Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

Филиалтӕ снывонд кодтой

Филиалтӕ снывонд кодтой

2012 азы 20 октябры Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Корейы тынг цин кодтой, филиалы агъуыстытӕ Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтой, уӕд. Агъуыстытӕй кӕцыдӕртӕ цалцӕг скодтой, кӕцыдӕртӕ та ногӕй сарӕзтой. Уыцы хабарыл уӕлдай тынгдӕр уымӕн цин кодтой, ӕмӕ уыцы бӕстӕйы ӕфсымӕртӕ 100 азы дӕргъы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц. Стӕй ма 2012 азы хъусынгӕнджыты нымӕц фыццаг хатт схызт 100 минмӕ. Филиалы сарӕзтой ног цӕрӕн агъуыст, типографи, аудио-видео студи ӕмӕ машинӕтӕ цалцӕггӕнӕн агъуыст. Куыстой дзы 1 200 бынӕттон ӕххуысгӕнӕджы бӕрц, дунейы алы рӕтты арӕзтадон куыстыты чи фӕархайы, 239 ахӕм аразӕджы ӕмӕ ма фараст бӕстӕйӕ ӕххуысгӕнджытӕ. Уымӕй уӕлдай ма, цы агъуыстытӕ дзы уыди, уыдонӕн сӕ фылдӕр сцалцӕг кодтой.

Разамонӕг советӕй Энтони Моррисы диссаджы раныхасмӕ байхъуыста 3 037 хо ӕмӕ ӕфсымӕры. Дыккаг бон сӕрмагонд фембӕлд уыди стыр равдыстыты залы. Ӕмӕ йӕ ӕгас Корейы дӕр Интернеты уылты трансляци кодтой 1 300 ӕмбырдӕй фылдӕрмӕ. Уыцы программӕмӕ ӕдӕппӕтӕй байхъуыста 115 782 адӕймаджы: Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмӕ, Библи чи ахуыр кӕны, уыдон.

Либерийы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ никуы ферох кӕндзысты, 2013 азы 9 мартъийы цы бӕрӕгбон уыди, уый. 11 бӕстӕйӕ сӕм ӕрцыд уазджытӕ, цӕмӕй Йегъовӕйӕн снывонд кодтаиккой, кӕй сцалцӕг кодтой ӕмӕ кӕй сарӕзтой, уыцы агъуыстытӕ. Иууылдӕр зӕрдӕбынӕй байхъуыстой Гай Пирсы раныхасмӕ, Разамонӕг советӕй. Либерийы дӕс азӕй фылдӕр цы хӕст цыди, уый аххосӕй филиалы арӕзтадон куыстытӕ бакъуылымпы сты. Филиал йӕ исбонмӕ цы территори бафтыдта, уый раздӕр уыди змӕнтджыты къухы, уыдис сын дзы ӕмбӕхсӕн бынат ӕмӕ лыгъд адӕмы лагер. Вефилы бинонтӕ, 51 адӕймаджы, цин кӕнынц ног агъуыстытыл: 35 къомнӕты кӕм ис, уыцы цӕрӕн агъуыстыл, ногӕй кӕй сцалцӕг кодтой, уыцы кусӕн агъуыстыл, литературӕ кӕцӕй ӕрвитынц, уыцы ног скъладыл, ног цалцӕггӕнӕн агъуыстыл, ног хӕринаггӕнӕныл ӕмӕ ног хӕрӕндоныл.

Гуырдзыстоны цӕры хӕларзӕрдӕ ӕмӕ Хуыцауӕн кувӕг адӕм. Советон Цӕдис куы ныппырх, уӕд Хуыцауы хъуыддаг размӕ ацыд стыр санчъехтӕй, фӕлӕ уый фӕстӕ та йӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты. Фӕлӕ знӕгтӕ фӕсабырдӕр сты. Гуырдзыстоны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты историйы диссаджы бон скодта 2013 азы 6 апрелы, Разамонӕг советӕй сӕм Дейвид Сплэйн куы ’рцыд ӕмӕ Йегъовӕйӕн филиалы комплекс куы снывонд кодта, уӕд. Филиалы агъуыстытӕ сцалцӕг кодтой ӕмӕ ма дзы ногтӕ дӕр сарӕзтой. Йегъовӕйӕн ма снывонд кодтой Конгрессты зал. Стӕй ма снывонд кодтой, Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола ӕмӕ цӕуӕг цӕстдарджытӕ ӕмӕ сӕ устытӕн скъола кӕм уадздзысты, уыцы ног агъуыст дӕр. Программӕмӕ байхъуыстой 338 уазӕджы 24 бӕстӕйӕ, стӕй ма 800 бынӕттон хо ӕмӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕр.

Гуырдзыстон

Дыккаг бон ӕгас Гуырдзыстоны дӕр аудио-видео трансляцийы уылты ӕфсымӕр Сплэйны раныхасмӕ байхъуыста 15 200 адӕймаджы. Уыйбӕрц бӕстӕтӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕй ӕрцыд, уый бирӕтыл тынг бандӕвта. Иу ӕрыгон ӕфсымӕр загъта: «Ныр ӕй зонын, ног дуне цыхуызӕн уыдзӕн, уый».

