Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

Мультфильмтӕ рӕстгӕнджыты зӕрдӕтӕ агайынц

Мультфильмтӕ рӕстгӕнджыты зӕрдӕтӕ агайынц

Нӕ сайты ис рубрикӕ «Йегъовӕйы ӕмбал су» ӕмӕ дзы ис мультфильмтӕ гыццыл лӕппу Коляйы тыххӕй. Абон ӕй зӕххы цъарыл чи нӕ зоны, ахӕм нӕй. Ацы гыццыл хӕларзӕрдӕ лӕппуйы тыххӕй фыццаг мультфильм тӕлмацгонд ӕрцыд 130 ӕвзагӕй фылдӕрмӕ. Ацы мультфильмты фӕдыл райстам тынг бирӕ писмотӕ.

11-аздзыд чызг ӕмӕ нӕм йӕ 8-аздзыд хо ныффыстой: «Мах фӕнды мысайнаг раттын, цӕмӕй хорз хабар ӕгас дунейы дӕр хъуыстгонд цӕуа. Мах схастам дыууӕ рӕуӕды ӕмӕ сӕ ауӕй кодтам. Схуыдтам сӕ Сырхи ӕмӕ Годо. Ӕмӕ уын уыцы ӕхца ӕрвитӕм, цӕмӕй рубрикӕйы „Йегъовӕйы ӕмбал су“ фылдӕр мультфильмтӕ саразат. Мах фӕнды, цӕмӕй ма Коляйӕн ноджыдӕр иу гыццыл хо фӕзына. Цымӕ Коля куыд кӕндзӕн, иууылдӕр сӕ хъус гыццыл чызгмӕ куы дарой, уӕд. Ӕппӕты тынгдӕр уарзӕм Коляйы мультик!»

Сывӕллӕттӕй бирӕтӕ бахъуыды кодтой мультфильм ӕнӕхъӕнӕй дӕр, стӕй ма зарӕг дӕр ӕмӕ ма суанг дикторы ныхӕстӕ дӕр. Иу хо ныффыста, се ’мбырды кӕй ис 100 хъусынгӕнӕджы ӕмӕ сӕм кӕй ис 40 сывӕллоны, сӕ фылдӕр сты, дӕс азӕй къаддӕр кӕуыл цӕуы, ахӕмтӕ. Фембӕлды кӕрон 120 зарӕг куы зарыдысты, уӕд хо бадти ӕртыккаг рӕнхъы. Сывӕллӕттӕ «сӕ зарӕг» куыд зӕрдиагӕй зарынц, уый куы фехъуыста, уӕд йӕ цӕстысыгтӕ ӕркалдысты.

Иу сылгоймаг ныффыста йӕ чызджы чызджы тыххӕй, зӕгъгӕ, мультфильммӕ дыккаг хатт куы бакаст, уӕд загъта: «Ӕз мӕ къомнӕт мӕхӕдӕг бафснайдзынӕн, цӕмӕй мӕ хъазӕнтыл мачи фӕкӕла ӕмӕ йӕхи ма ныццӕва». Йӕ куыстмӕ афтӕ зӕрдиагӕй бавнӕлдта, ӕмӕ цалынмӕ йӕ къомнӕт нӕ бафснайдта, уӕдмӕ хӕрыныл дӕр не ’рбадт.

Хуссар Африкӕйы дард хъӕуы бирӕ сывӕллӕттӕ иу Ӕвдисӕнты хӕдзармӕ алы бон дӕр ӕддӕмӕ-мидӕмӕ кодтой. Уыцы бинонтӕ къафеттӕ кӕй уӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ чидӕртӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ сӕм уый тыххӕй цӕуынц. Фӕлӕ-иу хъӕуы сывӕллӕттӕ семӕ ’рбакодтой ӕндӕр сывӕллӕтты, цӕмӕй-иу сӕхи ӕвзагыл (косӕ) мультфильммӕ бакастаиккой – «Коммӕ куы кӕсай, уӕд арфӕгонд уыдзынӕ». Иухатт сӕм бацыд иуӕндӕс сывӕллоны ӕмӕ се ’ппӕт дӕр зарӕджы ныхӕстӕ бахъуыды кодтой.

Эквадоры цӕры дыууӕ лӕппуйы, астаздзыд Исаак ӕмӕ фондзаздзыд Саул. Дзурынц кечуа ӕвзагыл. Ӕвдисӕнтӕ не сты. Алы бон дӕр сын цы ӕхца лӕвӕрдтой, уымӕй-иу хӕринаг нӕ балхӕдтой, фӕлӕ сӕ ӕмбырд кодтой, цӕмӕй дзы балхӕдтаиккой хъазӕн хӕцӕнгӕрзтӕ, хъаматӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм хъазӕнтӕ. Иубон сын сӕ мад загъта, цӕмӕй сӕ къомнӕт бафснайой, сӕ хъазӕнтӕ къоппы ӕрӕмбырд кӕной ӕмӕ йӕ сынтӕджы бын бавӕрой. Фӕстӕдӕр ацы лӕппутӕн чидӕр дискыл балӕвар кодта мультфильм «Йегъовӕйы ӕмбал су». Уыдон дӕр ӕм иумӕ бакастысты. Иу къуырийы фӕстӕ мад хӕдзар куы ӕфснайдта, уӕд федта, сӕ сынтӕджы бын цы къопп уыди, уым хъазӕн машинӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр хъазӕнтӕ кӕй нал уыд. Ӕмӕ йӕ лӕппуты бафарста: «Уӕ хъазӕнтӕ цы фесты?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Йегъовӕ ахӕм хъазӕнтӕ нӕ уарзы ӕмӕ сӕ мах дӕр бырондонмӕ аппӕрстам». Сӕ сыхӕгты сывӕллӕтты искӕй ахӕм хъазӕнтӕй хъазгӕ куы фенынц, уӕд сын Исаак фӕзӕгъы: «Ма сӕ хъазут. Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц!»

Хорвати: Паддзахады зарджытӕ гыццылты зӕрдӕтӕ агайынц