Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

МА БАФЫНӔЙ УТ!

Милуантӕ лидзынц Украинӕйӕ

Милуантӕ лидзынц Украинӕйӕ

 2022 азы 24 февралы Уӕрӕсейы ӕфсад Украинӕмӕ бабырста. Уавӕр тынг уӕззау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ милуантӕ сӕ цардӕн тӕрсгӕйӕ сӕ хӕдзӕрттӕй лидзынц a.

 «Бомбӕтӕ хаудысты ӕмӕ зӕхх ӕнкъуысыд. Афтӕ тынг тарстыстӕм, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Куы фехъуыстам, поездыл ӕндӕр ранмӕ ацӕуӕн кӕй ис, уӕд фӕстӕ нал фӕкодтам. Немӕ рахастам ӕрмӕстдӕр фӕйнӕ гыццыл рюкзакы. Сӕвӕрдтам дзы документтӕ, хостӕ, дон ӕмӕ иугыццыл хӕринаг, ӕндӕр ницы. Вокзалмӕ куы цыдыстӕм, уӕд нӕ алыварс бомбӕтӕ хаудысты» (Наталия, Харьков).

 «Хӕст уыдзӕн, уый нӕ нӕ уырныдта. Кӕмдӕр горӕты бомбӕтӕ срӕмыгътой. Суанг рудзгуыты ӕвгтӕ дӕр базмӕлыдысты. Мӕхицӕн загътон, лидзын хъӕуы, зӕгъгӕ. Мемӕ райстон, ӕнӕмӕнгдӕр цы хъӕуы, ӕрмӕстдӕр уыдӕттӕ. Райсомӕй 8 сахатыл хӕдзарӕй рацыдтӕн, поездыл сбадтӕн ӕмӕ Львовмӕ ацыдтӕн. Уырдыгӕй та – автобусыл Польшӕмӕ» (Надеждӕ, Харьков).

Ацы статьяйы

 Адӕм Украинӕйӕ цӕмӕн лидзынц, уымӕн йе ’цӕг аххосӕгтӕ цы сты?

 Украинӕйӕ бирӕтӕ лидзинаг фесты, Уӕрӕсейы ӕфсад ӕм кӕй бабырста, уый тыххӕй. Фӕлӕ Библийӕ базонӕн ис, адӕм сӕ хӕдзӕрттӕй лидзинаг цӕмӕн фӕвӕййынц, уымӕн йе ’цӕг аххосӕгтӕ.

  •   Хицауӕдтӕн сӕ бон нӕу, адӕм сӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уый саразын. Хицӕуттӕ арӕх сӕ бартӕй раст нӕ фӕпайда кӕнынц ӕмӕ, сӕ дӕлбар чи ис, уыдоны фефхӕрынц (Екклесиаст 4:1; 8:9).

  •   Сайтан Хӕйрӕг у «ацы дунейы хицау» ӕмӕ адӕмыл тынг ӕндавы. Библийы фыст ис: «Ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» (Иоанны 14:30; 1 Иоанны 5:19).

  •   Адӕм рагӕй фӕстӕмӕ дӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарынц. Фӕлӕ мах цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый тыххӕй Библийы фыст ис: «Фӕстаг бонты скӕндзӕн тынг уӕззау рӕстӕг» (2 Тимофеймӕ 3:1). Уымӕй уӕлдай ма дзы фыст ис, нӕ рӕстӕджы кӕй уыдзӕн хӕстытӕ, ӕрдзон бӕллӕхтӕ, адӕм хӕринагхъуаг кӕй ӕййафдзысты ӕмӕ-иу кӕй сыстдзӕн фыднизтӕ – адӕтты тыххӕй адӕмы бахъӕуы иу ранӕй иннӕ ранмӕ лидзын (Лукайы 21:10, 11).

 Лыгъд адӕмы ӕцӕг ныфс цы бауадздзӕн?

 Библийӕ нӕ бон у базонын, не Сфӕлдисӕг Хуыцау Йегъовӕ b, сӕ хӕдзӕрттӕй лидзинаг чи фӕвӕййы, уыцы адӕмы кӕй уарзы ӕмӕ сын кӕй тӕригъӕд кӕны (Дыккаг закъон 10:18). Хуыцау ныфс ӕвӕры, йӕ уӕларвон хицауады фӕрцы сӕ сӕ зындзинӕдтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Уыцы хицауад, ома Хуыцауы Паддзахад, баивдзӕн зӕххон хицауӕдтӕ (Данел 2:44; Матфейы 6:10). Йегъовӕ йӕ Паддзахады фӕрцы Сайтан Хӕйрӕджы фесафдзӕн (Ромӕгтӕм 16:20). Уыцы Паддзахад разамынд дӕтдзӕн ӕгас зӕххы цӕрджытӕн, ӕмӕ адӕм адӕмыхӕттытыл нал дихтӕ кӕндзысты. Иууылдӕр иу бинонтау иумӕ фӕрнӕй цӕрдзысты. Адӕмы сӕ хӕдзӕрттӕй лидзын никуыуал бахъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Библи ныфс ӕвӕры: «Алчидӕр сӕ баддзӕн йӕ сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕ легъуибӕласы бын, ӕмӕ сын тӕссаг никӕмӕй уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы ныхас ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕйы дзыхӕй рацыд» (Михей 4:4).

 Ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахадӕн у йӕ бон афтӕ бакӕнын, цӕмӕй иу адӕймаг дӕр йӕ хӕдзарӕй лидзинаг макуыуал фӕуа. Уымӕн цы аххосӕгтӕ ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр Йегъовӕ йӕ Паддзахады фӕрцы ӕнустӕм кӕрон скӕндзӕн. Ӕркӕсӕм дзы цалдӕрмӕ.

 Цымӕ Библийӕн йӕ бон у, лидзинаг чи фӕци, уыцы адӕмӕн баххуыс кӕнын?

 О. Йӕ хӕдзарӕй лидзинаг чи фӕци, уыцы адӕмӕн Библи хорз фидӕнӕй ныфс ӕвӕры, стӕй сын ӕххуыс кӕны, абон цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдоны сӕрты хизынӕн.

 Библийы уагӕвӕрд: «Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, ӕмбаргӕ адӕймаг та хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл» (Ӕмбисӕндтӕ 14:15).

 Йӕ хъуыды. Ахъуыды кӕнут, ног бынаты тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттыл ӕмӕ уӕ бон цы у саразын, цӕмӕй уӕхи бахъахъхъӕнат. Ӕрлидзджытӕ, цы ӕмӕ куыд аразой, уый нӕма фӕзонынц, ӕмӕ сӕ фыдгӕнджытӕ ӕнцонтӕй асайынц.

 Библийы уагӕвӕрд: «Уӕдӕ нын хӕрд, уӕлӕдарӕс... куы уа, уӕд уый фагыл нымайӕм» (1 Тимофеймӕ 6:8).

 Йӕ хъуыды. Цы уын нӕй, уыдӕттыл ӕгӕр ма хъуыды кӕнут. Ӕнӕмӕнг уӕ цы хъӕуы, уый фагыл куы нымайат, уӕд амондджындӕр уыдзыстут.

 Библийы уагӕвӕрд: «Уӕдӕ уӕ алы хъуыддаджы дӕр куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр» (Матфейы 7:12).

 Йӕ хъуыды. Ут фӕразон ӕмӕ хӕларзӕрдӕ. Ацы миниуджытӕ уын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, кӕдӕм алыгъдыстут, уым уын адӕм аргъ кӕной ӕмӕ уӕм хорз цӕстӕй кӕсой.

 Библийы уагӕвӕрд: «Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут» (Ромӕгтӕм 12:17).

 Йӕ хъуыды. Исчи дӕм ӕвзӕр цӕстӕй куы ракӕса кӕнӕ дӕ куы бафхӕра, уӕд-иу дӕ масты фӕдыл ма ацу, уымӕн ӕмӕ уӕд уавӕр фӕфыддӕр уыдзӕн.

 Библийы уагӕвӕрд: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Филиппӕгтӕм 4:13).

 Йӕ хъуыды. Хуыцау дын фыццаг бынаты уӕд ӕмӕ йӕм кув. Ӕмӕ дын Хуыцау фаг хъарутӕ дӕтдзӕн.

 Библийы уагӕвӕрд: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый. Ӕмӕ уын Хуыцауы фарн, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн... бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

 Йӕ хъуыды. Хуыцаумӕ кувут, цӕмӕй, цыфӕнды ма уа, уӕддӕр-иу ма тыхсат ӕмӕ-иу уӕ зӕрдӕты фарн уа. Бакӕс статья «Филиппийцам 4:6, 7. „Ни о чём не беспокойтесь“».

a Хӕст куы райдыдта, уӕд дыккаг бон Иугонд Нациты Организаци фехъусын кодта, Украинӕйӕ чи лидзы, уыцы адӕм тынг бирӕ кӕй сты. Дыууадӕс бонмӕ Украинӕйӕ дыууӕ милуан адӕймагӕй фылдӕр алыгъдысты сыхаг бӕстӕтӕм, иу милуан адӕймаджы та алыгъдысты бӕстӕйы иннӕ рӕттӕм.

b Хуыцауы ном у Йегъовӕ (Псалом 83:18). Кӕс статья «Чи у Йегъовӕ?».