Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ӔГАС ЗӔХХЫЛ ДӔР ХЪУСЫН КӔНӔМ ӔМӔ АДӔМЫ АХУЫР КӔНӔМ

Океани

Океани
  • БӔСТӔТӔ 29

  • ЦӔРДЖЫТӔ 40 208 390

  • ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ 97 583

  • АХУЫРГӔНИНӔГТӔ 64 675

Пакеттӕ литературӕимӕ ныууагътой

Микронезийы бирӕ сакъадӕхты хорз хабар арӕх нӕ фӕхъусын кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ Маршаллы сакъадӕхты цӕрӕг хъусынгӕнджытӕй чидӕртӕ спълан кодтой дыууӕ къуыримӕ уырдӕм хъусын кӕнынмӕ ацӕуын. Ӕмӕ Маджуройы сакъадахӕй бӕлӕгътыл ацыдысты Вотье ӕмӕ Ормеды сакъадӕхтӕм (атолл Вотье).

Цалынмӕ нӕ абалц кодтой, уӕдмӕ литературӕ ӕрцӕттӕ кодтой, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн хорз хабар фехъусын кодтаиккой. Пакетты фӕйнӕ цыппар журналы ӕмӕ дыууӕ брошюрӕйы нывӕрдтой. Уыцы сакъадӕхтӕм ма кӕд ӕрцӕудзысты, уый кӕй нӕ зыдтой, уымӕ гӕсгӕ-иу, фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыдонӕн литературӕ ныууагътой ӕмӕ-иу сын загътой, цӕмӕй-иу дзы сӕ бинонтӕн ӕмӕ се ’мбӕлттӕн дӕр радтаиккой. Дыууӕ къуыримӕ хъусынгӕнджытӕ апарахат кодтой 531 брошюрӕйы, 756 журналы ӕмӕ 7 чиныджы.

«Бузныг, кӕй нӕ нӕ рох кӕныс»

2014 азы февралы ӕхсӕз хъусынгӕнӕджы Папуӕ – Ног Гвинейӕ дӕс бонмӕ хъусын кӕнынмӕ ацыдысты, вулкантӕ кӕм ис, уыцы сакъадах Каркары хъӕутӕм. Уым сӕм бирӕтӕ байхъуыстой, ӕмӕ апарахат кодтой 1 064 публикацийы. Иу хо, Релви, радзырдта: «Фыццаг бон дзы куы уыдыстӕм, уӕд хъусын кодтам боны ӕртӕ сахатмӕ. Уӕдмӕ, немӕ бутылкӕты цы дон рахастам, уымӕй иу ӕртах дӕр нал баззад, ӕмӕ фырдзырдӕй нӕ кӕмттӕ бахус сты, не ’фсӕртӕ та бафӕлладысты. Иу чызгимӕ дзы ныхас кодтон, ӕмӕ йын Библийӕ иу стих бакӕсынмӕ хъавыдтӕн, фӕлӕ фырдойныйӕ мӕ бон дзурын дӕр нал уыд. Ӕмӕ мын дон ӕрмӕстдӕр уӕд радта».

Иу хъӕуӕй куы хъуамӕ ацыдаиккам, уый размӕ изӕр дзы уыд стыр фембӕлд хъӕуы цӕрджытимӕ, ӕмӕ аргъуаны разамонджытӕ дӕр уым уыдысты. Релви дзуры: «Раст цыма Стефанау Сӕйраг тӕрхондоны раз лӕууын ӕмӕ рӕстдзинады сӕрыл дзурын, афтӕ мӕм каст. Фӕлӕ, уый кӕй раз дзырдта, уыцы адӕмӕй уӕлдай мах дзырдтам хӕларзӕрдӕ адӕмы раз». Ӕхсӕз хъусынгӕнӕджы дзырд куы фесты, уӕд иу сылгоймаг, лютерайнаг аргъуаны скъолайы хицау, сыстад ӕмӕ йӕ мадыхойӕн, уый дӕр Ӕвдисӕн уыд, бузныг загъта, йӕ адӕмӕн ын рӕстдзинад кӕй фехъусын кодтой, уый тыххӕй. Уыцы сылгоймаг загъта: «Ды бафӕзмыдтай самариаг сылгоймаджы. Уый дӕр, Чырыстийӕ цы хорз хабӕрттӕ фехъуыста, уыдон йӕ бинонтӕн радзырдта. Бузныг, кӕй нӕ нӕ рох кӕныс».

