Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔГАС ЗӔХХЫЛ ДӔР ХЪУСЫН КӔНӔМ ӔМӔ АДӔМЫ АХУЫР КӔНӔМ

Европӕ

Европӕ
  • БӔСТӔТӔ 47

  • ЦӔРДЖЫТӔ 741 892 871

  • ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 1 601 915

  • АХУЫРГӔНИНӔГТӔ 862 555

«Мыййаг, дзӕгъӕл фӕдӕ?»

Швецийы иу сомалиаг сылгоймаджы Паддзахады залмӕ ӕмбырдмӕ фӕхуыдтой ӕмӕ уый дӕр ацыд. Фӕлӕ йӕ цыдӕй йӕ зӕрдӕ нӕ барухс. Иу адӕймаг дӕр ын салам нӕ радта, ӕрмӕст ӕм иууылдӕр ныккастысты. Сылгоймаг йӕхи цы фӕкодтаид, уый нал зыдта. Кӕй тыхсы, уый чидӕр бафиппайдта ӕмӕ йӕ афарста: «Мыййаг, дзӕгъӕл фӕдӕ?»

«О, ӕвӕццӕгӕн!» – загъта уый дӕр ӕмӕ ацыд. Фӕстӕдӕр уыцы сылгоймаг фембӕлд, ӕмбырдмӕ йӕ чи фӕхуыдта, уыцы Ӕвдисӕнтыл, ӕмӕ сын мӕстыйӕ загъта, уырдӕм кӕй никуыуал ацӕудзӕн. Уыдон дис кодтой, цы ӕрцыдаид, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ Паддзахады залы нӕ федтой. Куы аныхас кодтой, уӕд бамбӕрстой, сылгоймаг кӕй фӕрӕдыд ӕмӕ аргъуанмӕ кӕй бацыд!

Ӕвдисӕнтӕ йӕ сразӕнгард кодтой, цӕмӕй ма иу хатт Паддзахады залмӕ ацӕуа. Уый дӕр сразы, фӕлӕ загъта, йӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ фӕцӕуа, уӕд дзы дӕс минутӕй фылдӕр кӕй нӕ бафӕстиат уыдзӕн. Фӕлӕ Паддзахады залмӕ куы бацыд, уӕд ын ӕмбырды алчидӕр зӕрдиагӕй салам радта! Йӕ зӕрдӕмӕ дзы афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ залӕй ӕппӕты фӕстаг ацыд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕдзухдӕр ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуы, ӕмӕ ныр у донаргъуыд хъусынгӕнӕг.

Уынджы хуынды гӕххӕтт ссардта

Греци: Стергиос адӕмӕн дзуры, цы хӕзна ссардта, уый тыххӕй

Ӕрыгон нӕлгоймаг Стергиос цӕры Грецийы. Иу райсом куыстӕй хӕдзармӕ цӕугӕйӕ ацыд, алы бон дӕр цы уынгыл цыд, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕндӕр уынгыл. Зӕххыл цыдӕр гӕххӕтт федта. Уый уыди Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуынды гӕххӕтт. Фыст ыл уыди фарста: «Дӕумӕ гӕсгӕ Чырысти чи у?» Уынджы адӕм кӕй рацу-бацу кодта, уымӕ гӕсгӕ Стергиос фефсӕрмы кодта зӕххӕй гӕххӕтт сисын. Хӕдзармӕ куы бацыд, уӕд хъуыды кодта, цы фарста бакаст, ууыл ӕмӕ йӕ фылдӕр базонын бафӕндыд.

Фӕссихор Стергиос йе ’мбӕлттимӕ къофи нуазынмӕ ацыд. Ӕмӕ та йӕ фӕндаг акодта, чъизи хуынды гӕххӕтт кӕм уыд, уыцы уынгыл, уымӕн ӕмӕ йӕ ныфс уыди, уым ма кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ та йӕ алыварс адӕм цыд, ӕмӕ та йӕ нӕ бауӕндыд сисын. Йе ’мбӕлттимӕ къофи куы бануӕзта ӕмӕ хӕдзармӕ куы здӕхти, уӕд та уыцы уынгыл ацыд – хуынды гӕххӕтт ма йӕ бынаты уыд. Ацы хатт ӕй систа ӕмӕ йӕ бакаст. Уый фӕстӕ йӕ бафӕндыд Ӕрымысӕн изӕрмӕ ацӕуын.

Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ Стергиос сразы Библи хӕдзары ахуыр кӕныныл. Райдыдта ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ йӕ уырнындзинад фидар кодта. Ӕмӕ 2013 азы мартъийы иубонон конгрессы донаргъуыд райста.

