Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

Диссаджы равдыст

Диссаджы равдыст

2012 азы октябры Бруклины (штат Нью-Йорк) байгом Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты историйы равдыст. Уыцы равдысты экскурсоводы ӕххуыс нӕ хъӕуы. Равдыстӕй базонӕн ис, Йесо Чырыстийы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ чи цард, уыдон цы зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстой ӕмӕ-иу цы тӕссаг уавӕрты уыдысты, уый тыххӕй.

Ӕрмӕст фыццаг къуыри равдыст федтой 4 200 уазӕджы ӕмӕ вефиладжы. Наоми у Ӕвдисӕн ӕмӕ уырдӕм хӕстӕг цӕры. Равдыст куы бакодтой, уӕд ӕм цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ бацыд. Наоми дзуры: «Хабӕрттӕ кӕд ӕрцыдысты, уый базонӕн кӕм ис, уыцы схемӕйы фӕрцы бамбӕрстон, кӕд ӕмӕ цӕмӕн ӕрцыдысты, уый. Тынг бирӕ цыдӕртӕ базыдтон нӕ организацийы ӕмӕ йӕ нырыккон историйы тыххӕй».

Равдысты цы хабӕртты кой ис, уыдон райдыдтой, нӕ эрӕйы 33 азы чырыстӕттӕ куы фӕзындысты, уӕдӕй нӕ рӕстӕгмӕ. Равдыст конд у цыппар хайӕ, алкӕцыйӕн дӕр дзы йӕ темӕ ист у Библийӕ. Йӕ разныхасы ис цыбыр киноныв англисаг ӕвзагыл ӕмӕ йӕм 7 ӕвзагыл та ис субтитртӕ.

Фыццаг хай хуыйны «Адӕм... бауарзтой талынг», йӕ темӕ йын райстой Йесойы ныхӕстӕй, фыст сты Иоанны 3:19. Библийы фыст уыди, зӕгъгӕ, апостолты мӕлӕты фӕстӕ «фӕзындзӕн, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм» фыдзӕрдӕ адӕймӕгтӕ (Хъуыд. 20:30). Сӕ зондыл чи нӕ цыд, уыдоны карзӕй ӕфхӕрдтой.

Дыккаг хай тынг хицӕн кӕны фыццагӕй, хуыйны «Уадз ӕмӕ... сӕрттивӕд рухс», арӕзт у 2 Коринфӕгтӕм 4:6. Цы хабӕртты кой дзы ис, уыдон райдыдтой 1800 азты кӕрон, сыгъдӕгзӕрдӕ Библииртасджытӕ Фыстад арфдӕр иртасын куы райдыдтой, уӕд. Уыдон сӕ къух систой, Библийы чи нӕй, уыцы рагон ахуырӕдтыл ӕмӕ хъӕбатырӕй хъусын кодтой, рӕстдзинады рухс кӕмӕ бакалд, уыцы ахуырӕдтӕ. Ацы хайы дзырд цӕуы, Фыццаг дунеон хӕсты размӕ сӕ зонындзинӕдтыл куыд ӕфтыд ӕмӕ сӕм фылдӕр адӕм куыд цыд, уый тыххӕй.

Иннӕ залы та фенӕн ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты абоны онг дӕр чи цымыдис кӕны, уыцы диссаг. 1914 азы Библииртасджытӕ (уыцы рӕстӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ хуындысты) райдыдтой ӕвдисын «Сфӕлдыстады фотодрамӕ». Милуангай адӕм бакастысты, змӕлгӕ дӕр ӕмӕ дзургӕ дӕр чи кодта, ахӕм кинокадртӕм. Равдысты ма фенӕн ис уӕды рӕстӕджы конд нывтӕ, программӕйы разныхасӕй цыбыр скъуыддзӕгтӕ ӕмӕ 500 хуызджын слайдӕй фылдӕр.

Сайтан Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты ныхмӕ кӕй цӕудзӕн, уый тыххӕй фыст ис Раргомады 12:17, ӕмӕ равдысты ӕртыккаг хайы темӕ у «Залиаг калм... мӕстӕй рафыхт». Ацы хайы ӕвдыст цӕуы, чырыстӕттӕ уыцы рӕстӕг хӕстимӕ баст хъуыддӕгтӕй сӕхи кӕй хызтой, уый. Ис дзы цавӕрдӕр дзауматы ӕмӕ къамты стыр нывтӕ. Цыбыр видеоклиптӕй базонӕн ис, ӕфсадмӕ цӕуыныл чи нӕ разы кодта, уыдонӕн цытӕ ӕвзарын кодтой, уый. Уыдонӕй иу уыди Ремиджо Куминетти, Италийӕ. Уый Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг нӕ бакуымдта ӕфсӕддон дарӕс скӕнын ӕмӕ хӕстмӕ ацӕуын. Иннӕ видеоклип та у Австрийӕ ӕфсымӕр Алоис Мозерейы тыххӕй. Уый не сразы зӕгъын «Хайль Гитлер!», ӕмӕ йӕ уый тыххӕй куыстӕй расырдтой. Ӕппынфӕстаг та йӕ арвыстой концлагермӕ Дахаумӕ. Ацы залы ма сарӕзтой, мынӕг рухс кӕм судзы, ахӕм тар камерӕ ӕмӕ йын йӕ къултыл бакодтой, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ дины тыххӕй Грецийы, Японийы, Польшӕйы, раздӕры Югославийы ӕмӕ ӕндӕр рӕтты ахӕстӕтты цы уавӕрты бадтысты, уый чи ӕвдисы, ахӕм къамтӕ.

Фӕстаг хай хуыйны «Хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр», арӕзт у Раргомады 14:6 стихыл. Фенӕн дзы ис, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фӕстаг дӕсазты цы арӕзтой, уый. Къултыл конд нывтӕй базонӕн ис, организацимӕ адӕм куыд гуылф кӕнынц, ныфсджынӕй куыд хъусын кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзи ӕфсымӕртау куыд уарзынц, уый. Равдысты кӕрон лӕууы цалдӕр мониторы сенсорон экранимӕ. Экскурсимӕ чи ӕрбацӕуы, уыдонӕн сӕ бон у фенын, Библион хӕдзар ӕмӕ Бруклины хӕсгӕ кувӕндоны цатыр цыхуызӕн уыдысты, уый. Уыцы агъуыстытӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ пайда кодтой 100 азӕй фылдӕры размӕ.

Равдыст ис Бруклины (штат Нью-Йорк), Колумбия-Хайтс, 25. Кусы къуырисӕрӕй майрӕмбонмӕ, райсомы 8 сахатӕй изӕры 17 сахатмӕ, ӕхца фидын дзы нӕ хъӕуы. Нью-Йорчы куы уай, уӕд-иу нӕм ӕнӕмӕнг ӕрбацу ӕмӕ нын нӕ истори хуыздӕр базон.