Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

Сайт сарӕзтой, цӕмӕй «ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой»

Сайт сарӕзтой, цӕмӕй «ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой»

Йесо загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матф. 24:14). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сайт стыр ӕххуыс у, цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр хорз хабар фехъусой, кӕроны ӕрцыдмӕ ма цы гыццыл рӕстӕг баззад, уыцы рӕстӕг.

Соломоны сакъадӕхты миссионертӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм лӕг ӕмӕ ус хъусын кодтой, кӕсагахсыны куыст кӕм кӕнынц, ахӕм хъӕуы денджызы был. Фӕндагыл фембӕлдысты цыппар ацӕргӕ нӕлгоймагыл. Миссионертӕ сын сӕ къухы телефонтӕ куы федтой, уӕд сӕ бафарстой, Интернетӕй пайда кӕнын зонынц ӕви нӕ. Уыдон загътой, кӕй зонынц. Миссионертӕ сын равдыстой, нӕ сайтмӕ куыд бацӕуӕн ис, ӕвзаг дзы куыд равзарӕн ис, куыд дзы ис журналтӕ ӕмӕ Библи рафыссӕн, стӕй куыд ис пайда кӕнӕн, бинонтӕ ӕмӕ дзы сывӕллӕттӕн цы рубрикӕтӕ ис, уыдонӕй. Уыцы миссионертӕн уацамынды ӕхсызгон вӕййы сывӕллӕттӕн ӕвдисын мультфильм «Ӕдзухдӕр кув». Иу сывӕллӕтты къорд уыцы мультфильммӕ куы бакастысты, уӕд тропикон джунглитӕм заргӕ азгъордтой: «Ӕдзухдӕр ӕмӕ алкӕддӕр ӕз Хуыцаумӕ фӕкувын...».

Улан-Батор, Монголи

Нӕ сӕйраг хайад Нью-Йорчы райста тынг бирӕ писмотӕ бузныджы ныхӕстимӕ ӕмӕ дзы мыхуыр кӕнӕм ӕрмӕст иу цалдӕр:

«Мӕ сӕрыхицауимӕ ацыдыстӕм Мексикӕмӕ. Уым райдыдтам ахуыр кӕнын испайнаг ӕвзаг, цӕмӕй, кӕуыл фембӕлӕм, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр хъусын кӕнӕм. Арӕх бацӕуын нӕ сайтмӕ, уый фӕрцы мӕ бон у испайнаг ӕвзагмӕ хъусын ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнын, ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйӕ бузныг дӕн. Сайты ис алыхуызон ӕвзӕгтыл журналтӕ, чингуытӕ, музыкӕ ӕмӕ драмӕтӕ. Цы уӕззау куыст кӕнут, уый тыххӕй мӕ фӕнды зӕгъын стыр бузныг. Бирӕ уӕ уарзын» (Д. Х., Мексикӕ).

«Ӕз цӕстӕй нӕ уынын ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы уӕ сайт, уымӕн ӕмӕ дзы мӕ бон у бирӕ аудиозаписьтӕм хъусын. Ӕз уӕм уый тыххӕй фыссын, цӕмӕй дарддӕр дӕр уыцы куыст кӕнат ӕмӕ фылдӕр чингуытӕ, брошюрӕтӕ ӕмӕ ма, мыхуыр чи вӕййы, ӕндӕр ахӕм ӕрмӕг аудиофайлты (MP3) уадзат. Ӕз сӕм ӕнӕхъӕн бон фӕхъусын» (К. Г., Иугонд Штаттӕ).

«Мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы ацы сайт! Сайтӕй ӕнцон пайда кӕнӕн у ӕмӕ мӕ сразӕнгард кодта, цӕмӕй Библи ноджы зӕрдиагдӕрӕй ахуыр кӕнон ӕмӕ хъусын кӕнон. Цӕуы мыл 72 азы, донаргъуыд дӕн 47 азы ӕмӕ 30 азӕй фылдӕр дӕн пионер. Ис мын 9 сывӕллоны ӕмӕ иууылдӕр сты донаргъуыд, ис ма мын 16 зӕнӕджы зӕнӕг ӕмӕ 3 зӕнӕджы зӕнӕджы зӕнӕг. Нӕ бинонтӕ ныр цыппар фӕлтӕры сты ӕххӕстрӕстӕг пионертӕ. Бузныг зӕгъын Йегъовӕйӕн, афоныл нын ахӕм хӕринаг кӕй радта» (М. Т., Иугонд Штаттӕ).

