Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сӕдӕ азы размӕ – 1914

Сӕдӕ азы размӕ – 1914

«МАХ уырны, Хуымгӕрдӕны нын уый размӕ азты цы бантыст, уыимӕ абаргӕйӕ нын 1914 азы бирӕ фылдӕр фадӕттӕ кӕй уыдзӕн Рӕстдзинады номыл балӕггад кӕнынӕн»,– фыст уыди 1914 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы». Библииртасджытӕ дӕсгай азты дӕргъы кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы аз ӕрхӕццӕ, ӕмӕ уацамынды ӕппӕт тыхтӕй архайдтой. Уыцы аз афтӕ кӕй бафыдӕбон кодтой, уый фӕрцы милуантӕ фехъуыстой Библийы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй. Фӕлӕ сӕ алыварс дуне та йӕ тыхтӕ бынтон ӕндӕр хъуыддӕгтӕм сарӕзта.

Дунейы фыддзинад фӕфылдӕр

1914 азы райдианы Америкӕйы Иугонд Штатты ӕрцыд тынг ӕвирхъау хабӕрттӕ. Ӕвзалыкъахӕг шахтӕйы кусджытӕ растадысты сӕ хицӕутты ныхмӕ. Ӕрцыд дзы лӕгмӕрдтӕ дӕр – амардтой дзы нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты ӕмӕ сывӕллӕтты. Чи сызмӕста, уыцы шахтерты сӕ бинонтимӕ ратардтой, сӕ хицауад сын цы хӕдзӕрттӕ радта, уырдыгӕй ӕмӕ сӕ бахъуыд пъалаткӕты лагеры ӕрцӕрын. 20 апрелы уыцы лагеры, Лудлоумӕ ’ввахс (штат Колорадо), ӕхсын райдыдтой. Шахтерты пъалаткӕтӕ басыгътой. Уыцы регионы шахтертӕ сӕ масты фӕдыл ацыдысты ӕмӕ сӕ компанийы хъахъхъӕнджытӕй бирӕты амардтой. Хицауады бахъуыд ӕфсад ӕрбакӕнын, цӕмӕй сӕ ныссабыр кодтаиккой.

Европӕйы уавӕр ноджы фыддӕр уыди. 28 июны 19-аздзыд босниаг серб Гаврило Принцип фехста Австрийы эрцгерцог Франц Фердинанды, ӕмӕ уый расайдта Фыццаг дунеон хӕст. Уыцы азы кӕронмӕ Фыццаг дунеон хӕст, хонынц ма йӕ Стыр хӕст дӕр, ӕгас Европӕйыл дӕр анхъӕвзта.

Конгресстӕ разӕнгард кӕнынц хъусын кӕнынмӕ

Ӕгас дунейы дӕр змӕстытӕ тынгӕй-тынгдӕр кодтой, Библииртасджытӕ та кӕрӕдзи разӕнгард кодтой хъусын кӕнынмӕ. Хуыцауы адӕмӕн Хуссар Африкӕйы фыццаг конгресс райдыдта 10 апрелы ӕмӕ дзы уыди 34 адӕймаджы. Уильям Джонстон ныффыста: «Мах уыдыстӕм тынг „гыццыл дзуг“. Конгресмӕ [чи ӕрбацыд, уыдонӕн] се ’мбисӕн радтам донаргъуыд. Аст хо ӕмӕ аст ӕфсымӕры сӕхи Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтой, уый донаргъуыдӕй равдыстой, Йесо куыд бафӕдзӕхста, афтӕ». Конгресмӕ чи ӕрбацыд, уыдон фӕстаг бон ныхас кодтой, Хуссар Африкӕйы хъусын кӕныны хъуыддаг ноджы хуыздӕр аразӕн куыд ис, ууыл. Абон Хуссар Африкӕйы иузӕрдион хъусынгӕнджытӕ сты 90 минӕй фылдӕр ӕмӕ уыдон ӕвдисӕн сты, уыцы «гыццыл дзуг» ӕнтыстджын кӕй уыди, уымӕн.

1914 азы 28 июны, эрцгерцог Фердинанды куы фехстой, уыцы бон, Библииртасджытӕ ӕрӕмбырд сты конгресмӕ горӕт Клинтоны (штат Айовӕ, АИШ). Уыцы конгрессы 30 июны Александр Макмиллан загъта: «Кӕд нӕ фӕнды нӕ хӕрзиуӕг райсын, уӕд хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ, гӕнӕн цы ис, уый аразӕм, цӕмӕй хъусын кӕнӕм».

