Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

1945–1990 Бирӕты рӕстдзинадмӕ ӕрбакодтой (Дан. 12:3) (2 хай)

1945–1990 Бирӕты рӕстдзинадмӕ ӕрбакодтой (Дан. 12:3) (2 хай)

Аргъ кӕнынц Хуыцауы лӕварӕн – бинонты цардӕн

Уильям Нуши йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын куы райдыдта, уӕд федта, хъусынгӕнджытӕй чидӕртӕ, Йегъовӕ бинонты цардӕн цы уаг ӕмӕ ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уый кӕй ницӕмӕ дарынц. Иуӕй-иутӕ лӕг ӕмӕ усы цард кодтой, закъонмӕ гӕсгӕ сӕ къухтӕ не ’рфыстой, афтӕмӕй. Иннӕтӕ та, бынӕттон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, чындзӕхсӕв кӕныныл нӕ тагъд кодтой, цалынмӕ-иу ус нӕ басывӕрджын, уӕдмӕ, цӕмӕй базыдтаиккой, зӕнӕг сын рацӕудзӕн ӕви нӕ.

Уымӕ гӕсгӕ 1953 азы майы филиал алы ӕмбырдмӕ дӕр писмотӕ ныффыста ӕмӕ сын бӕлвырд бамбарын кодта, Библийы ӕмкъайады тыххӕй цы фыст ис, уый (Райд. 2:24; Ром. 13:1; Дзут. 13:4). Ахӕм къайтӕн сӕ къухтӕ ӕрфыссынӕн радтой рӕстӕг, афтӕ чи нӕ бакодтаид, уыдоны та ӕмбырдӕй ацух кодтаиккой (1 Кор. 5:11, 13).

Хъусынгӕнджытӕн сӕ фылдӕр уыцы уынаффӕйыл бацин кодтой. Фӕлӕ чидӕртӕ та уыдысты хивӕнд ӕмӕ ӕгоммӕгӕс. Дыууӕ ӕмбырды хъусынгӕнджытӕн се ’мбисӕй фылдӕр Йегъовӕйы организаци ныууагътой. Иузӕрдионӕй чи баззад, уыдон та фылдӕр лӕггад кӕнын райдыдтой ӕмӕ бӕрӕг уыди, Йегъовӕ сын кӕй арфӕ кодта.

Ӕфсымӕрты бахъуыд бирӕ бафыдӕбон кӕнын, цӕмӕй сын Фритауны Паддзахады залы къайтӕн регистраци кӕныны бар раттаиккой. Ӕмӕ 1954 азы 3 сентябры ӕфсымӕртӕ фыццаг хатт регистраци скодтой. Фӕстӕдӕр хицауад авд облӕсты фӕлтӕрд ӕфсымӕртӕн радта бар, цӕмӕй-иу къайтӕн сӕ къухтӕ ӕрфыстаиккой. Афтӕмӕй, Библи чи ахуыр кодта, уыдонӕй бирӕтӕн фӕзынд фадат, цӕмӕй сӕ къухтӕ ӕрфыстаиккой ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕныны аккаг суыдаиккой.

Чындзӕхсӕв Паддзахады залы

Библи чи ахуыр кодта, уыдонӕй цалдӕр усы кӕмӕн уыди, уыдон архайдтой, цӕмӕй сӕ цард Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ ивтаиккой. Самьюэл Куппер, ныр цӕры Бонтейы, дзуры: «1957 азы ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуын райдыдтон мӕ дыууӕ усимӕ, ӕмӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕхи Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы ныффыссын кодтон. Иу бон мын бахӕс кодтой чырыстон бинонты тыххӕй раныхас бацӕттӕ кӕнын. Ӕрмӕг куы агуырдтон, уӕд бамбӕрстон, мӕ кӕстӕр усы мӕ арвитын кӕй хъӕуы. Уый фӕдыл мӕ хӕстӕджытимӕ куы аныхас кодтон, уӕд мӕ ныхмӕ систы. Мӕ кӕстӕр усӕй мын уыди чызг, хистӕр ус та ӕнӕзӕнӕг уыди. Фӕлӕ ӕз фидарӕй сфӕнд кодтон, Библи куыд дзуры, афтӕ бакӕнын. Мӕ дисӕн кӕрон дӕр нӕ уыди, мӕ кӕстӕр ус йӕ цӕгатмӕ куы аздӕхт, уӕд мӕ хистӕр усӕн сывӕллӕттӕ гуырын куы райдыдта, уӕд. Кӕддӕр ӕнӕзӕнӕг чи уыди, уыцы усӕй мын абон ис фондз сывӕллоны».

