Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

1991–2001 Хъизӕмӕрттӕ «тайынгӕнӕн пецы» (Ис. 48:10) (2 хай)

1991–2001 Хъизӕмӕрттӕ «тайынгӕнӕн пецы» (Ис. 48:10) (2 хай)

Вефилмӕ бабырстой!

1998 азы февралы хицауады ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ Ныгуылӕн Африкаг бӕстӕты мониторингы къордты экономикон ӕхсӕнады (ЭКОМОГ) ӕфсӕддонтӕ ӕппӕт тыхтӕй архайдтой, цӕмӕй змӕнтджыты Фритаунӕй асырдтаиккой. Хъыгагӕн, карз тохы рӕстӕг иу ӕфсымӕрыл дзӕгъӕл нӕмыг сӕмбӕлд ӕмӕ фӕмард.

Фритаунмӕ хӕстӕг горӕттӕ Кисси ӕмӕ Кокериллы миссионерты хӕдзӕртты бамбӕхст 150 хъусынгӕнӕджы бӕрц. Ладди Санди уыди Вефилы ӕхсӕвгӕстӕй сӕ иу. Ладди радзырдта: «Филип Турейимӕ ӕхсӕвгӕстӕ уыдыстӕм, ӕмӕ ӕмбисӕхсӕв дыууӕ гӕрзифтонг змӕнтӕджы Вефилмӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ нын бахизӕны авгӕй конд дуӕрттӕ гом кӕнын кодтой. Мах Филипимӕ бамбӕхстыстӕм ӕмӕ уӕд уыдон дуары гуыдыр цалдӕр хатты фехстой. Диссаг уыди, гуыдыр кӕй нӕ асаст, ӕмӕ авг фехсын та сӕ хъуыдыйы дӕр кӕй не ’рцыд, уый. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ тынг мӕстыйӕ ацыдысты.

Дыууӕ ӕхсӕвы фӕстӕ змӕнтджытӕ ӕрбаздӕхтысты. Семӕ ма ӕрбакодтой 20 гӕрзифтонг ӕмӕ хылмондаг лӕджы. Мах вефилӕгтӕн хабар уайтагъд фехъусын кодтам ӕмӕ пъадвалмӕ алыгъдыстӕм. Уым алцыдӕр рагацау цӕттӕ уыди, цӕмӕй дзы нӕ бон бамбӕхсын уыдаид. Авдӕй дӕр бамбӕхстыстӕм дыууӕ стыр боцкъайы фӕстӕ ӕмӕ фыртӕссӕй рызтыстӕм. Змӕнтджытӕ агъуыст ӕхсгӕ цыдысты ӕмӕ дуары гуыдыр нызгъӕлӕнтӕ кодтой. Сӕ иу мӕстыйӕ хъӕр кодта: „Уыцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ссарут ӕмӕ сӕ аргӕвдут!“. Мах ӕнӕсыбырттӕй зӕххыл дӕлгоммӕ фӕхуыссыдыстӕм, цалынмӕ уыдон авд сахаты бӕрц агъуыст сгӕрстой, уӕдмӕ. Змӕнтджытӕ бирӕ цыдӕртӕ ныппырх кодтой ӕмӕ сӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ ахастой.

Мах нӕ дзаумӕттӕ амбырд кодтам ӕмӕ фӕндагыл уӕлӕмӕ алыгъдыстӕм Кокериллмӕ, миссионерты хӕдзармӕ, раздӕр зӕронд Вефил кӕм уыд, уырдӕм. Фӕндагыл нӕ ӕндӕр змӕнтджытӕ бастыгътой. Миссионерты хӕдзармӕ куы бахӕццӕ стӕм, уӕд нӕ удӕй нӕ мидӕг ницыуал уыди. Фӕлӕ бузныг уыдыстӕм, удӕгасӕй кӕй баззадыстӕм, уый тыххӕй. Цалдӕр боны фӕстӕ гыццыл куы ӕрсабыр стӕм, уӕд фӕстӕмӕ Вефилмӕ аздӕхтыстӕм, цӕмӕй йӕ бафснайдтаиккам».

Дыууӕ мӕйы фӕстӕ ЭКОМОГ-ы ӕфсӕддонтӕ змӕнтджыты горӕтӕй куы расырдтой, уӕд миссионертӕ Гвинейӕ здӕхын райдыдтой. Фӕлӕ ничи зыдта, уым бирӕ кӕй нӕ бафӕстиат уыдзысты, уый.