«Фотодрамӕ» милуанты зӕрдӕмӕ фӕцыд

«Сфӕлдыстады фотодрамӕ» конд уыд пластинкӕтыл фыст раныхӕстӕй, авгӕй конд хуызджын слайдтӕй ӕмӕ кинокадртӕй. Уыди дзы музыкӕ дӕр. Фыццаг хатт ӕй равдыстой 1914 азы 11 январы Нью-Йорчы ӕмӕ йӕм бакаст фондз мин адӕймаджы. Бирӕтӕ та ацыдысты, уымӕн ӕмӕ сын бынат нӕ уыд.

«Сфӕлдыстады фотодрамӕ» цӕттӕ кодтой дыууӕ азы. Фӕлӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыстой: «Январы йӕ фыццаг хатт равдисынмӕ куы хъавыдысты, уӕдмӕ тыххӕй сцӕттӕ». 1914 азы фыццаг ӕхсӕз мӕйы ӕфсымӕртӕ фотодрамӕйы цалдӕр хатты цыдӕртӕ фӕхуыздӕр кодтой. Зӕгъӕм, разныхасы йӕм бафтыдтой, Чарлз Тейз Расселл кӕм дзуры, ахӕм фильм, цӕмӕй бӕрӕг уыдаид, фотодрамӕ чи рауагъта, уый.

«Фотодрамӕ» уыцы иу рӕстӕг ӕвдыстой 80 горӕты. 1914 азы июлы та йӕ ӕвдыстой Великобританийы. Глазго ӕмӕ Лондоны йӕ кӕм ӕвдыстой, уыцы хӕдзӕртты адӕмӕй къух бакӕнӕн дӕр нӕ уыд. Сентябры та йӕм бакастысты Дани, Финлянди, Германи, Швеци ӕмӕ Швейцарийы. Октябры та бахӕццӕ Австрали ӕмӕ Ног Зеландимӕ. «Фотодрамӕ»-мӕ фыццаг аз бакаст фараст милуан адӕймагӕй фылдӕр.

«Фотодрамӕ»-йы алы къопийы дӕр уыди авгӕй конд сӕдӕгай хуызджын слайды, бирӕ кинопленкӕтӕ ӕмӕ дуне пластинкӕтӕ. Уыцы къопитӕ уыдысты зынаргъ ӕмӕ сӕ цӕмӕй ӕвдыстаиккой, уый тыххӕй хъуыди фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хоты къордтӕ. Уый тыххӕй-иу «Фотодрамӕ» ӕнӕхъӕнӕй сӕйраджыдӕр ӕвдыстой стыр горӕтты. Хъӕуты чи цард, уыдонӕн та Библииртасджытӕ рауагътой «Фотодрамӕ»-йы ӕртӕ цыбыр варианты. Уыцы варианттӕй иу хуынди «Драмӕ эврикӕ Y». Конд уыд авгӕй конд хуызджын слайдтӕй, пластинкӕтыл фыст раныхӕстӕ ӕмӕ музыкӕйӕ. Иннӕ вариант та хуынди «Драмӕ эврикӕ X» ӕмӕ ноджы цыбырдӕр вариант та – «Драмӕ эврикӕ бинонтӕн», кодтой сӕм ӕрмӕстдӕр хъусгӕ, слайдтӕ кӕнӕ дзы кинокадртӕ нӕ уыд. 1914 азы кӕрон «Драмӕ эврикӕ» куы фӕзынд, уӕд цыппар мӕйы дӕр нӕ рацыд, афтӕ йӕм Иугонд Штатты бакаст кӕнӕ байхъуыста 70 мин адӕймагӕй фылдӕр.

Чиныгхӕсджытӕ ӕмӕ ӕххуысгӕнджытӕ хъусын кӕнынц

«Фотодрамӕ» кӕй ӕвдыстой, уый уыд ног ӕмӕ цымыдисаг куыст. Фӕлӕ Библииртасджытӕ ӕмбӕрстой, ӕндӕр хуызы хъусын кӕнын сӕйрагдӕр кӕй уыд. Чарлз Тейз Расселл йӕ писмойы чиныгхӕсджытӕм, ныр та хуыйнынц пионертӕ, сӕ лӕггады тыххӕй ныффыста: «Мах зонӕм, Хуымгӕрдӕны рӕстӕг нӕ лӕггады иу хъуыддаг дӕр уыйбӕрц тыллӕг кӕй нӕ хӕссы. Уый тыххӕй чиныгхӕсджытӕ „Фотодрамӕ“ нал ӕвдисдзысты... „Фотодрамӕ“ сӕ бон уыдзӕн ӕвдисын... Хицауыл ма иузӕрдион чи у, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн дӕр».

