Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ФАРОН ЦЫ АХСДЖИАГ ХАБӔРТТӔ ӔРЦЫД

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ахӕм стыр фембӕлд никуыма уыд

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ахӕм стыр фембӕлд никуыма уыд

2013 азы 5 октябры, сабаты, Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библитӕ ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады (Пенсильвани) 129-ӕм ӕрвылазон фембӕлды чи уыд кӕнӕ программӕмӕ видеотрансляцийы фӕрцы чи байхъуыста, уыдон уыдысты 257 294 адӕймаджы 21 бӕстӕйы. Уыцы бон фӕстӕдӕр, ӕмӕ стӕй хуыцаубоны дӕр иннӕтӕн уыд фадат программӕйы записьмӕ бакӕсынӕн. Программӕмӕ ӕдӕппӕтӕй бакаст ӕмӕ байхъуыста 1 413 676 адӕймаджы 31 бӕстӕйы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ахӕм стыр фембӕлд никуыма уыд.

1920-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ пайда кодтой телефонтӕй ӕмӕ радиойӕ, цӕмӕй-иу конгрессты программӕмӕ байхъуыстаиккой ӕндӕр бӕстӕты цӕрджытӕ дӕр. Абон та Интернеты фӕрцы адӕймагӕн, кӕмфӕнды ма цӕра, уӕддӕр йӕ бон у фехъусын кӕнӕ фенын, ацы минут дард кӕмдӕр цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон йе та сын уый хӕдфӕстӕ сӕ записьмӕ бакӕсын кӕнӕ байхъусын.

Барвӕндон лӕггадгӕнджытӕ цалдӕр филиалӕй иу афӕдзӕй фылдӕр фӕфыдӕбон кодтой, цӕмӕй видеотрансляцийы фӕрцы программӕ иннӕ бӕстӕты дӕр ӕвдыст ӕрцыдаид. Ӕмӕ программӕ куы цыд, уыцы къуыри ӕфсымӕртӕ трансляциты сӕйраг центрӕй (Бруклин, Нью-Йорк) ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр трансляцимӕ сӕ хъус дардтой, уымӕн ӕмӕ, программӕ кӕм ӕвдыстой, уыцы бӕстӕты кӕм бон уыд, кӕм та – ӕхсӕв.