Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Хуыцау ӕцӕгдӕр ис?

Хуыцау ӕцӕгдӕр ис?

Дзуапп Библийӕ

 Хуыцау кӕй ис, уымӕн Библийы бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис. Библи зӕгъы, цӕмӕй, динтӕ Хуыцауы тыххӕй цы дзурынц, ууыл ӕнӕуи ма ’ууӕндӕм, фӕлӕ-иу «арф хъуыды кӕнӕм» ӕмӕ-иу алцыдӕр «сбӕлвырд кӕнӕм» (Ромӕгтӕм 12:1; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:21). Ӕркӕсӕм Библийӕ цалдӕр бӕлвырдгӕнӕнмӕ:

  •   Дун-дунейы алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл кӕй у ӕмӕ зӕххыл цард кӕй ис, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Сфӕлдисӕг ис. Библийы фыст ис: «Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы хӕдзар дӕр чидӕр саразы, ӕмӕ ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау» (Дзуттӕгтӕм 3:4). Уый кӕд хуымӕтӕг хъуыды у, уӕддӕр ахуыргӕндтӕй бирӕтӕн уый ныхмӕ сӕ бон ницы у зӕгъын a.

  •   Мах фӕнды зонын, цӕмӕн цӕрӕм, уый. Адӕймаг уый куы нӕ фӕзоны, уӕд ӕцӕг амондджын нӕ вӕййы, ӕппындӕр куы ницы цух вӕййы, уӕд дӕр. Библи зӕгъы: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон» (Матфейы 5:3; Раргомад 4:11). Афтӕ цӕмӕн у? Уымӕн ӕмӕ афтӕ конд стӕм, ӕмӕ хъуамӕ Хуыцауы зонӕм ӕмӕ йын кувӕм. Хуыцауы зонын нӕ кӕй фӕнды, уый ӕрмӕст ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Сфӕлдисӕг ис. Фӕлӕ ма ууыл дӕр, ӕмӕ адӕмы кӕй уарзы. Уый фӕнды, цӕмӕй йӕ базоной ӕмӕ йын кувой (Матфейы 4:4).

  •   Библийы-иу пехуымпарӕдтӕ рагацау фыст ӕрцыдысты ӕмӕ-иу стӕй цалдӕргай ӕнусты фӕстӕ лыстӕг хабӕртты онг сӕххӕст сты. Иу лыстӕг хабар дӕр-иу дзы ӕнӕ сӕххӕстӕй кӕй нӕ баззад, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ-иу пехуымпарӕдтӕ адӕмы фӕндӕй фыст не ’рцыдысты, фӕлӕ Хуыцауы фӕндӕй (2 Петры 1:21).

  •   Библийы фысджытӕ наукӕимӕ баст фарстаты тыххӕй цы зыдтой, уыдӕттӕ сӕ рӕстӕджы цӕрӕг адӕмӕн сӕ бон бамбарын нӕ уыд. Зӕгъӕм, раджы заманты бирӕты уырныдта, зӕхх цӕрӕгойтыл кӕй лӕууы, зӕгъӕм, пылыл, хъӕддаг хуыйыл кӕнӕ галыл. Фӕлӕ Библийы фыст ис, Хуыцау «зӕхх ӕрцауыгъта ницӕуыл», зӕгъгӕ (Иов 26:7). Уымӕй уӕлдай ма Библийы фыст ис, зӕхх кӕй у къори, ома тымбыл (Исай 40:22). Бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, уӕды заман Библийы фысджытӕ уыдӕттӕ кӕй зыдтой, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сын уыцы зонындзинӕдтӕ Хуыцау лӕвӕрдта.

  •   Библийы дзуапп ис бирӕ ахсджиаг фарстатӕн. Ӕмӕ иуӕй-иутӕ уыцы фарстатӕн дзуапп куы нӕ фӕарынц, уӕд Хуыцауыл нал феууӕндынц. Зӕгъӕм, кӕд Хуыцау адӕмы уарзы ӕмӕ йӕ бон алцыдӕр у, уӕд адӕм зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарынц ӕмӕ зӕххыл уыйбӕрц фыддзинад цӕмӕн ис? Дин адӕмы зондыл арӕх афтӕ цӕмӕн бандавы, ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ, фӕлӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ фӕаразынц? (Титмӕ 1:16).

a Зӕгъӕм, иу астроном, Аллан Сендидж, загъта, зӕгъгӕ, дам, уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ Дун-дунейы райдианы алцыдӕр ӕмтъеры уыд, ӕмӕ дзы стӕй уаг ӕмӕ ӕгъдау фӕзынд. Уыцы уаг ӕмӕ ӕгъдау, дам, хъуамӕ исчи ӕрӕвӕрдтаид. Ӕмӕ, дам, кӕд, Хуыцау ис ӕви нӕ, уый мӕ бон бӕлвырдӕй зӕгъын нӕу, уӕддӕр, Дун-дунейы цы диссӕгтӕ ис, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ растдӕр уыдзӕн зӕгъын, чидӕр сӕ кӕй сфӕлдыста, сӕхигъӕдӕй кӕй нӕ фӕзындысты, фӕлӕ.