Хъусын кӕнынӕн ӕгӕр гыццыл у?

Кирибати: Теарики ӕмӕ Туети

Теарики цӕры Таравӕйы сакъадахыл (Кирибати), цӕуы йыл 7 азы. Иу бон райсомӕй йӕ фыд Туетиимӕ уацамынды куы уыдысты, уӕд сӕ иу хӕдзармӕ мидӕмӕ фӕхуыдтой. Уым федтой иу-10 адӕймаджы, фӕйнӕ 20 азы кӕуыл цыдаид, ахӕм чызджыты ӕмӕ лӕппуты. Теарикийы фыд сын хорз хабар куы радзырдта, уӕд ын сӕ иу афтӕ бакодта: «Куыд уынӕм, афтӕмӕй иууылдӕр уӕ сывӕллӕттимӕ фӕхъусын кӕнут. Уемӕ сӕ цӕмӕн ракӕнут? Хуыцауы тыххӕй дзурынӕн ӕгӕр гыццыл не сты?»

Туети сын загъта: «Фӕнды уӕ фенын, мӕ фыртӕн йӕхи бон исты зӕгъын бауыдзӕн ӕви нӕ? Ӕз иннӕ къомнӕтмӕ ацӕудзынӕн, цӕмӕй йын йӕхимӕ байхъусат». Уыдон ӕмхъӕлӕсӕй загътой: «Гъа-ма, кӕддӕра нын цы зӕгъид!»

Туети куы ахызт, уӕд сӕ Теарики бафарста: «Хуыцауы ном куыд у, уый зонут?»

«Куыннӕ, Йесо Чырысти!» – загъта иу. «Хуыцау»,– загъта иннӕ. Чидӕр та загъта: «Хицау».

Теарики сын загъта: «Базонӕм-ма, Библи уый тыххӕй цы дзуры. Нӕ бон у иумӕ бакӕсын Исайы 42:5 стих». Стих сын куы бакаст, уӕд сӕ бафарста: «Ацы стихы кӕй тыххӕй ис фыст?»

Чызджытӕй иу загъта: «Хуыцауы тыххӕй». Теарики загъта: «Раст у, ам дзырд цӕуы ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй. 8 стихмӕ-ма ӕркӕсӕм. Хуыцау нын дзы цы зӕгъы? „Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном. Ӕз мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн“. Федтат, Хуыцауы ном цы хуыйны?»

Уыдон загътой: «Йегъовӕ».

Алчидӕр ӕм лӕмбынӕг кӕй хъуыста, уымӕ гӕсгӕ сӕ бафарста: «Ӕмӕ Хуыцауы ном, Йегъовӕ, дзурын цӕмӕн хъӕуы? Нӕ бон дзуапп ссарын у Хъуыддӕгты 2:21 стихы. Фыст дзы ис: „Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чидӕриддӕр кувы, уый фервӕздзӕн“. Уӕдӕ Хуыцауы ном, Йегъовӕ, дзурын цӕмӕн хъӕуы?»

Чызджытӕй иу загъта: «Уымӕн ӕмӕ уӕд фервӕздзыстӕм».

Уыцы рӕстӕг Теарикийы фыд къомнӕтмӕ ӕрбахызт ӕмӕ сӕ бафарста: «Цӕй, цы зӕгъдзыстут? Нӕ сывӕллӕттӕ хъусын кӕнынӕн ӕгӕр гыццыл сты? Немӕ сӕ кӕй ракӕнӕм, уый раст у ӕви нӕ?» Чызджытӕ ӕмӕ лӕппутӕ иууылдӕр сразы сты, сывӕллӕттӕн дӕр сӕ бон кӕй у дзурын ӕмӕ сӕ хъусын кӕнынмӕ кӕй акӕнынц, уый раст кӕй у. Уӕд сын Туети загъта: «Библийы цы фыст ис, уый куы базонат, уӕд Теарикийау сымахӕн дӕр уӕ бон уыдзӕн уыдӕттӕ иннӕтӕн дзурын».