«Фыссын уӕм райсомы цыппар сахатыл. Бирӕ хатт ӕхсӕвыгӕтты мӕ бон фынӕй кӕнын нӕ вӕййы. Уымӕн ӕмӕ, ӕгас дунейы мӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй бирӕтӕ куыд хъизӕмар кӕнынц, афтӕ ӕз дӕр тыхсын мӕ низӕй (рассеянный склероз) ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр низтӕй дӕр. Йегъовӕ нын ӕдзухдӕр тыхсы нӕ уырнындзинадыл, ӕмӕ мӕ уый тыххӕй фӕнды сымахӕн бузныг зӕгъын. Мӕнӕн исты бамбарын ӕнцондӕр у, нывы йӕ куы фенын, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ нӕ сайты цы нывтӕ ӕмӕ къамтӕ вӕййы, уыдон мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуынц. Стыр пайда мын сты схемӕтӕ, видеоклиптӕ, нывтӕ ӕмӕ сӕм цы фыстытӕ вӕййы, уыдон» (Б. Б., Ног Зеланди).

«Фыссын уӕм, цӕмӕй уын бузныг зӕгъон. Ӕз Шри-Ланкайы дард ран кусын дохтырӕй ӕмӕ мӕ бон нӕу мӕ мадӕлон ӕвзагыл журналтӕ исын. Фӕлӕ уын уӕ сайты тыххӕй арфӕ кӕнын. Уырдыгӕй мӕхи ӕвзагыл журналтӕ рафыссын ӕмӕ сӕ бакӕсын. Йегъовӕ мӕн хуызӕн адӕмӕн цы лӕвӕрттӕ скодта, уыдонӕй ӕппӕты хуыздӕр у уӕ сайт» (Н. Ф., Шри-Ланка).

«Писмо уӕм фыссын, цӕмӕй уын бузныг зӕгъон, адӕмӕн Йегъовӕйы базонынӕн зӕрдиагӕй кӕй ӕххуыс кӕнут, уый тыххӕй. Уӕ хорзӕхӕй, дарддӕр дӕр сайты видеотӕ ӕвӕрут. Уыцы видеотӕ мӕнӕн дӕр ӕмӕ мӕ бинонтӕн дӕр ӕххуыс кӕнынц зындзинӕдты сӕрты хизынӕн. Ӕппӕты тынгдӕр мын баххуыс кодта мультфильм „Фыдуаджы ныхмӕ фидар фӕлӕуу, ӕрмӕст хыл ма кӕн“. Иу хатт ма уын бузныг дзурын уӕ фыдӕбоны тыххӕй» (У. С., 9 азы, Иугонд Штаттӕ).

«Фӕнды мӕ бузныг зӕгъын сымахӕн дӕр ӕмӕ Йегъовӕйӕн дӕр, нӕ уырнындзинад нын чи фидар кӕны, уыцы хӕринаджы тыххӕй. Сайт мын стыр ӕххуыс у, уӕлдайдӕр та дзы фӕсивӕдӕн цы рубрикӕ ис, уый. Мӕ зӕрдӕмӕ ма тынг цӕуы рубрикӕ „Йегъовӕйы ӕмбал су“. Ӕртӕ гыццыл хойы мын ис ӕмӕ уынын, уыцы рубрикӕ сыл хорзырдӕм куыд зыны. Кӕд сымахӕй дард цӕрӕм, уӕддӕр нын ӕгас дунейы дӕр цы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ис, уыдонимӕ иу бинонтӕ стӕм, уымӕн ӕмӕ не ’ппӕт дӕр Йегъовӕйы уарзӕм. Бузныг уын» (А. Б., Перу).