Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Руф – ӕцӕг ӕмбал

Руф – ӕцӕг ӕмбал

Рафыссын

  1. 1. Амондджын уыд Ноемин,

    Фӕлӕ фӕивта цард.

    Ӕххуыс ын кодта Руф ӕмӕ

    Ӕвдыста ’нувыд уарзт.

    Нӕ йӕ ныууагъта Руф

    Ӕмӕ йӕ фарсмӕ уыд ӕдзух.

    Уый бавӕрдта зӕрдӕ:

    «Уыдзынӕн демӕ ӕз».

    «Уыдзынӕн демӕ ӕз».

  2. 2. Хӕларӕй алкӕд цардысты

    Руф ’мӕ Ноемин.

    Ӕхсызгон уый Хуыцауӕн уыд,

    Алкӕд сыл тыхсти.

    Мӕн дӕр фӕнды ӕххуыс кӕнын

    Ӕмӕ хорз исты аразын.

    Зӕгъдзынӕн ме ’мбалӕн:

    «Уыдзынӕн демӕ ӕз».

  3. 3. Ӕнкъард куы кӕна,

    Тынг куы тыхса,

    Уӕд ӕм бахуддзынӕн.

    Хъӕбыс ын акӕндзынӕн ӕз –

    Фӕхъӕлдзӕг уыдзӕнис

    Мӕ зынаргъ ӕмбал.

    «Уыдзынӕн демӕ ӕз».

    «Уыдзынӕн демӕ ӕз».