Хорз хабар бахӕццӕ хӕххон хъӕумӕ

Жан-Пьер лӕггад кӕны тӕлмацгӕнджыты офисы, Порт-Вилӕйы (Вануату). 2013 азы ноябры, цы сакъадахӕй у, уырдӕм хӕдтӕхӕгыл атахт районон конгресмӕ. Куы ӕртахтысты, уӕд ӕм аэропортмӕ, сакъадахы хуссар фарс цӕрӕг адӕмӕй чидӕртӕ бацыдысты – фӕндыд сӕ фылдӕр базонын, ӕмӕ дзы литературӕ ракуырдтой. Ӕмӕ йемӕ цы журналтӕ рахаста, уыдон байуӕрста, ӕрмӕст ма йӕм дзы цалдӕр баззад. Уый фӕстӕ йӕм иу аргъуаны хистӕр бацыд ӕмӕ дзы уый дӕр литературӕ ракуырдта. Стӕй йын афтӕ бакодта: «Мах Хуыцауы Ныхасӕй ӕххормаг стӕм. Хъуамӕ нӕм хъӕумӕ ӕрцӕуай ӕмӕ нын не ’ппӕт фарстатӕн дӕр дзуапп раттай». Жан-Пьер конгрессы фӕстӕ райсомӕй фистӕгӕй дард фӕндагыл араст, ӕмӕ йӕ бахъуыд бӕрзонд хохмӕ ссӕуын. Уыцы хъӕу уыди хохы цъуппыл. Куы бахӕццӕ, уӕд хъӕуы цӕрджытӕ йӕ размӕ рацыдысты ӕмӕ йыл бацин кодтой. Ӕмӕ семӕ ныхас кӕнын райдыдта, «Чи амард, уыдон райгас уыдзысты?», зӕгъгӕ, чи хуыйны, уыцы буклеты фӕрцы. Иу-30 адӕймаджы йӕм хъуыста, ӕмӕ се ’ппӕты дӕр баразӕнгард кодта, цӕмӕй-иу стихтӕ сӕхи Библиты кастаиккой. Сӕ ныхас ахаста авд сахаты бӕрц. Хъӕуы цӕрджытӕ ӕцӕгдӕр ӕххормаг разындысты! Иу 70-аздзыд нӕлгоймаг загъта: «Мӕрдты тыххӕй мын алцыдӕр бӕстон ды куыд бамбарын кодтай, афтӕ никуы ничи!»

Жан-Пьер ӕхсӕвы уыцы хъӕуы баззад. Иу къомнӕты фынӕй кодта аргъуаны хистӕримӕ, ӕмӕ райсомӕй куы райхъал, уӕд федта, нӕ журнал кӕй кӕсы. Жан-Пьер ӕй куы бафарста, цӕй тыххӕй кӕсыс, зӕгъгӕ, уӕд ын уый цингӕнгӕ загъта, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, зӕгъгӕ. Уый сразы, фарисейтӕн Хуыцауы Паддзахад сӕ зӕрдӕйы кӕй нӕ уыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, уый гӕнӕн кӕй нӕй, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад адӕймаджы зӕрдӕйы уа, йӕ аргъуан куыд амоны, афтӕ (Лук. 17:21). Жан-Пьер фӕстӕмӕ Порт-Вилӕмӕ аздӕхт, фӕлӕ, хъӕуы цӕрджытӕй фылдӕр базонын кӕй фӕндыд, уыдоны нӕ ферох кодта – телефонӕй сӕм бадзуры ӕмӕ семӕ фӕныхас кӕны. Бынӕттон ӕмбырдӕй ӕртӕ ӕфсымӕры уыцы хъӕумӕ ацыдысты, цӕмӕй дзы Ӕрымысӕн изӕр сбӕрӕг кодтаиккой. Ӕмӕ сӕм ӕрбацыд 109 адӕймаджы!

Вануату