Оноре Камано царди Гвинейы арӕнмӕ ’ввахс. Уый дӕр фӕндыди Библийы тыххӕй фылдӕр базонын. Уыди йын ӕртӕ усы. Йӕ дыууӕ кӕстӕр усы сӕ цӕгатмӕ куы арвыста, уӕд йӕ хистӕр ус уымӕн афтӕ тынг саргъ кодта, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ рӕстдзинадмӕ ноджы тынгдӕр раздӕхта. Йӕ кӕстӕр устытӕй иуӕн кӕд йӕ ныфс асаст, кӕй йӕ арвыста, уый тыххӕй, уӕддӕр йӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, Оноре Библийы уагӕвӕрдтӕн стыр аргъ кӕй кодта, уый. Бафӕндыд ӕй Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ фӕстӕдӕр йӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодта.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты зонынц, бинонты цардӕн чи аргъ кӕны, ахӕм адӕмӕй

Абон Сьерра-Леоне ӕмӕ Гвинейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты зонынц, бинонты цардӕн чи аргъ кӕны, ахӕм адӕмӕй. Сӕ цардӕмбӕлттыл иузӕрдион кӕй сты, уый Хуыцауы ахуырад рӕсугъд кӕны ӕмӕ кад хӕссы бинонты царды Бындурӕвӕрӕгӕн (Матф. 19:4–6; Тит. 2:10).

Сектӕ Фритауны

1956 азы Фритаунмӕ ӕрцыдысты ног миссионертӕ Чарлз ӕмӕ Ревӕ Чаппелл. Каст фесты Галаады скъола. Миссионерты хӕдзармӕ цӕугӕйӕ иу ран федтой стыр дамгъӕтӕй фыст, Уилберфорсы мемориалон залы Библийыл арӕзт раныхас кӕй уыдзӕн. Чарлз зӕгъы: «Раныхас хъуамӕ уыдаид Джонсӕн, „Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты аргъуаны“ минӕварӕн».

Джонс йӕхи хуыдта сӕрст чырыстон. Цалдӕр азы размӕ Фритауны ӕмбырды йӕхицӕн скодта къорд ӕмӕ ӕмбырдӕй ацыдысты. Сӕхи хуыдтой Йегъовӕйы «ӕцӕг» ӕвдисӕнтӕ, миссионерты ӕмӕ ма организацийыл иузӕрдион чи уыд, уыдоны та хуыдтой «мӕнгномхӕсджытӕ» ӕмӕ «Галаады ӕнӕзонд хъусынгӕнджытӕ».

Уавӕр фӕфыддӕр, ӕмӕ Джонсы йӕ фӕдылдзӕуджытӕй цалдӕримӕ ӕмбырдӕй ацух кодтой. Чаппелл дзуры: «Ӕмбырды уыцы хабар куы фехъусын кодтой, уӕд ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ хорзау нӕ фесты, уымӕн ӕмӕ уыцы сектанттӕм хорз цӕстӕй кастысты. Уыцы уынаффӕйыл чидӕртӕ разы кӕй нӕ уыдысты, уый ӕргом дзырдтой. Уыдон дӕр, стӕй ма иннӕтӕ дӕр змӕнтджыты фарс рахӕцыдысты ӕмӕ хъыгдардтой ӕмбырды ӕмӕ уацамынды фембӕлдтӕ уадзын. Мӕсты чи уыд, уыдон-иу ӕмбырды фембӕлды иумӕ иу рӕнхъыл сбадтысты, уыцы рӕнхъ схуыдтой „сектантты рӕнхъ“. Ӕппынфӕстаг сӕ фылдӕр рӕстдзинад ныууагътой. Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ сӕ зондахаст фӕивтой ӕмӕ зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ систы».

Ӕмбырдӕн сӕ фылдӕр иузӕрдион кӕй уыдысты, уый Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн фадат лӕвӕрдта, цӕмӕй сын разамынд лӕвӕрдтаид. Иннӕ аз Фритаунмӕ зоналон цӕстдарӕг Гарри Арнотт куы ӕрцыд, уӕд ныффыста: «Сьерра-Леонейы цалдӕр азы дӕргъы рӕстдзинад цас адӕм базыдта, уыйбӕрц никуы. Стыр ныфс нӕ ис, нырма бирӕтӕ кӕй слӕудзысты рӕстдзинады фӕндагыл».

