Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фарон цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыд

Фарон цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыд

Йегъовӕ Йезекилӕн цӕстылуайӕны равдыста стыр уӕларвон уӕрдон. Уый ӕвдисы Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай. Кӕд уыцы уӕрдон стыр у, уӕддӕр цӕуы тынг тагъд, стӕй йӕ бон у арвӕрттывдау иуырдӕм дӕр ӕмӕ иннӕрдӕм дӕр цӕстыфӕныкъуылдмӕ фӕзилын (Йез. 1:15–28). Фарон цы диссаджы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ Хуыцауы организацийы зӕххон хай дӕр размӕ кӕй цӕуы.

АЦЫ ХАЙЫ

Организаци размӕ цӕуы

Сӕйраг хайад Нью-Йоркӕй кӕй цӕуы, уымӕй бӕрӕг у, разамынд сын Йегъовӕ кӕй дӕтты.

Сайт сарӕзтой, цӕмӕй «ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой»

Нӕ сайт ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой

Аргъ кӕнынц «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ»-йӕн

Библи иртасынӕн цы кусӕнгарз фӕзынд, уымӕй чи пайда кӕны, уыдон ӕрвитынц писмотӕ бузныджы ныхӕстимӕ.

Мультфильмтӕ рӕстгӕнджыты зӕрдӕтӕ агайынц

Базон, ацы мультфильмтӕ ӕгас дунейы дӕр сывӕллӕттыл ӕмӕ бинонтыл хорзырдӕм куыд фӕзынынц, уый тыххӕй.

Диссаджы равдыст

Бакӕс ног равдысты тыххӕй, ис дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты истори ӕмӕ чырыстӕттӕ кӕд фӕзындысты, уый схемӕ.

Юридикон хабӕрттӕ

12 бӕстӕйӕ цы юридикон хабӕрттӕ райстам, уыдонӕй бӕрӕг у, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцаумӕ сӕрибарӕй кувой, уый тыххӕй сӕ бирӕ фарстатӕ скъуыддзаг кӕнын кӕй бахъуыд.

Хабӕрттӕ ӕгас дунейӕ дӕр

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ фыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй аразой, Хуыцауӕн кӕм лӕггад кӕндзысты, ахӕм рӕсугъд бынӕттӕ ӕмӕ сӕм цӕуой.

Филиалтӕ снывонд кодтой

Бакӕс уыцы диссаджы хабӕртты тыххӕй.