ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) 2014 аз, мартъи

Ацы номырӕй базондзынӕ, нӕ бон куыд у удуӕлдайӕ архайын, стӕй нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ нӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа. Нӕ бон куыд у нӕ ацӕргӕ ӕмчырыстӕттӕн ӕмӕ хиуӕттӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ сыл тыхсын?

Ӕнӕуырнӕг хиуӕтты зӕрдӕтӕм фӕндаг арӕм

Йесо йӕ хиуӕттӕм цы зӕрдӕ дардта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Кӕд нӕ бинонтӕй исчи ӕндӕр диныл хӕст у кӕнӕ йӕ Хуыцау бынтондӕр нӕ уырны, уӕд ын нӕ бон куыд у рӕстдзинады тыххӕй дзурын?

Цы хъӕуы, цӕмӕй алкӕддӕр удуӕлдайӕ архайӕм?

Махӕн ис ахӕм знаг, ӕмӕ йӕ бон у, ӕмбаргӕ дӕр ӕй ма бакӕнӕм, афтӕмӕй нын нӕ удуӕлдайдзинад ӕрмынӕг кӕна. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, уыцы знаг чи у ӕмӕ Библийы фӕрцы нӕ бон куыд у йемӕ тох кӕнын.

Цы хъӕуы, цӕмӕй дӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа?

Бирӕты цӕмӕн бахъӕуы ныфссӕттӕг хъуыдытимӕ тох кӕнын? Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Библи нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсӕм ӕмӕ нӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уа.

Бинонты ахуыр. Фылдӕр циндзинад уын цӕй фӕрцы хӕсдзӕн?

Кӕс, ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты бинонтӕ сӕ ахуыр куыд фӕуадзынц, уый тыххӕй ӕмӕ базон, дӕуӕн та дӕ бон цы у саразын.

Ацӕргӕтӕн кад кӕнут

Базон, Хуыцау ацӕргӕтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый. Сывӕллӕттыл сӕ ацӕргӕ ныййарджыты раз цавӕр хӕс ис? Ӕмбырдӕн йӕ бон куыд у ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн кад кӕнын?

Куыд ис ацӕргӕтӕн ӕххуыс кӕнӕн

Ацӕргӕ ныййарджытӕн ӕмӕ сӕ цотӕн сӕ бон у рагацау, цалынмӕ «фыдбонтӕ» не ’рхӕццӕ сты, уӕдмӕ, бауынаффӕ кӕнын, куыд архайдзысты, ууыл. Сӕ бон куыд у зындзинӕдты сӕрты хизын?

Дӕ ныхас. Куы дын «о» вӕййы, куы та – «нӕ»?

Чырыстон «о» куы зӕгъа, уӕд-иу хъуамӕ бацархайа, цӕмӕй йын стӕй «нӕ» ма рауайа. Фӕлӕ нӕ, зӕгъӕм, цӕуыл баныхас кодтам, уый аивын хъӕуы, уӕд та? Базон, апостол Павел нын уыцы хъуыддаджы фӕзминаг куыд у, уый тыххӕй.