Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

1915–1947 Райдианы (2 хай)

1915–1947 Райдианы (2 хай)

«Гладиатортӕ» сӕ ныхмӕ рацыдысты

Фритауны сауджынтӕ куы федтой, сӕ «фыстӕ» ӕфсымӕр Брауны раныхӕстӕм куыд зӕрдиагӕй хъусынц, уӕд хӕлӕг кӕнын ӕмӕ мӕсты кӕнын райдыдтой. 1923 азы 15 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «Сауджынтӕн ныртӕккӕ сӕ сӕйраг куыст у сӕ дины сӕрыл дзурын, ӕмӕ уый тыххӕй рӕстдзинады ныхмӕ газетты уылты тох кӕнынц. Ӕфсымӕр Браун сын бирӕ хӕттыты радта дзуапп газетты уылты ӕмӕ-иу йӕ ныхӕстӕ дыууӕ фарсыл дӕр мыхуыр ӕрцыдысты». Ӕппынфӕстаг, сауджынтӕ ныхъхъус сты ӕмӕ сӕ мӕнг ныхӕстӕ раргом сты. Библийы рӕстдзинад дардыл апарахат ӕмӕ газеткӕсджытӕй бирӕты бафӕндыд Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ райсын. Сауджынты фӕндыд, цӕмӕй Хуыцауы адӕм ныхъхъус уыдаиккой, фӕлӕ сын Йегъовӕ сӕ фыдвӕндтӕ сӕхирдӕм фӕкодта (Пс. 94:21–23).

Сауджынты сӕрыл тох кӕнын райдыдтой, аргъуанмӕ чи цыд, уыцы ӕрыгӕттӕ, хуыдтой сӕ «гладиатортӕ». Уыдон фехъусын кодтой, цалдӕр ӕмбырды сын кӕй уыдзӕн, цӕмӕй «расселизм» мауал парахат кӕна. «Расселизм» та хуыдтой Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хабар. Ӕфсымӕр Браун та сын газеты уылты лӕвӕрдта дзуапп. «Гладиатортӕ» ӕфсымӕр Брауны ныхӕстимӕ нӕ разы кодтой ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ чи мыхуыр кодта, уыцы газеты редакторы ныхмӕ дзырдтой. Стӕй ма-иу ӕфсымӕр Брауны се ’мбырдтӕм нӕ уагътой, ӕмӕ-иу йӕ бӕсты ацыд Альфред Джозеф.

Ӕмбырдтӕ цыдысты Бакстоны мемориалон аргъуаны, Фритауны зындгонд методистон аргъуаны. Альфред загъта: «Фарстатӕ ӕмӕ дзуаппыты рӕстӕг ӕз бафарстон англиканон дины сӕйраг ахуырӕдты тыххӕй, Троицӕйы тыххӕй, стӕй ма, Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, цалдӕр ахӕм ахуырады тыххӕй дӕр. Ӕппынфӕстаг, ӕмбырд чи уагъта, уый ӕндӕр фарстатӕ дӕттын нал бауагъта».

Уыцы изӕр ӕмбырдмӕ ӕрбацыд «гладиатортӕй» иу, Мелбурн Гарбер. Мелбурн уый размӕ хъуыста «Библийы Брауны» раныхӕстӕм. Уый уыди, дины скъолайы чи ахуыр кодта, уыцы ӕрыгон лӕппу, афтӕ чи загъта: «Мистер Браун йӕ Библи хорз зоны!» Гарбер цыдӕриддӕр фехъуыста, ууыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кодта, уӕд бамбӕрста, рӕстдзинад кӕй ссардта. Уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕр Браунӕн загъта, цӕмӕй йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтаид. Ӕфсымӕр Браун ӕй сӕхимӕ фӕхуыдта «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуырмӕ, уыцы ахуыр-иу сын уыд алы къуыри дӕр. Гарберыл кӕд йӕ бинонтӕ сӕ къух систой, уӕддӕр йӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кодта ӕмӕ, бирӕ нӕ рацыд, афтӕ уый дӕр ӕмӕ ма ноджыдӕр цалдӕр адӕймаджы донаргъуыд райстой.

Сайтан тынг архайдта, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг йӕ райдианы ныххурх кодтаид, фӕлӕ йын ницы бантыст. Фритауны мэр «гладиатортӕн» загъта: «Кӕд уыцы хъуыддаг адӕймагӕй у, уӕд дзы ницы рауайдзӕн. Фӕлӕ кӕд Хуыцауӕй у, уӕд ӕй сымах нӕ бауромдзыстут» (Хъуыд. 5:38, 39).

