӕй раст хъуыдымӕ ӕрцӕуой, уый тыххӕй сӕ бафӕрсын:

– Сыджыт кӕм ис?

– Зӕххыл,– дзуапп раттынц уыдон.

– Уӕдӕ Хуыцау Адамы кӕм сфӕлдыста? – бафӕрсын сӕ дарддӕр.

– Зӕххыл,– дзуапп та мын раттынц.

Цӕмӕй йӕ хуыздӕр бамбарой, уый тыххӕй бакӕсын Райдиан 1:27, 28 ӕмӕ сӕ бафӕрсын:

– Уый гӕнӕн ис, цӕмӕй уӕлӕрвты сывӕллӕттӕ гуыра?

– Нӕ. Зӕдтӕ нӕдӕр нӕлгоймӕгтӕ сты, нӕдӕр сылгоймӕгтӕ,– фӕзӕгъынц уыдон.

– Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн куы загъта, сывӕллӕттӕ сын кӕй уыдзӕн, уӕд сын кӕм хъуамӕ райгуырдаиккой? – бафӕрсын та ӕз.

– Зӕххыл,– дзуапп раттынц уыдон.

– Уӕдӕ та Хуыцау Дзӕнӕт куы араза, уӕд ӕй кӕм сараздзӕн? – бафӕрсын ӕз.

– Ам, зӕххыл,– фӕзӕгъынц уыдон».

Кӕронбӕттӕны Сайди загъта: «Фыстадыл афтӕ кӕй фӕныхас кӕнӕм, уый фӕрцы бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ пысылмӕтты бафӕнды, цӕмӕй нӕм дарддӕр дӕр хъусой ӕмӕ-иу Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ райсой».

Ӕркӕсӕм Момойы хабармӕ. Уый у пысылмон, ис ын дукани ӕмӕ йӕ ныфс уыд, иу бон имам кӕй суыдзӕн. Миссионертӕ Момоимӕ Фыстадыл куы аныхас кодтой, уӕд ӕй фылдӕр базонын бафӕндыд. Стӕй районон конгрессы иу хаймӕ байхъуыста ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд. Цыппар боны фӕстӕ йӕ бинойнаг Рамату ӕмӕ йӕ фондз сывӕллонимӕ ацыд Йесойы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Уый фӕстӕ Момо Библи ахуыр кӕнынмӕ зӕрдиагӕй бавнӕлдта. Цалдӕр ахуыры фӕстӕ йӕ дуканийы тамако нал уӕй кодта. Ӕлхӕнджытӕн дзырдта, тамако адӕймагӕн зиан кӕй хӕссы ӕмӕ уый Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы. Стӕй ма йӕ дуканийы Библи ахуыр кӕнын райдыдта йӕ бинойнаг ӕмӕ йӕ сывӕллӕттимӕ. Бинонты ахуыры рӕстӕг-иу ӕм ӕлхӕнджытӕ куы ӕрбацыд, уӕд-иу сын загъта, цӕмӕй абадой ӕмӕ банхъӕлмӕ кӕсой. Бамбарын-иу сын кодта, Библи ахуыр кӕнын йӕ бинонтӕн тынг ахсджиаг кӕй у. Раматуимӕ сӕ къухтӕ закъонмӕ гӕсгӕ куы ӕрфыстой, уӕд сӕ хиуӕттӕ сӕ ныхмӕ карзӕй цӕуын райдыдтой. Фӕлӕ Момо ӕмӕ Рамату дарддӕр дӕр ныфсджынӕй хъусын кодтой сӕ хӕстӕджытӕн. Уыдон сын фӕстагмӕ сӕ хорз ӕгъдауы тыххӕй аргъ кӕнын райдыдтой. Момо донаргъуыд райста 2008 азы, Рамату та – 2011 азы.

Туг нымайынц табуйагыл

Йегъовӕйы адӕм фидар хӕцынц, Хуыцау уаг ӕмӕ ӕгъдауы тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдоныл. Стӕй тугмӕ дӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсынц (Хъуыд. 15:29). Уый тыххӕй сын Сьерра-Леоне ӕмӕ Гвинейы фылдӕр дохтыртӕ аргъ кӕнын райдыдтой.

Ӕфсымӕртӕ хойы фидар кӕнынц

1978 азы ӕфсымӕртӕ ӕгас Сьерра-Леонейы дохтыртӕн, медицинон хотӕн, рынчындӕтты администрацийӕн, юристтӕн ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕн апарахат кодтой буклет «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ туджы фарста». Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕмӕй иу хойӕн аргӕ-арын йӕ туг йӕ хуылфмӕ цӕуын райдыдта, ӕмӕ дохтыртӕ нӕ разы кодтой, цӕмӕй йын туг ма бауадзой, афтӕмӕй йӕ дзӕбӕх кӕной. Фӕлӕ иу дохтыр сразы, уымӕн ӕмӕ туджы тыххӕй буклет бакаст ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыди. Хойӕн райгуырд ӕнӕниз лӕппу ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр сдзӕбӕх.

1991 азы Кенемайы рынчындоны хирург Баширу Корома бакаст брошюрӕ, туг куыд ирвӕзын кӕны, уый тыххӕй. Цы бакаст, уый йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдта. Иу фарастаздзыд Ӕвдисӕн аварийы бахауд ӕмӕ йӕ фарсылӕвзаг аскъуыд. Дохтыртӕ йын ӕнӕ тугӕй операци кӕныныл нӕ разы кодтой ӕмӕ йӕ ныййарджытӕн загътой: «Уӕ лӕппуйы хӕдзармӕ аласут, уӕддӕр амӕлдзӕн!» Йӕ ныййарджытӕ Коромамӕ ацыдысты, ӕмӕ йын уый хорз операци скодта.

Дохтыр Корома тагъд рӕстӕджы сси ӕфсымӕр Корома. Уый фидарӕй дзырдта ӕнӕ тугӕй хос кӕныны тыххӕй. Иннӕ дохтыртӕ дзы сӕхи хызтой, фӕлӕ-иу йӕ рынчынтӕ алы хатт дӕр сдзӕбӕх сты. Фӕстӕдӕр ӕм йе ’мкусджытӕй иуӕй-иутӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой ӕмӕ-иу ӕм фӕдзырдтой, цӕмӕй-иу сын уӕззау операциты рӕстӕг баххуыс кодтаид.

1994 азӕй фӕстӕмӕ Фритауны филиалы рынчындӕттӕн информацидӕттӕг хайад Сьерра-Леоне ӕмӕ Гвинейы сарӕзта рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитеттӕ. Уыцы комитеттӕ зӕрдиагӕй баххуыс кодтой бирӕ рынчын Ӕвдисӕнтӕн ӕмӕ бирӕ дохтырты сразы кодтой, цӕмӕй Ӕвдисӕнты ӕнӕ тугӕй дзӕбӕх кӕной.