Операци «Удӕгасӕй макӕй ныууадзут»

Аст мӕйы фӕстӕ, 1998 азы декабры, Фритауны Националон стадионы уыди облӕстон конгресс «Хуыцауы амынд царды фӕндаг». Конгресмӕ ӕрбацыд цалдӕр сӕдӕ адӕймаджы. Фӕлӕ сӕм ӕнӕнхъӕлӕджы дардӕй ӕрбайхъуыст гуыппытӕ ӕмӕ къуылдымтӕй фӕздӕг ракалд. Змӕнтджыты ӕфсад ӕрбаздӕхт!

Бонӕй-бонмӕ Фритауны уавӕр фыддӕр кодта. Филиалы комитет гыццыл хӕдтӕхӕг баххуырста ӕмӕ Конакримӕ арвыста 12 миссионеры, 8 фӕсарӕйнаг вефиладжы ӕмӕ аразджытӕй та 5 адӕймаджы. Ӕртӕ боны фӕстӕ, 1999 азы 6 январы, змӕнтджыты ӕфсад райдыдта операци «Удӕгасӕй макӕй ныууадзут». Адӕмы ӕгъатырӕй цӕгъдын райдыдтой ӕмӕ ӕппындӕр ницӕуыл ауӕрстой. Фритаун пырх кодтой ӕмӕ йын йӕ цӕрджытӕй 6 000 адӕймаджы бӕрц аргӕвстой. Адӕмы сахъат кодтой – сӕ къӕхтӕ ӕмӕ-иу сын сӕ къухтӕ акъуырдтой, сӕдӕгай сывӕллӕтты адавтой ӕмӕ мингай хӕдзӕрттӕ ныппырх кодтой.

Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ бирӕ кӕй уарзтой, уыцы ӕфсымӕр Эдуард Тоубийы змӕнтджытӕ фыдмард акодтой. 200 хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр уыдысты цӕфтӕ, ӕмӕ сӕхицӕн ӕдас бынат ссардтой Вефилы кӕнӕ Кокериллы миссионерты хӕдзары. Иннӕтӕ та сӕ хӕдзӕртты бамбӕхстысты. Горӕты скӕсӕн хайы кӕрон, Киссийы миссионерты хӕдзары чи ӕрбынат кодта, уыдонмӕ тынг хъуыди хостӕй фӕкӕсын. Фӕлӕ горӕты уылты цӕуын тынг тӕссаг уыд. Цымӕ йӕ цард тӕссаг уавӕры чи баппӕрстаид? Вефилы ӕхсӕвгӕстӕ – ныфсджын Ладди Санди ӕмӕ Филип Турей – цӕттӕ уыдысты цӕуынмӕ.

Филип радзырдта: «Горӕт тынг змӕст уыди. Змӕнтджыты ӕфсад алы ран дӕр постытӕ сӕвӕрдта ӕмӕ адӕмӕй хынджылӕг кодтой. Комендантон сахаты тыххӕй нын цӕуынӕн рӕстӕг тынг гыццыл уыди. Киссийы миссионерты хӕдзармӕ цӕугӕйӕ фӕндагыл бахъуыдыстӕм дыууӕ боны ӕмӕ йӕ ӕдзӕллаг уавӕры баййӕфтам – фӕдавтой йӕ ӕмӕ йӕ басыгътой.

Хӕдзары алыварс куы ӕрзылдыстӕм, уӕд ссардтам иу ӕфсымӕр Эндрью Колкеры, йӕ сӕр уыди цӕфтӕ ӕмӕ арф хъӕдгӕмттӕ. Змӕнтджытӕ йӕ сбастой ӕмӕ йӕ фӕрӕтӕй цалдӕр хатты ныццавтой. Кӕй аирвӕзт ӕмӕ удӕгасӕй кӕй баззад, уый диссаг уыд. Мах ӕй уайтагъд госпиталмӕ бахӕццӕ кодтам ӕмӕ сабыргай-сабыргай сдзӕбӕх. Фӕстӕдӕр пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта».