«Браунты дин»

1923 азы майы райдианы ӕфсымӕр Браун Лондоны филиалмӕ телеграммӕ арвыста, цӕмӕй сын фылдӕр литературӕ ӕрӕрвыстаиккой. Тагъд рӕстӕджы сӕм ӕрцыд 5 000 чиныджы ӕмӕ ма сын уый фӕстӕ ноджыдӕр ӕндӕр литературӕ дӕр ӕрӕрвыстой. Браун дарддӕр дӕр ӕмбырдтӕ уагъта, ӕмӕ уый фӕрцы мингӕйтты бафӕндыд Библийы тыххӕй фылдӕр базонын.

Уыцы аз фӕстӕдӕр «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыди: «[Сьерра-Леонейы] куыст афтӕ тагъд цӕуы, ӕмӕ ӕфсымӕр Браун ӕххуыс куры. Клод Браун (горӕт Виннипегӕй) раздӕр лӕггад кодта Вест-Индийы, ныр та лӕггад кӕндзӕн уым».

Клод Браун уыди фӕлтӕрдджын хъусынгӕнӕг. Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг хӕстмӕ кӕй нӕ цыд, уый тыххӕй йӕ Канадӕйы ӕмӕ Английы ахӕстӕтты тухӕнӕй мардтой, фӕлӕ фидар фӕлӕууыд. Сьерра-Леонейы цыппар азы лӕггад кодта, ӕмӕ бынӕттон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты тынг фидар кодта.

Полинӕ Коул радзырдта: «Цалынмӕ 1925 азы донаргъуыд нӕ райстон, уӕдмӕ мӕ ӕфсымӕр Клод лӕмбынӕг ӕрфарста:

– Хо Коул, „Фыстад иртасын“-ӕй цы базыдтай, уый ӕмбарыс? – бафарста мӕ уый.– Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ рӕстдзинадӕй иуварс ахӕсса, Библийы ахуырӕдтӕй цыдӕр кӕй не ’мбарыс, уый тыххӕй.

– Ӕфсымӕр Клод,– загътон ын ӕз,– ӕз бакӕсын, цы фӕахуыр кӕнӕм, уый ӕмӕ та йӕ стӕй ногӕй дӕр бакӕсын. Ӕз мӕ фӕндон нӕ фӕивдзынӕн!»

Полинӕ Коул

Полинӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кодта 60 азӕй фылдӕр, ӕмӕ уыцы рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай уыд сӕрмагонд пионер. Йӕ зӕххон цард фӕци 1988 азы.

Уильям «Библийы Браун» ма уый дӕр ӕмбӕрста, иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын кӕй хъӕуы, цӕмӕй ӕдзухдӕр чырыстон хъуыддӕгтӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ аразой. Альфред Джозеф загъта: «Ӕфсымӕр Браунимӕ-иу райсомӕй куы фембӕлдыстӕм, уӕд-иу нӕ ныхас афтӕ райдыдта: „Дӕ райсом хорз, ӕфсымӕр Джо. Куыд дӕ? Абоны стих хъуыды кӕныс?“ Дзуапп-иу куы нӕ зыдтон, уӕд-иу мын дзырдта, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй алы бон дӕр стих кӕсон нӕ чиныгӕй „Алы бонӕн дӕр маннӕ“. (Ныр хуыйны «Алы бон дӕр Фыстад иртас».) Дыккаг райсом-иу стих бакастӕн, цӕмӕй цӕттӕ уыдаин, куы та мӕ бафарстаид, уымӕ. Фыццаг не ’мбӕрстон, Хуыцау нӕ цӕуыл ахуыр кӕны, уымӕн аргъ кӕй нӕй, фӕлӕ мӕм фӕстӕдӕр бахъардта».

Уыцы ахуырад хорз тыллӕг радта. 1923 азы Фритауны фӕзынд фыццаг ӕмбырд ӕмӕ 14 адӕймаджы донаргъуыд райстой. Ног ӕфсымӕртӕй иу хуынди Джордж Браун. Ӕмӕ ныр ӕмбырды Браунты мыггагӕй уыд ӕртӕ бинонтӕ. Се ’ппӕт дӕр зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кодтой, уый тыххӕй Фритауны цӕрджытӕ Библииртасджыты схуыдтой «Браунты дин».