Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СЬЕРРА-ЛЕОНЕ ӔМӔ ГВИНЕЙ

2002–2013 Цы нын бантыст (2 хай)

2002–2013 Цы нын бантыст (2 хай)

Ӕххуыс кӕнӕм, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн

Куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй Сьерра-Леонейы 3–5 мин адӕймаджы бӕрц хъусӕй нӕ хъусынц, Гвинейы та – сӕдӕгӕйттӕ. Йегъовӕйы «фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕм... фервӕзой» (1 Тим. 2:4). Фӕлӕ хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдон хорз хабар куыд хъуамӕ «фехъусой»?

Хо Мишелль Вашингтон фӕци Галаады скъола ӕмӕ 1998 азы Сьерра-Леонемӕ миссионерӕй лӕггад кӕнынмӕ ӕрцыд. Мишелль загъта: «Мӕ лӕг Кевинимӕ нӕ цы ӕмбырдмӕ снысан кодтой, уым фембӕлдтӕм цыдысты, хъусӕй чи нӕ хъуыста, цыппар ахӕм адӕймаджы. Ӕз зыдтон америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзаг ӕмӕ мӕ фӕндыд, цӕмӕй сын баххуыс кодтаин. Филиал мӕ фӕхуыдта ӕмбырды фембӕлдты ӕмӕ конгрессты къухӕйамонгӕ ӕвзагмӕ тӕлмац кӕнынмӕ, ӕмӕ уый тыххӕй иннӕ ӕмбырдтӕн фехъусын кодтой. Стӕй ма филиал сарӕзта къухӕйамонгӕ ӕвзаджы курсытӕ, цӕмӕй, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын кӕй фӕндыд, уыцы хъусынгӕнджыты сахуыр кодтаиккой. Мах агурын райдыдтам, хъусӕй чи нӕ хъусы, ахӕм адӕмы ӕмӕ семӕ Библи ахуыр кодтам. Цӕрджытӕй нӕ бирӕтӕ ӕппӕлыдысты, ахӕм адӕмӕн баххуыс кӕныныл кӕй архайдтам, уый тыххӕй. Фӕлӕ нӕ куыст алкӕй зӕрдӕмӕ нӕ цыд. Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн сӕ пастор загъта, мах „мӕнг пехуымпартӕ“ кӕй стӕм ӕмӕ сӕ фӕдзӕхста, цӕмӕй нӕ сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ бинонтӕ дӕр сӕхи хызтаиккой. Иуӕй-иутӕн та загътой, зӕгъгӕ, немӕ куы ныхас кӕной, уӕд сын аргъуан ӕхцайӕ кӕй нал ӕххуыс кӕндзӕн. Хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдон дыууӕ дихы фесты: иутӕ дзы нӕ ныхмӕ уыдысты ӕмӕ пасторӕн ӕххуыс кодтой, иннӕтӕ та нӕ фарс уыдысты ӕмӕ пасторӕн не ’ххуыс кодтой. Дыккӕгтӕ рӕстдзинады фӕндагыл ӕрлӕууыдысты, сӕ уырнындзинад фидар кодтой ӕмӕ донаргъуыд райстой».

Ӕркӕсӕм-ма Фемийы хабармӕ. Уый йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ хъусӕй нӕ хъуыста ӕмӕ къухӕйамонгӕ ӕвзаг дӕр ӕвзӕр зыдта. Феми никӕуыл ӕууӕндыд, уӕлдайдӕр та, хъусӕй чи хъуыста, уыдоныл. Афтӕ йӕм каст, ӕмӕ ӕнамонд у ӕмӕ йӕ ничи уарзы. Фӕлӕ стӕй, къухӕйамонгӕ ӕвзагыл цы къорд уыд, уырдыгӕй ӕфсымӕртӕ йемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Феми уайтагъд райдыдта ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ къухӕйамонгӕ ӕвзаг ахуыр кӕнын. Йӕ уырнындзинад фидар кодта, донаргъуыд райста ӕмӕ ныр рӕстдзинад базонынӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕны, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыцы адӕмӕн.

Феми (рахизырдыгӕй) къухӕйамонгӕ ӕвзагыл зары Паддзахады зарӕг

2010 азы июлы Фритауны америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл цы къорд уыд, уымӕй ӕмбырд сарӕзтой. Къухӕйамонгӕ ӕвзагыл ма къордтӕ ис Бо ӕмӕ Конакрийы.

