Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

1945–1990 Бирӕты рӕстдзинадмӕ ӕрбакодтой (Дан. 12:3) (4 хай)

1945–1990 Бирӕты рӕстдзинадмӕ ӕрбакодтой (Дан. 12:3) (4 хай)

Кӕсын-фыссын ахуыр кӕнынц

1963 азы райдианы Милтон Хеншель Сьерра-Леонемӕ ӕрцыд дыккаг хатт. Филиалы ӕфсымӕрты хъус ӕрдардта, уӕдмӕ дӕр цы хъуыддагыл архайдтой, уымӕ. Ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй сӕ хъарутӕ ноджы тынгдӕр сарӕзтаиккой адӕмы кӕсын-фыссын ахуыр кӕнынмӕ.

Иуӕй-иу ӕмбырдты уыди кӕсын ӕмӕ фыссыны курсытӕ англисаг ӕвзагыл. Фӕлӕ ӕфсымӕр Хеншель куы ’рцыд, уӕд адӕмы райдыдтой сӕ мадӕлон ӕвзагыл ахуыр кӕнын. Кӕцыдӕр ӕмбырдты та курсытӕ уыдысты дыууӕ кӕнӕ ӕртӕ ӕвзагыл. Уыцы курсыты ахуыр кӕнын тынг бирӕты фӕндыд, ӕмӕ Сьерра-Леонейы хъусынгӕнджытӕн се ’ртыккаг хай сӕхи уырдӕм ныффыстой.

1966 азы Либерийы ӕфсымӕртӕ киси ӕвзагыл бацӕттӕ кодтой абеты чиныг нывтимӕ. Ацы чиныг Либерийы хицауады кусджытӕн куы равдыстой, уӕд сӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ йӕ мыхуыры рауагътой ӕмӕ йӕ адӕмӕн лӕвар байуӕрстой. Абеты чиныг апарахат кодтой Гвинейы, Либерийы ӕмӕ Сьерра-Леонейы. Уый фӕрцы киси адӕмыхаттӕй сӕдӕгӕйттӕ кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр сты. Фӕстӕдӕр абеты чиныгыл бакуыстой ӕмӕ йӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дӕр рауагътой, ӕмӕ ноджы фылдӕр адӕм кӕсын-фыссын сахуыр сты.

Сиӕ уацамынды йемӕ хаста сау ӕмӕ сырх бӕттӕнтӕ

Уыцы курсыты адӕмы ӕрмӕст кӕсын-фыссын нӕ ахуыр кодтой, фӕлӕ ма сын ӕххуыс кодтой, цӕмӕй Хуыцауы хуыздӕр базыдтаиккой. Ӕркӕсӕм 50-аздзыд ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг Сиӕ Нгаллайы хабармӕ. Уый дӕр кӕсын-фыссын нӕ зыдта. Сиӕ уацамынды йемӕ хаста сау ӕмӕ сырх бӕттӕнтӕ. Иу сахаты бӕрц-иу куы фӕхъусын кодта, уӕд-иу йӕ сау бӕттӕныл иу ӕлхынцъ акодта. Адӕймагмӕ-иу дыккаг хатт куы бацыд, уӕд та-иу ӕлхынцъ скодта йӕ сырх бӕттӕныл. Сиӕ кӕсын ӕмӕ фыссыны курсытӕм куы бацыд, уӕд ын уыцы хъуыддӕгты фенцондӕр. Стӕй ма донаргъуыд дӕр райста ӕмӕ сси хуыздӕр хъусынгӕнӕг ӕмӕ хуыздӕр ахуыргӕнӕг дӕр.

Абон дӕр Сьерра-Леоне ӕмӕ Гвинейы бирӕ ӕмбырдты ис кӕсын ӕмӕ фыссыны курсытӕ. Сьерра-Леонейы хицауады кусджытӕй иу филиалы ӕфсымӕртӕн загъта: «Нӕ бӕстӕйы адӕмӕн Библи кӕй амонут, стӕй ма сӕ кӕсын ӕмӕ фыссын кӕй ахуыр кӕнут, уый тыххӕй раппӕлинаг стут».

