Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ДОМИНИКАНЫ РЕСПУБЛИКӔ

Нырма бирӕтӕ ӕрбацӕудзысты

Нырма бирӕтӕ ӕрбацӕудзысты

Хорз ном

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Доминиканы Республикӕйы сты 70 азы бӕрц, ӕмӕ сын адӕмы ’хсӕн ис хорз ном. Уацамынды сӕм арӕх бацӕуынц ӕмӕ сӕ литературӕ ракурынц. Стӕй арӕх вӕййы фехъусӕн ахӕм ныхӕстӕ: «Уӕ дин мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы» кӕнӕ та: «Сымах ӕцӕгдӕр Библимӕ гӕсгӕ цӕрут».

Ӕркӕсӕм иу хабармӕ. Иу ӕфсымӕр йӕ зӕхх организацийӕн радта, ӕмӕ дзы Паддзахады зал сарӕзтой. Ӕмӕ йӕ зӕхх регистраци кӕнынмӕ куы ацыд, уӕд рабӕрӕг, чидӕр ахӕм гӕххӕттытӕ кӕй скодта, цыма зӕхх уый у. Ӕмӕ уыцы адӕймаг ӕфсымӕры фӕаххосджын кодта, зӕгъгӕ, дам, мын мӕ зӕхх байсынмӕ хъавы. Хъуыддаг равзарын бахъуыд тӕрхондоны. Фӕлӕ уый ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ уыцы адӕймаг тӕрхондонмӕ цы гӕххӕттытӕ ӕрбахаста, уым афтӕ фыст уыд, цыма зӕххы хицау уый у.

Хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ тӕрхонгӕнӕг ӕфсымӕры адвокатӕн загъта, цӕмӕй, кӕй номӕй дзуры, уый фӕбӕлвырддӕр кӕна. Ӕмӕ адвокат тӕрхонгӕнӕгӕн куы загъта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организацийы номӕй кӕй дзуры, уӕд уый афтӕ бакодта: «Кӕд хабар афтӕ у, уӕд уын уӕ ныхӕстыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнын. Ӕз Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хорз зонын, уыдон ӕнӕзӕрдӕхудт адӕм сты. Уыдон никуы фӕсайынц, ӕмӕ кӕйдӕр исбон сӕхи никуы бакӕндзысты».

Тӕрхонгӕнӕгӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы ’рхастой, уӕд рабӕрӕг, уыцы адӕймагмӕ кӕнгӕ гӕххӕттытӕ кӕй уыд. Ӕмӕ уӕд тӕрхондон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕрыл рахӕцыд. Адвокат загъта: «Кӕцыфӕнды тӕрхондоны-иу Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кой ма скодтаиккой, алы хатт дӕр-иу сӕ хорзы кой ракодтой».

Нырма бирӕтӕ ӕрбацӕудзысты

Рӕстдзинад ма цал адӕймаджы базондзӕн ӕмӕ ма ӕцӕг Хуыцауӕн цал адӕймаджы райдайдзӕн лӕггад кӕнын, уый рӕстӕг равдисдзӕн. Фӕлӕ уал ныр хъусынгӕнджытӕ ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарой. Зӕгъӕм, 2013 азы Доминиканы Республикӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кодтой 11 милуан сахатӕй фылдӕр ӕмӕ Библи ахуыр кодтой 71 922 адӕймагимӕ. 9 776 хъусынгӕнӕгӕй чи ӕххуысгӕнӕг пионерӕй лӕггад кодта, чи та – ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй. Уый махӕн уыд стыр цины хос. Уыцы аз августы хъусын кӕныны хъуыддаджы архайдта 35 331 адӕймаджы. Стӕй Ӕрымысӕн изӕрмӕ 127 716 адӕймаджы кӕй ӕрбацыд, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, рӕстдзинады фӕндагыл нырма бирӕтӕ кӕй ӕрлӕудзысты.

1945 азы апрелы Леннарт ӕмӕ Вирджини Джонсон Доминиканы Республикӕмӕ куы ’рцыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуы. Доминиканы Республикӕйы цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тынг аргъ кӕнынц, бынӕн сын цы стыр хӕзна лӕвӕрд ӕрцыд, уымӕн. Уыдон тынг аргъ кӕнынц раздӕры фӕлтӕрты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн, Йегъовӕйӕн удуӕлдайӕ ӕмӕ хъӕбатырӕй кӕй лӕггад кодтой, уый тыххӕй. Уӕлдайдӕр та аргъ кӕнынц, ныр сӕхӕдӕг цы стыр кадӕй хайджын сты, уымӕн – «Хуыцауы паддзахады тыххӕй» бӕстон кӕй хъусын кӕнынц, уымӕн (Хъуыд. 28:23). Уыдон ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, ацы сакъадахыл ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл цӕрӕг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ иумӕ ацы зарӕг куы зарой: «Йегъовӕ сси паддзах! Зӕхх фырцинӕй райӕд. Ӕнӕнымӕц сакъадӕхтӕ цин кӕнӕнт» (Пс. 97:1).