Ахуыр кӕнынц киси адӕмыхатты

Ӕфсымӕр Арнотты ӕрцыды фӕстӕ, Чарлз Чаппелл Либерийӕ иу ӕфсымӕрӕй писмо райста. Уыцы ӕфсымӕры фӕндыд Сьерра-Леонейы киси адӕмыхаттӕн хъусын кӕнын. Йӕхӕдӕг дӕр уыцы адӕмыхаттӕй уыди. Ацы адӕм цӕрынц Сьерра-Леоне, Либери ӕмӕ Гвинейы арӕнтӕм ӕввахс хъӕдӕй ӕмбӕрзт уӕлхӕхты ӕмӕ дӕлвӕзты. Куыд зынди, афтӕмӕй киси адӕмыхаттӕй бирӕты фӕндыд Библи хуыздӕр базонын.

Киси адӕмыхаттӕн сӕ фылдӕр кӕсын ӕмӕ фыссын нӕ зыдтой. Уый тыххӕй сын Коиндуйы сарӕзтой кӕсын ӕмӕ фыссыны курсытӕ, цӕмӕй сын Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ ӕмбарын кодтаиккой. Уыцы курсыты ахуыр кодта сӕдӕгай адӕм. Чарлз дзуры: «Тагъд рӕстӕджы къорды фӕзынд 5 ног хъусынгӕнӕджы, уый фӕстӕ 10, стӕй 15 ӕмӕ 20. Адӕм рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тагъд истой, ӕмӕ дызӕрдыг кодтон, цымӕ сӕ ӕцӕгӕй дӕр уырны хорз хабар ӕви нӕ. Фӕлӕ фӕрӕдыдтӕн. Сӕ фылдӕр ӕрмӕст иузӕрдион нӕ уыдысты, фӕлӕ ма зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ дӕр».

Ног зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ хорз хабар фӕхӕццӕ кодтой Коинду ӕмӕ ма суанг Гвинейы онг дӕр. Цалдӕр сахаты къуыбыртыл уӕлӕмӕ-дӕлӕмӕ цӕугӕйӕ хъусын кодтой фермӕты ӕмӕ хъӕуты. «Цалдӕр къуырийы дӕргъы, хатт та-иу цалдӕр мӕйы дӕр, иу машинӕйы уынӕр дӕр нӕ фехъуыстам»,– дзуры Элеазар Онвудиве, уыцы рӕстӕг уыди цӕуӕг цӕстдарӕг.

Киси адӕмыхаттӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Паддзахады хабары мыггӕгтӕ тыдтой ӕмӕ сыл дон кодтой, Хуыцау та сӕ рӕзын кодта (1 Кор. 3:7). Иу куырм ӕрыгон нӕлгоймаг рӕстдзинады тыххӕй куы фехъуыста, уӕд бахъуыды кодта, 32-фарсон брошюрӕйы «Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар» цы фыст уыд, уый. Фӕстӕдӕр йӕхӕдӕг хъусын кӕнын ӕмӕ адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд-иу дзы ӕнӕхъӕн абзацтӕ ӕрхъуыды кодта, ӕмӕ-иу адӕмы дисы ӕфтыдта. Хъусӕй чи нӕ хъуыста, иу ахӕм сылгоймаг рӕстдзинад куы базыдта, уӕд афтӕ тынг фӕивта, ӕмӕ уымӕ кӕсгӕйӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕры ус дӕр фембӕлдтӕм цӕуын райдыдта, цӕуын та йӕ хъуыди 10 километрӕй фылдӕр.

Киси адӕмыхаттӕй чи уыд, уыдон-иу рӕстдзинады фӕндагыл уайтагъд слӕууыдысты. Фӕзынд ма дзы ноджыдӕр иу ӕмбырд, стӕй та иннӕ. Иу-30 хъусынгӕнӕджы райдыдтой пионертӕй лӕггад кӕнын. Горӕт Коиндуйы хицауӕн рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ сын зӕхх балӕвар кодта, цӕмӕй дзы Паддзахады зал сарӕзтаиккой. Кайлахуны районон конгресмӕ 500 адӕймагӕй фылдӕр куы ӕрбацыд, уӕд уым дӕр ӕмбырд сарӕзтой. Тагъд рӕстӕджы Сьерра-Леонейы Ӕвдисӕнтӕн се ’рдӕг уыдысты киси адӕмыхаттӕй, кӕд ӕмӕ ацы адӕм ӕппӕт цӕрджыты нымӕцӕн сӕ 2 проценты дӕр не сты, уӕддӕр.

Ацы хабар алкӕмӕн ӕхсызгон нӕ уыд, уӕлдайдӕр та киси адӕмыхатты дины разамонджытӕн. Хӕлӕгӕй мардысты ӕмӕ тарстысты, адӕм сын раздӕрау куы нал кад кӕной. Ӕмӕ сфӕнд кодтой уыцы хъуыддагӕн кӕрон скӕнын. Фӕлӕ цымӕ уыцы фыдвӕнд куыд ӕмӕ кӕд бафтыдаид сӕ къухы?