«Дуртӕ» хъӕр кӕнынц

Алыхуызон адӕмыхӕттытӕй фылдӕр адӕм кӕй базыдтой кӕсын, уымӕ гӕсгӕ тынгдӕр хъуыди литературӕ тӕлмац кӕнын. Адӕмӕн сӕ фылдӕрмӕ се ’взӕгтыл ӕнӕуи литературӕ дӕр гыццыл уыди кӕнӕ та ӕппындӕр нӕ уыди. Сьерра-Леонейы ахуыргонд адӕм кастысты англисаг ӕвзагыл, Гвинейы та – французаг. Цы саразын хъуыди, цӕмӕй Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ сӕ мадӕлон ӕвзӕгтыл фӕзындаид?

1959 азы Галаады скъола чи фӕци, дыууӕ ахӕм миссионеры менде ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой трактат ӕмӕ буклет. Фӕлӕ дзы бирӕ нӕ апарахат кодтой. Дӕс азы фӕстӕ киси ӕвзагмӕ тӕлмацгонд ӕрцыдысты буклеттӕ «Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар» ӕмӕ «Рӕстаг ног дунейы цӕрыны ныфс». Ацы буклеттӕй апарахат кодтой 30 мины бӕрц. Буклетты фӕрцы-иу адӕмимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой.

1975 азы филиал киси ӕвзагыл мыхуыр кӕнын райдыдта «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыргӕнӕн статьятӕ. Киси ӕвзагыл дзурӕг хъусынгӕнджытӕн сӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд! Иу ӕфсымӕр ныффыста: «Йегъовӕ диссагӕн дзуринаг хъуыддаг сарӕзта. Махӕй скъолайы никуы ничи ахуыр кодта. Дуртӕй уӕлдай нӕ уыдыстӕм – дзурын нӕ зыдтам. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг аивгъуыдта ӕмӕ ныр киси ӕвзагыл ис „Хъахъхъӕнӕн мӕсыг“ ӕмӕ нӕ бон у Йегъовӕйы стыр хъуыддӕгты тыххӕй дзурын» (Лук. 19:40). Киси ӕвзагмӕ ма тӕлмацгонд ӕрцыдысты ӕндӕр публикацитӕ дӕр.

Абон Сьерра-Леоне ӕмӕ Гвинейы адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ литературӕ кӕсынц англисаг ӕмӕ французаг ӕвзӕгтыл, ӕмбырдтӕ дӕр сӕйраджыдӕр цӕуынц уыцы ӕвзӕгтыл. Фӕлӕ ӕрӕджы бынӕттон ӕвзӕгтыл ног публикациты нымӕц ӕвиппайды фӕфылдӕр. Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ ныр ис ахӕм ӕвзӕгтыл: герзе, киси, крио, манинка, менде, пулар ӕмӕ сусу. Уыцы ӕвзӕгтыл рацыдысты брошюрӕтӕ «Хуыцаумӕ хъус» ӕмӕ «Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай». Ацы хуымӕтӕг брошюрӕты фӕрцы тынгдӕр ӕххуыс кӕнынц, кӕсын хорз чи нӕ зоны, ахӕм адӕмӕн, цӕмӕй Библийы диссаджы хабар бамбарой ӕмӕ йын саргъ кӕной.

Аразынц филиал

1960 азты райдианы Фритауны ӕфсымӕртӕ агуырдтой зӕхх, цӕмӕй дзы ног филиал сарӕзтаиккой. Ӕппынфӕстаг 1965 азы Уилкинсон-роуды ссардтой бынат. Уый уыди горӕты хуыздӕр районтӕй иу, океанмӕ ’ввахс.