Галиуырдыгӕй рахизырдӕм: Ладди Санди, Эндрью Колкер ӕмӕ Филип Турей

Иннӕ Ӕвдисӕнтӕ та мӕлӕтӕй аирвӕзтысты кӕнӕ ӕфхӕрд нӕ баййӕфтой, сӕхи политикӕйӕ кӕй хызтой, уый фӕрцы. Иу ӕфсымӕр радзырдта: «Змӕнтджытӕ нын бӕттын кодтой гыццыл урс сӕрбӕттӕнтӕ, ӕмӕ хъуамӕ афтӕмӕй уынджы сӕ разӕй кафгӕ цыдаиккам. „Куы не сразы уат, уӕд уын уӕ къухтӕ ӕмӕ уӕ къӕхтӕ ахауын кӕндзыстӕм кӕнӕ уӕ амардзыстӕм“,– загътой нын уыдон. Мӕ бинойнагимӕ тынг фӕтарстыстӕм, иуварс алӕууыдыстӕм ӕмӕ сабыргай Йегъовӕмӕ скуывтам. Цы уӕззау уавӕры бахаудыстӕм, уый уынгӕйӕ нӕ сыхаг ӕрыгон лӕг, уый дӕр змӕнтджытимӕ уыди, сӕ командирӕн загъта: „Амӕй ма тӕрсут, уымӕн ӕмӕ политикӕйы хъуыддӕгты нӕ архайы, мах йӕ бӕсты кафдзыстӕм“. Командир йемӕ сразы ӕмӕ ацыд, ӕмӕ мах дӕр нӕ хӕдзармӕ атагъд кодтам».

Горӕт-иу куы ныссабыр, уӕд-иу ӕфсымӕртӕ сусӕгӕй ӕмбырдтӕ уагътой ӕмӕ хъусын кодтой. Хъусынгӕнджытӕ плакеткӕтӕ кӕй дардтой, уый фӕрцы-иу постыты кӕрӕдзи базыдтой. Постыты бирӕ рӕстӕг лӕугӕйӕ ӕфсымӕртӕ сахуыр сты Библийыл ныхас райдайын.

Горӕты ӕппындӕр куы ницыуал уыд, уӕд Великобританийы филиал ӕрӕрвыста 200 къоппы гуманитарон ӕххуыс. Билл Коуан ӕмӕ Алан Джонс Конакрийӕ Фритаунмӕ ӕртахтысты, цӕмӕй уыцы ӕххуыс постытыл аластаиккой ӕмӕ йӕ бынатыл сӕмбӕлын кодтаиккой. Вефилмӕ ӕрхӕццӕ сты растдӕр комендантон сахаты размӕ. Джеймс Коромайы-иу Конакримӕ арвыстой ӕмӕ-иу ӕрласта литературӕ, стӕй сӕ ӕнӕмӕнг цы хъуыди, уыдӕттӕ. Уыцы литературӕйӕ-иу фӕхай кодтой, Бо ӕмӕ Кенемайы цы хъусынгӕнджытӕ уыд, уыдонӕн дӕр.

Фритаунмӕ гуманитарон ӕххуыс ӕрцыд

1999 азы 9 августӕй фӕстӕмӕ Конакрийы миссионертӕ Фритаунмӕ здӕхын райдыдтой. Иннӕ аз Британийы ӕфсӕдтӕ змӕнтджыты Фритаунӕй фӕсырдтой. Кӕмдӕрты ма-иу тох цыди, фӕлӕ 2002 азы январы хӕстӕн кӕрон ӕрцыд. 11 азы дӕргъы цы хӕст цыди, уым фӕмард 50 000 адӕймаджы, 20 000 сахъатӕй баззадысты, 300 000 хӕдзары ныппырх кодтой ӕмӕ 1,2 милуан адӕймаджы та сӕ райгуырӕн бӕстӕйӕ лидзӕг фесты.

Йегъовӕйы организаци та цы уавӕры уыд? Бӕрӕг уыд, Йегъовӕ йӕ кӕй хъахъхъӕдта ӕмӕ йын кӕй арфӕ кодта. Хӕсты рӕстӕг 700 адӕймаджы донаргъуыд райстой. Хӕст кӕм цыд, уырдыгӕй Ӕвдисӕнтӕ сӕдӕгӕйттӕй алыгъдысты, фӕлӕ Сьерра-Леонейы хъусынгӕнджыты нымӕц 50 проценты фӕфылдӕр. Гвинейы та 300 проценты фӕфылдӕр сты! Ӕппӕты сӕйрагдӕр та уый уыд, ӕмӕ Хуыцауы адӕм иузӕрдионӕй баззадысты. «Тайынгӕнӕн пецы» хъизӕмӕрттӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр кӕрӕдзийыл ӕнувыд уыдысты, кӕрӕдзи уарзтой ӕмӕ «ӕппынӕдзух амыдтой ӕмӕ хъусын кодтой... хорз хабар» (Ис. 48:10; Хъуыд. 5:42).