Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

Юридикон хабӕрттӕ

Юридикон хабӕрттӕ

Апостол Павел чырыстӕтты разӕнгард кодта: «Уӕ зӕрдыл дарут, ахӕстоны чи ис, уыдоны, цыма сымах дӕр семӕ ахст стут, афтӕ» (Дзут. 13:3). Мах Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм нӕ иузӕрдион хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ӕмӕ кувӕм, «стыр бынӕттӕ чидӕриддӕр ахсы, уыдоны тыххӕй, цӕмӕй нӕ бон уа нӕхицӕн ӕнцад ӕмӕ сабырӕй цӕрын, цӕмӕй алы хъуыддаджы дӕр уӕм Хуыцауыл иузӕрдион ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст» (1 Тим. 2:1, 2; Еф. 6:18).

Дӕлдӕр бакӕсӕн ис, фарон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы юридикон хъуыддӕгты архайдтой, уыдонӕй иуӕй-иуты тыххӕй.

Уӕрӕсейы не ’фсымӕртӕ дарддӕр дӕр хорз хабар «ӕппынӕдзух амонынц ӕмӕ хъусын кӕнынц», кӕд православон аргъуан ӕмӕ хицауады кусджытӕ ӕдзухдӕр архайынц, цӕмӕй нын хъусын кӕныны бар мауал уа, уӕддӕр (Хъуыд. 5:42). Уӕрӕсейы хицауад экстремизмы ныхмӕ тох кӕнынӕн цы закъон сфидар кодта, уый бынтон бӕлвырд нӕу. Ӕмӕ кӕд уый раст нӕу, уӕддӕр хицауад уыцы закъонӕй пайда кӕны нӕ публикацитӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты ныхмӕ. Уымӕ гӕсгӕ Уӕрӕсейы тӕрхондӕтты нӕ публикацитӕй 70 бӕрц банымадтой, «экстремистон» ныхӕстӕ кӕм ис, ахӕмтыл. Ӕмӕ сӕ хицауады кусджытӕ дӕр бахастой, Уӕрӕсейы парахат кӕнӕн кӕй нӕй, уыцы экстремистон литературӕйы хыгъдмӕ. Уыцы мӕнг ныхӕсты тыххӕй бынӕттон хицӕуттӕй чидӕртӕ Паддзахады залтӕм ӕмӕ не ’фсымӕрты хӕдзӕрттӕм ӕнӕнхъӕлӕджы бацӕуынц, цӕмӕй уыцы публикацитӕ ссарой. Уацамынды чи вӕййы, уыцы Ӕвдисӕнтӕй бирӕты пъӕлицӕ ӕрцахсы, сисы сын сӕ къамтӕ ӕмӕ се ’нгуылдзты фӕдтӕ. Ӕмӕ цалынмӕ пъӕлицӕйы участокы вӕййынц, уӕдмӕ арӕх фӕархайынц не ’фсымӕрты стӕрсын кӕныныл.

2013 азы майы фыццаг бонты горӕт Таганроджы ӕхсӕрдӕс ӕфсымӕр ӕмӕ хойы тӕрхондонмӕ раттой, ӕмбырдтӕ кӕй уагътой, кӕй сӕм цыдысты, кӕй дзы архайдтой ӕмӕ уацамынды кӕй цыдысты, уый тыххӕй. Советон Цӕдис куы ныппырх, уӕдӕй фӕстӕмӕ уый фыццаг хабар уыди, кӕйдӕр йӕ уырнындзинады тыххӕй фыдгӕнӕгыл куы банымадтой. Уӕрӕсейы хицауад алы рӕтты дӕр архайы, цӕмӕй нын тӕрхондӕтты нӕ публикацитӕ «экстремистон» литературӕйыл банымайой ӕмӕ нын не ’фсымӕрты фӕаххосджын кӕной, зӕгъгӕ, дины бындурыл адӕмы кӕрӕдзийыл ардауынц.

Эритрейы не ’фсымӕртӕ ӕмӕ хоты уавӕр нӕ фӕхуыздӕр. 2013 азы июлы ахӕстоны бадти 52 адӕймаджы – аст ӕфсымӕр ӕмӕ дзы ӕхсӕз хойыл цӕуы, ӕппынкъаддӕр, 70 азы. Ӕртӕ ӕфсымӕры, Паулос Ияссу, Исаак Могос ӕмӕ Негеде Теклемариам ӕфсадмӕ цӕуыныл кӕй не сразы сты, уый тыххӕй 1994 азы 24 сентябрӕй фӕстӕмӕ ахӕстоны бадынц.

Ахст чи у, уыдонӕн се ’рдӕгӕй фылдӕр бады Митеры лагеры. Уыцы лагер ис ӕдзӕрӕг быдыры, сӕйраг горӕт Асмарӕйӕ цӕгатырдӕм. 2011 азы октябрӕй 2012 азы августмӕ хицӕуттӕ 25 ӕфсымӕры бакодтой, йе ’рдӕджы онг зӕххы ныгӕд чи у, ахӕм ӕфсӕйнаг контейнеры. Сӕрды сӕ хъахъхъӕнджытӕ боныгон ӕддӕмӕ ракӕнынц, уымӕн ӕмӕ контейнеры тынг тӕвд вӕййы. Фӕлӕ сын ӕвзӕр хӕринаг кӕй хӕрын кӕнынц ӕмӕ сын дон фаг кӕй нӕ дӕттынц, уый тыххӕй се ’нӕниздзинад тынг фӕцудыдта. Хъыгагӕн, уыцы ӕвзӕр уавӕрты тыххӕй 2012 азы августы амард 68-аздзыд ӕфсымӕр Йоханес Хайле, 2011 азы ӕфсымӕр Мисгина Гебретинсае куыд амард, афтӕ.

Хъыргъызстан: ацы Паддзахады зал ныппырх кодтой дыууӕ хатты