Проектмӕ гӕсгӕ иу рӕсугъд агъуысты мидӕг хъуамӕ уыдаид Паддзахады зал, миссионерты хӕдзар ӕмӕ кусӕн бынӕттӕ. Уилкинсон-роудыл тынг бирӕ машинӕтӕ цыди. Ӕмӕ-иу арӕх машинӕтӕ сындӕггай цыдысты, суанг ма-иу лӕугӕ дӕр ӕркодтой. Шофыртӕ дӕр ӕмӕ-иу бӕлццӕттӕ дӕр архайдтой, цӕмӕй арӕзтад хуыздӕр федтаиккой. Уыцы агъуыст Йегъовӕйӕн снывонд кодтой 1967 азы 19 августы. Программӕмӕ ӕрбацыд иу-300 адӕймаджы, уыимӕ ма бынӕттон хицауады кусджытӕ ӕмӕ, «Библийы Браун» 1923 азы донаргъуыд кӕмӕн радта, уыцы рагон хъусынгӕнджытӕй дӕр чидӕртӕ.

Филиал ӕмӕ миссионерты хӕдзар Фритауны, 1965–1997 азтӕ

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ног филиал кӕй фӕзынд, уый фӕрцы адӕм хъусын кӕныны хъуыддагмӕ хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой. Афтӕмӕй ма дзуапп лӕвӕрд ӕрцыд иуӕй-иу дины критикты ныхӕстӕн дӕр, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Сьерра-Леонейы бирӕ нӕ бафӕстиат уыдзысты. Ног филиал хорз бӕлвырдгӕнӕн уыди, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй ӕрбынӕттон сты, уымӕн.

Зынгзӕрдӕ миссионерты фӕрцы фылдӕр адӕм ӕрбацыд

Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар хъусын кӕнынмӕ цӕуынц цъыф пырындзы быдыры уылты

1970 азты ӕмбисӕй фӕстӕмӕ Сьерра-Леоне ӕмӕ Гвинеймӕ ӕдзухдӕр цыдысты, Галаады скъола чи фӕци, ахӕм миссионертӕ, ӕмӕ уый фӕрцы хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цыди. Миссионертӕй иуӕй-иутӕ уӕдмӕ дӕр лӕггад кодтой ӕндӕр африкаг бӕстӕты ӕмӕ-иу бынӕттон уавӕртыл тагъд сахуыр сты. Иннӕтӕ та Африкӕмӕ ӕрцыдысты фыццаг хатт. Цымӕ куыд бафӕрӕзтой «урсцъар адӕмы уӕлмӕрды»? Ӕркӕсӕм сын сӕ ныхӕстӕм.

«Адӕм уыдысты сӕрныллӕг ӕмӕ сӕ тынг фӕндыд Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын. Рӕстдзинад сын сӕ цард куыд ивта, уый уынгӕйӕ тынг амондджын уыдтӕн»,– Ханнелорӕ Альтмайер.

«Тропикон климӕт ӕмӕ низтӕ зын фӕразӕн уыдысты. Фӕлӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн ӕххуыс кодтон, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтаиккой. Ӕмӕ мын уый цы циндзинад хаста, уыимӕ ницы уыди абарӕн»,– Черил Фергусон.

«Ӕз сахуыр дӕн фӕразондзинадыл. Иухатт нӕ хотӕй иуы куы бафарстон, зӕгъгӕ, дӕ уазджытӕ кӕд ӕрбацӕудзысты, уӕд мын загъта: „Чи зоны, абон ӕрбацӕуой. Чи зоны, райсом. Кӕнӕ та иннӕбон“. Мӕ дисӕн кӕрон бынтондӕр нал уыди, афтӕ ма куы бакодта: „Фӕлӕ ӕнӕмӕнгдӕр ӕрбацӕудзысты!“» – Кристин Джонс.

