Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фарон цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыд

Фарон цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыд

Йегъовӕ Исайӕн ныффыссын кодта ахӕм пехуымпар-ныхӕстӕ: «Ӕрхуыйы бӕсты дын хӕсдзынӕн сызгъӕрин, ӕфсӕйнаджы бӕсты – ӕвзист, хъӕдӕрмӕджы бӕсты – ӕрхуы, дурты бӕсты – ӕфсӕйнаг» (Ис. 60:17). Ацы ныхӕстӕ абоны онг кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый фарон ирдӕй федтам. Цавӕрдӕр ӕрмӕг хуыздӕр ӕрмӕгӕй куы баивынц, уӕд уый фӕрцы дзаума фӕхӕрзхъӕддӕр вӕййы. Раст афтӕ, кӕроны рӕстӕджы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организацийы цы ивындзинӕдтӕ цӕуы, уыдоны фӕрцы сӕ куыст ӕнтыстджындӕр кӕны (Матф. 24:3).

АЦЫ ХАЙЫ

Уорвичы куыст размӕ цӕуы

Базон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад кӕм уыдзӕн, уым цавӕр арӕзтадон куыстытӕ цӕуы ӕмӕ дзы чи архайы, уыдонӕн уый цы стыр циндзинад хӕссы, уый тыххӕй.

Проектты ӕмӕ арӕзтады ӕппӕтдунеон хайад

Хъӕуы 13 000 агъуыстӕй фылдӕр саразын кӕнӕ сцалцӕг кӕнын. Ацы хайад архайы, цӕмӕй куыст тагъддӕр цӕуа.

Бирӕ чи фӕлӕудзӕн, ахӕм Библи

2013 азы уагъд «Библи – Ног дунейы тӕлмац» у рӕсугъд, стӕй афтӕ конд у, ӕмӕ бирӕ фӕлӕудзӕн.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ахӕм стыр фембӕлд никуыма уыд

Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани) 129-ӕм ӕрвылазон фембӕлды цас адӕм ӕрӕмбырд, уыйбӕрц никуыма.

Шри-Ланкайы филиал снывонд кодтой

Программӕйы видеотрансляцийы фӕрцы фондз горӕты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзи уыдтой ӕмӕ хъуыстой.

Юридикон хабӕрттӕ

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тӕрхондӕтты сӕ бартыл дзурынц, цӕмӕй сӕ бон уа Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын.

Ног хабӕрттӕ. Хабӕрттӕ ӕгас дунейӕ дӕр

Гуырдзыстоны чи цӕры, дыууӕ ахӕм чызджы телефон балхӕнын бӕсты мысайнаг раттын цӕмӕн бафӕндыд?

«Ӕнахуыр диссӕгтӕ федтам»

Йесойы заман цы диссӕгтӕ ӕрцыд, уыдон, абон цы хабӕрттӕ ӕрцӕуы, уыдонӕй кӕцытимӕ ис абарӕн?