Мӕгуыр, фӕлӕ «уырнындзинадӕй хъӕздыг»

Библийӕ зонӕм, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр мӕгуыр кӕй цардысты. Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Хуыцау, дунейы цӕсты мӕгуыр чи у, уыдоны нӕ равзӕрста, цӕмӕй уырнындзинадӕй хъӕздыг уой?» (Иак. 2:5). Сьерра-Леоне ӕмӕ Гвинейы хъусынгӕнджытӕн дӕр, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндынц, уый хӕссы удӕнцой ӕмӕ сын ныфс дӕтты.

Дард рӕтты чи цӕры, уыцы мӕгуыр бинонтӕй бирӕты уырнындзинад фӕразӕнгард кӕны, цӕмӕй-иу цалдӕр мӕйы ӕхца ӕмбырд кӕной ӕмӕ-иу облӕстон конгресстӕм ацӕуой. Иуӕй-иутӕ та сӕ зӕххы тыллӕгӕй ауӕй кӕнынц, цӕмӕй сын фӕндаггаг уа. Конгресдзаутӕ, 20–30 адӕймаджы, гыццыл уӕзласӕн машинӕты тыххӕй бацӕуынц ӕмӕ 20 сахаты бӕрц кӕнӕ фылдӕр фӕцӕуынц тӕвды, рыджы ӕмӕ дзыхъхъытӕ фӕндӕгтыл. Иннӕ конгресдзауты та фӕхъӕуы къахӕй тынг бирӕ цӕуын. Иу ӕфсымӕр загъта: «Конгресмӕ цӕугӕйӕ фыццаг 80 километры хастам бирӕ банантӕ. Фӕндагыл сӕ ауӕй кодтам ӕмӕ нӕ уаргъ фӕкъаддӕр. Афтӕмӕй ӕхца ӕрӕмбырд кодтам, цӕмӕй дарддӕр гыццыл уӕзласӕн машинӕйыл ацыдаиккам».

Уӕзласӕн машинӕйы облӕстон конгресмӕ фӕцӕуынц

Уырнындзинад ма бирӕ хъусынгӕнджытӕн баххуыс кӕны, цӕмӕй иннӕтау хъӕздыгдӕр бӕстӕтӕм кусынмӕ ма ацӕуой. Скъола ӕнӕус ӕфсымӕртӕн чи фӕци, уыцы ӕфсымӕр Эмманюэль Паттон загъта: «Мах ныфс ис, Йегъовӕ нын кӕй дӕтдзӕн, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый. Хъусынгӕнджытӕ тынг кӕм нӕ фаг кӕны, уыцы бӕстӕйы цӕргӕйӕ ӕмбарӕм, нӕ лӕггад уӕлдай ахсджиагдӕр кӕй у» (Матф. 6:33). Ныр Эмманюэль ӕмбырды хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕны ӕмӕ йӕ бинойнаг Юнисимӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгты зӕрдиагӕй архайынц. Бинонтӕ кӕмӕн ис, ахӕм ӕфсымӕртӕй та чидӕртӕ ӕндӕр бӕстӕтӕм уый тыххӕй нӕ ацӕуынц, цӕмӕй сӕ бинонтимӕ уой ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад хъахъхъӕной. Тимоти Ньюма лӕггад кӕны сӕрмагонд пионерӕй ӕмӕ районон цӕстдарӕджы хӕдивӕгӕй. Тимоти загъта: «Ӕз не сразы дӕн, бирӕ рӕстӕг мӕ бинонтӕй кӕй тыххӕй фӕхицӕн уыдаин, ахӕм куыстыл. Стӕй ма мӕ бинойнаг Флоренсимӕ нӕ фондз сывӕллоны нӕхӕдӕг хъомыл кӕнӕм, нӕ хӕстӕджытӕм сӕ нӕ арвыстам, цӕмӕй хуыздӕр ахуырад райстаиккой».

Иннӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ та кӕд алыхуызон зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уӕддӕр сӕ уырнындзинад бӕрӕг у, Хуыцауы хъуыддӕгты удуӕлдайӕ кӕй архайынц, уымӕй. Уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕр Кевин Вашингтон загъта: «Хъусынгӕнджытӕй бирӕтӕ ӕдзух хъусын кӕнынц ӕмӕ ӕмбырды алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕнынц. Цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ цы низтӕй хъӕрзынц, уыдоны тыххӕй мах хӕдзары баззадаиккам ӕмӕ нӕхимӕ ныхъхъуыстаиккам. Зӕгъӕм, чидӕртӕ сӕ уӕззау низӕй рынчын сты ӕмӕ сӕ бон нӕу дохтыртӕм ацӕуын ӕмӕ хостӕ балхӕнын, кӕд ӕмӕ ӕндӕр искуы уый зын саразӕн нӕу, уӕддӕр. Иннӕтӕ та тынг фӕфыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр уой. Ӕфсымӕр йӕ хӕслӕвӕрд куыд бацӕттӕ кодта, уый тыххӕй мӕ бахъуыр-хъуыр кӕнын куы фӕфӕнды, уӕд ахъуыды кӕнын: „Ӕз дӕр ӕнӕхъӕн бон куы кусин, уӕззау низтӕй рынчын куы уаин, цӕстӕй хорз куы нӕ уынин ӕмӕ мын хорз кӕсӕнцӕстытӕ дӕр куы нӕ уаид, стӕй мӕм нӕ литературӕйӕ алцы куы нӕ уаид ӕмӕ мӕм рухс дӕр куы нӕ уаид, уӕд цымӕ мӕ хӕслӕвӕрд куыд бацӕттӕ кӕнин?“».

Ахӕм ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕй Сьерра-Леоне ӕмӕ Гвинейы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Йегъовӕйы кадджын кӕнынц. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау уыдон дӕр ӕвдисынц, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй сты: «Фидар лӕууынц бирӕ зындзинӕдты, бӕллӕхты... мӕгуыр сты, фӕлӕ бирӕты схъӕздыг кодтой; ницы сӕм ис, фӕлӕ уыдонӕй хъӕздыгдӕр нӕй» (2 Кор. 6:4, 10).

Фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсынц

90 азӕй фылдӕр рацыд, Альфред Джозеф ӕмӕ Ленард Блакман Сьерра-Леонейӕ куы ныффыстой, зӕгъгӕ, хуымтӕ «фӕбур сты ӕмӕ цӕттӕ сты кӕрдынмӕ» (Иоан. 4:35). Иу-35 азы фӕстӕ та Манюэль Дього Гвинейӕ ныффыста: «Ам тынг бирӕты фӕнды Хуыцауы тыххӕй базонын». Абон дыууӕ бӕстӕйы дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты фидарӕй уырны, нырма бирӕтӕ хорз хабармӕ кӕй байхъусдзысты.

2012 азы Гвинейы Ӕрымысӕн изӕрмӕ ӕрбацыд 3 479 адӕймаджы, уыцы бӕстӕйы хъусынгӕнджыты нымӕцӕй 4,5 процентӕй фылдӕр. Сьерра-Леонейы ис 2 030 хъусынгӕнӕджы, Ӕрымысӕн изӕрмӕ та ӕрбацыд 7 854 адӕймаджы, хъусынгӕнджыты нымӕцӕй 4 проценты фылдӕр. Уыцы Ӕрымысӕн изӕры уыди фыццаг Ӕвдисӕнтӕй иу хо 93-аздзыд сӕрмагонд пионер Виннифред Ремми. Уый йӕ лӕг Личфилдимӕ Сьерра-Леонемӕ ӕрцыд 1963 азы. Виннифред 60 азы дӕргъы ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕны ӕмӕ ма ныр дӕр у сӕрмагонд пионер. Уый загъта: «Чи ахъуыды кодтаид, искуы Сьерра-Леонейы уыйбӕрц фидар хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй уыдзӕн. Кӕд зӕронд дӕн, уӕддӕр мӕ фӕнды ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын, ӕмӕ ууыл цин кӕнын» *.

Сьерра-Леоне ӕмӕ Гвинейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр Виннифреды хуызӕн хъуыды кӕнынц. Бӕрзонд, донӕфсӕст бӕлӕстау уыдоны дӕр фӕнды Йегъовӕйӕн кады дыргъ хӕссын (Пс. 1:3). Йегъовӕйы хъаруйы фӕрцы уыдон дарддӕр дӕр адӕмӕн хъусын кӕндзысты ӕцӕг сӕрибардзинады тыххӕй – «Хуыцауы сывӕллӕттӕн цы диссаджы сӕрибардзинад ис, ахӕм сӕрибардзинады» тыххӕй (Ром. 8:21).

Филиалы комитет (галиуырдыгӕй рахизырдӕм): Коллин Аттик, Алфред Ганн, Тамбӕ Джосая ӕмӕ Дэлрой Уилльямсон

^ 16 абз. Ацы ӕрмӕг куы цӕттӕ кодтам, уӕд Виннифред Ремми фӕзиан.