1914 азы январы чиныгхӕсджытӕ уыдысты 850. Уыцы зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ иу азмӕ байуӕрстой 700 000 чиныгӕй фылдӕр, «Фыстад иртасын», зӕгъгӕ. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» чиныгхӕсджытыл батыхст ӕмӕ журналкӕсджыты разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ «ныфс уадзой, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕндаг алы хатт дидинджытӕй фӕлыст нӕ вӕййы».

Иннӕ Библииртасджытӕ та бирӕ ӕвзӕгтыл трактаттӕ уӕрстой. 1914 азы дӕргъы байуӕрстой «Библииртасджыты ӕрвылмӕйон трактат» ӕмӕ ма ӕндӕр трактаттӕ дӕр, ӕдӕппӕтӕй уыдысты 47 милуанӕй фылдӕр!

Библииртасджыты куыст адӕм ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фесты, уымӕн ӕмӕ ӕргом хъусын кодтой. Ӕмӕ се ’мбырдтӕм бацӕуынӕн та ӕхца фидын нӕ хъуыд. Иу сауджын хъаст кодта: «Тагъд адӕм бамбардзысты, мысайнӕгтӕ кӕй ӕмбырд кӕнӕм, уый раст кӕй нӕу, ӕмӕ уӕд мах цы фӕуыдзыстӕм? Пастор Расселл нын нӕ ном чъизи кӕны».

Адӕмтӕн сӕ рӕстӕг фӕци

Библииртасджыты уырныдта, «адӕмтӕн сӕ рӕстӕг» кӕй фӕуыдзӕн 1914 азы 1 октябрмӕ ӕввахс, уыцы рӕстӕджы тыххӕй фыст ис Лукайы 21:24. Октябрь куыд ӕввахсдӕр кодта, афтӕ уыцы хабармӕ тынгдӕр ӕнхъӕлмӕ кастысты. Библииртасджытӕй чидӕртӕ суанг алы бон дӕр нымадтой ӕмӕ йӕ сӕхимӕ карточкӕйыл фыстой. Бирӕтӕм афтӕ каст, ӕмӕ уыцы бон уӕлӕрвтӕм ацӕудзысты.

1914 азы 2 октябры райсомӕй ӕфсымӕр Расселл Вефилы хӕрӕндонмӕ куы бахызт, уӕд фехъусын кодта: «Адӕмтӕн сӕ рӕстӕг фӕци; сӕ паддзӕхты бонтӕ фесты». Чи йӕм хъуыста, уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыцы ныхӕстӕ базыдтой, уымӕн ӕмӕ уыдысты сӕ зарджыты чиныгӕй «Миназы райдианы кады зарджытӕ», 171 зарӕгӕй. 1879 азӕй фӕстӕмӕ Библииртасджытӕ зарыдысты «Адӕмтӕн сӕ рӕстӕг фӕуд кӕны». Фӕлӕ уыцы ныхӕстӕ раст нал уыдысты, уымӕн ӕмӕ «адӕмтӕн сӕ рӕстӕгӕн» кӕрон ӕрцыд (Лук. 21:24). Фӕстӕдӕр нӕ зарджыты чингуыты уыцы ахсджиаг хъуыды сраст кодтой.

Чидӕртӕ пайда кодтой карточкӕйӕ «Мӕлӕты онг иузӕрдион у», цӕмӕй кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззадаиккой

1914 азы кӕронмӕ, йӕ сӕргъы Мессийӕ ӕвӕрд кӕмӕн у, уыцы Паддзахад уӕлӕрвты ӕрфидар ӕмӕ Библииртасджытӕй чидӕртӕ хъуыды кодтой, сӕ куыст кӕй фӕци. Уыцы рӕстӕг нырма нӕ зыдтой, тагъд фӕлвӕрд ӕмӕ луӕрст кӕй ӕрцӕудзысты, уый тыххӕй. 1915 азы стих уыди «Ӕз цы къусӕй нуаздзынӕн, уымӕй бануазын уӕ бон у?», ист уыди Матфейы 20:22. Йесойы «къус» нысан кодта, йӕ мӕлӕты онг цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уыдон. Библииртасджытӕ дӕр тагъд рӕстӕджы зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты сӕхи ’хсӕн дӕр ӕмӕ иннӕ адӕмы ’хсӕн дӕр. Уыцы зындзинӕдты рӕстӕг сӕхи куыд дардтаиккой, уымӕй равдыстаиккой, Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдысты ӕви нӕ.