Радиопередачӕйы фӕрцы сӕм хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой

2010 азы январы Данийы, горӕт Копенгагены ӕфсымӕр Финн тезгъо кӕнынмӕ ацыд ӕмӕ йемӕ ахаста цалдӕр журналы. Нарӕг уынджы цӕугӕйӕ йӕ размӕ фӕци иу ацӕргӕ нӕлгоймаг. Финн ын радта 2009 азы декабры журналтӕ, уыди дзы Рождествойы тыххӕй цалдӕр статьяйы. Нӕлгоймаг куы сдзырдта, уӕд ын Финн йӕ хъӕлӕс базыдта. Уый уыди зындгонд радиопередачӕйы диктор. Дыккаг бон Финн передачӕмӕ хъуыста ӕмӕ тынг бадис кодта, диктор куы загъта, знон ын дыууӕ журналы кӕй радтой. Ӕмӕ уыцы статьятӕй скъуыддзӕгтӕ бакаст. Бакасти ма, Йесо куы райгуырд, уӕд чи фӕзынд, уыцы ӕнахуыр стъалыйы тыххӕй. Загъта, уыцы диссаг Сайтанӕй кӕй уыд, уый тыххӕй дӕр.

Диктор журналтӕй кӕй спайда кодта, уый Финны баразӕнгард кодта, цӕмӕй йӕм фӕдзырдтаид. Куы ныхас кодтой, уӕд ӕй Финн уӕзданӕй бафарста, зӕгъгӕ, уый гӕнӕн ис, цӕмӕй радиойы йӕ передачӕйы Библийы фарстатыл аныхас кӕной. Дыууӕ къуырийы фӕстӕ йын диктор разыйы дзуапп радта. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ Библийы тыххӕй сарӕзтой 30 передачӕйӕ фылдӕр, цыдысты дыгай сахӕттӕ. Диктор ӕмӕ Финн ныхас кодтой, цы темӕтӕ равзӕрстой, уыдоныл ӕмӕ хъусджытӕ телефонӕй цы сӕдӕгай фарстатӕ радтой, уыдонӕн дзуапп лӕвӕрдтой.

Хъусджытӕй иу фӕдзырдта радиостанцӕйы оператормӕ ӕмӕ йӕ телефоны номыр ныууагъта. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй йӕм ӕфсымӕртӕ фӕдзырдтаиккой. Ӕмӕ йын йӕ курдиат сӕххӕст кодтой. Уыцы нӕлгоймагӕн йе ’мбӕлттӕ ӕмӕ йӕ бинонтӕ бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фыдкой кодтой. Фӕлӕ ацы радиопередачӕты фӕрцы Ӕвдисӕнтӕм хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдыдта. Йемӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын. Ӕмӕ 2013 азы уыцы нӕлгоймаг ӕрбацыд Ӕрымысӕн изӕрмӕ, стӕй та сӕрмагонд раныхасмӕ. Хуыцаубоны цы фембӕлд вӕййы, уый нӕ цух кӕны ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ахуыры рӕстӕг хорз дзуаппытӕ фӕдӕтты. Уыцы ран бирӕтӕ рӕстдзинадмӕ хуыздӕр цӕстӕй кӕсын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ радиопередачӕтӕм хъуыстой.

Сӕ дуары раз сын хуынды гӕххӕтт ныууагъта

Уый уыди Италийы, облӕстон конгрессы фӕстаг бон. Лучо йе ’мбӕлттӕй кӕмӕндӕрты хӕрзбон куы дзырдта, уӕд сӕм иу лӕг ӕмӕ иу ус бацыдысты. Лучо сӕ бафарста, кӕцы ӕмбырдмӕ цӕуынц, уымӕй. Уыдон ын загътой: «Мах ӕмбырдӕй не стӕм».

– Исчи уӕ фӕхуыдта? – бафарста сӕ Лучо.

– Нӕ, нӕхӕдӕг ӕрбацыдыстӕм,– загътой уыдон.

Лучо бадис кодта ӕмӕ сӕ бафарста: «Ма мӕм фӕхъыг ут, фӕлӕ ардӕм куыд ӕрбацыдыстут?»

Уыдон ын загътой: «Нӕ дуары раз хуынды гӕххӕтт ссардтам ӕмӕ ӕрбацыдыстӕм».

Лучойӕн куы загътой, кӕм цӕрынц, уый, уӕд йӕ бинойнаг Эстер бацин кодта: «Уый уын ӕз ныууагътон хуынды гӕххӕтт! Зиуы фӕстаг бон ма мӕм хуынды гӕххӕттытӕ баззад ӕмӕ ахъуыды кодтон, ӕппарынмӕ ӕвгъау кӕй сты, фӕлтау сӕ ныууадзон, хӕдзары кӕй нӕ баййӕфтон, уыдонӕн». Уыцы лӕг ӕмӕ ус хуынды гӕххӕтт куы ссардтой, уӕд сфӕнд кодтой иннӕ хуыцаубоны Конгрессты залмӕ ацӕуын. Иугыццыл куы аныхӕстӕ кодтой, уӕд сӕ Лучо ӕмӕ Эстер сӕхимӕ фӕхуыдтой ӕмӕ сӕ ныхас адарддӕр кодтой. Уыцы лӕг ӕмӕ ус сразы сты Библи ахуыр кӕныныл. Алы хатт дӕр ахуырмӕ хорз цӕттӕ вӕййынц, стӕй ӕмбырды фембӕлдтӕм цӕуын дӕр райдыдтой ӕмӕ дзуаппытӕ дӕр фӕдӕттынц.