2013 азы 29 июны Мьянмӕйы Янгоны Вефилы Йегъовӕйӕн снывонд кодтой ног ӕртӕуӕладзыгон кусӕн агъуыст. Раныхас уыди Гай Пирсӕн, Разамонӕг советӕй. Байхъуыста йӕм 1 013 адӕймаджы, уыди дзы уазджытӕ 11 бӕстӕйӕ. Бынӕттон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй кӕмӕндӕрты бахӕс кодтой, цӕмӕй-иу Янгоны ӕхсӕнадӕмон аэропорты уазджытыл сӕмбӕлдаиккой. Уыцы ӕфсымӕртӕм бацыд, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъусын кӕнын кӕм нӕ уадзынц, ахӕм бӕстӕйӕ иу нӕлгоймаг. Ӕфсымӕртӕн сӕ къухы уыди фыст: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ӕгас цӕут!» Нӕлгоймаг фыстмӕ бацамыдта ӕмӕ сӕ бафарста: «Цавӕр тӕрхондоны ӕвдисӕнтӕн дзурут ӕгасцуай?» Уыдон ын загътой: «Мах ӕгасцуай дзурӕм не ’мбӕлттӕн». Нӕлгоймаг та сӕ бафарста: «Ӕмӕ уыцы Йегъовӕ та чи у?» Дзырд дӕр ыл нӕй, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ йемӕ дзӕбӕх кӕй аныхас кодтой. Агъуыст Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтой, уый дыккаг бон Мьянмӕйы Конгрессты комплексы уыди сӕрмагонд фембӕлд, ӕмӕ дзы ӕфсымӕр Гай Пирсӕн уыди раныхас «Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнут ӕмбаргӕ зӕрдӕимӕ». Программӕ трансляци кодтой телефоны уылты Мьянмӕйы ӕхсӕз ӕндӕр ранмӕ. 2 963 адӕймаджы цы программӕмӕ байхъуыстой, уый уыди йӕ афоныл. Янгоны уыцы фембӕлдмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты автобусыл чи ласта, иу ахӕм шофыр загъта: «Уӕ адӕм иннӕ динты адӕмӕй тынг хицӕн кӕнынц. Сымах стут тынг ӕгъдауджын ӕмӕ хӕларзӕрдӕ, стӕй вӕййут аив конд. Бирӕ азты дӕргъы мӕ автобусыл бирӕ адӕмы фӕластон, фӕлӕ ахӕм хорз адӕмы никуы федтон!»

Мьянмӕ: хъусынгӕнджытӕ ӕгасцуай дзурынц, бӕрӕгбонмӕ чи ӕрцыд, уыцы уазджытӕн

2013 азы 3 июлы Молдовӕйы Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн уыди стыр цины бон. Разамонӕг советӕй сӕм Стивен Летт ӕрцыд, цӕмӕй Йегъовӕйӕн снывонд кодтаид ног агъуыстытӕ. Зӕгъӕм, ӕртӕуӕладзыгон агъуыст литературӕйы скъладимӕ ӕмӕ дӕс цӕрӕн къомнӕты. Стӕй ма дыууӕуӕладзыгон Паддзахады зал, пайда дзы кӕнынц 7 ӕмбырды. Молдовӕйы Вефилы бинонтӕ сты 33 адӕймаджы ӕмӕ зӕрдиагӕй бацин кодтой сӕ уазджытыл Германийӕ, Ирландийӕ, Нидерландтӕй, Румынийӕ, Уӕрӕсейӕ, Украинӕйӕ ӕмӕ Америкӕйы Иугонд Штаттӕй. Уазӕгуаты ма ӕрцыдысты, Ӕвдисӕнтӕн Молдовӕйы хъусын кӕныны бар куы нӕ уыди, уӕд Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ дӕр. Уыдонӕй чидӕртӕ уыцы рӕстӕг нӕ литературӕйӕ къопитӕ кодтой ӕмӕ сӕ парахат кодтой. Программӕйы чи уыди, уыдонӕй бирӕты сӕ ныййарджытимӕ Сыбырмӕ ахастой, Советон Цӕдисы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ цы кампанитӕ уыди, уыдоны рӕстӕг. Хуыцаубоны ӕфсымӕр Летты раныхас тӕлмац кодтой румынаг ӕмӕ уырыссаг ӕвзӕгтӕм 14 705 адӕймагӕн. Молдовӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ахӕм стыр фембӕлд никуы уыди.

Ӕдзухдӕр кувут ӕмӕ хъӕддыхӕй архайут

Йесо загъта, цӕмӕй ӕдзухдӕр кувӕм ӕмӕ хъӕддыхӕй архайӕм (Лук. 18:1). Йегъовӕмӕ куы фӕкувӕм, уӕд нӕ ныфс фидардӕр фӕкӕнӕм. Уӕдӕ «ӕппынӕдзух кувӕм» (1 Фес. 5:17; Ром. 12:12). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд «фарны Хуыцау... йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый нӕ мидӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы аразгӕйӕ, мах схайджын кӕндзӕн алы хорздзинадӕй, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнӕм» (Дзут. 13:20, 21).