«Фритауны миссионерты хӕдзары царди цыппӕрдӕс миссионеры алыхуызон адӕмыхӕттытӕй. Уыцы хӕдзары уыди дыууӕ къахӕвӕрӕны, иу хинайӕн, иу гӕрзтӕхсӕн машинӕ ӕмӕ иу хӕринаггӕнӕн. Хӕринаг нӕм уыди гыццыл, стӕй хӕрзхъӕд дӕр нӕ уыд. Горӕты-иу рухс ахуыссын кодтой ӕнӕнхъӕлӕджы, хатт цалдӕр бонмӕ дӕр. Нӕ фылдӕр фӕрынчын сты тӕфсӕгӕй ӕмӕ ӕндӕр тропикон низтӕй. Кӕд ӕппӕт уыцы хъуыддӕгты тыххӕй адӕймагӕн йӕ ныфс асастаид, уӕддӕр мах сахуыр стӕм иумӕ цӕрын, кӕрӕдзийӕн хатыр кӕнын, ӕмӕ-иу зын уавӕрты цӕуыл ахудтаиккам, уый дӕр ссардтам. Миссионертӕ уарзтой хъусын кӕнын ӕмӕ хорз хӕлӕрттӕ систы»,– Роберт ӕмӕ Полинӕ Ландис.

Полинӕ Ландис сылгоймагимӕ Библи ахуыр кӕны

«Сьерра-Леонейы цы азтӕ уыдыстӕм, уый нӕ царды ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг у. Ницӕуыл фӕсмон кӕнӕм ӕмӕ ницӕмӕй хъаст кӕнӕм. Уыцы рӕстӕг тынг мысӕм»,– Бенджамин ӕмӕ Моникӕ Мартин.

«Иухатт ӕхсӕвы ӕрлӕууыдыстӕм, Библи чи ахуыр кодта, ахӕм сылгоймагмӕ. Нӕ разы нын ӕрӕвӕрдта ӕнахуыр хӕринаг. Сылгоймаг нын загъта: „Калм ӕрцӕттӕ кодтон, ӕмӕ йын йӕ маргджын дӕндӕгтӕ раппӕрстон. Нӕ дзы ахӕрдзыстут?“ Мах ын уӕзданӕй „нӕ“ загътам, фӕлӕ ныл уый ныттыххӕй. Кӕд-иу ахӕм уавӕрты бахаудыстӕм, уӕддӕр-иу нӕ фысымтӕй бузныг уыдыстӕм ӕмӕ сӕ тынг бауарзтам»,– Фредерик ӕмӕ Барбарӕ Морриси.

«Миссионерӕй лӕггад кӕнын 43 азы. Миссионерты хӕдзары цардтӕн 100 миссионерӕй фылдӕримӕ. Цӕй стыр кад уыди уыйбӕрц адӕмы базонын! Кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодтам, фӕлӕ не ’ппӕт дӕр иу хъуыддаг арӕзтам! Цӕй стыр циндзинад хӕссы, Хуыцауы ӕмкусджытӕ кӕй стӕм ӕмӕ адӕм Библийы рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ кӕй исынц, уый!» – Линеттӕ Питерз.

«Цӕй стыр циндзинад хӕссы, Хуыцауы ӕмкусджытӕ кӕй стӕм ӕмӕ адӕм Библийы рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ кӕй исынц, уый!»

1947 азӕй фӕстӕмӕ Сьерра-Леонейы лӕггад кодта 154 миссионеры, Гвинейы та – 88. Бирӕ ӕндӕр Ӕвдисӕнтӕ та-иу ӕрцыдысты, цӕмӕй-иу хъусын кӕныны хъуыддаджы баххуыс кодтаиккой. Абон Сьерра-Леонейы лӕггад кӕны 44 миссионеры, Гвинейы та – 31. Ӕвӕллайгӕйӕ ӕмӕ удуӕлдайӕ кӕй лӕггад кодтой, уый фӕрцы тынг бирӕтӕн баххуыс кодтой. Алфред Ганн бирӕ рӕстӕг лӕггад кӕны филиалы комитеты ӕмӕ дзуры: «Тынг ӕхсызгонӕй сӕ ӕрымысӕм».