ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) 2017 аз, декабрь

Ацы брошюрӕйы ис, 2018 азы 29 январӕй 25 февралмӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

«Зонын ӕй, кӕй райгас уыдзӕн»

Фидарӕй нӕ цӕмӕн уырны, фидӕны мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый?

«Ӕз мӕ ныфс дарын Хуыцауыл»

Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ райгасдзинады тыххӕй ахуырад чырыстон дины сӕйраг ахуырӕдтӕй сӕ иу у?

Бахъуыды кодтай?

Фӕстаг мӕйты цы брошюрӕтӕ рацыд, уыдон бакастӕ? Ӕркӕс-ма, дӕ бон цал фарстайӕн бауыдзӕн дзуапп раттын.

Кӕсджыты фарстатӕ

Цымӕ, Мессийӕ кӕй хӕдзарвӕндагӕй хъуамӕ рацыдаид, уыдонмӕ ӕнӕмӕнг хистӕр фырты бартӕ хъуамӕ уыдаид?

Кӕсджыты фарстатӕ

Цымӕ Библимӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕн ВМС-тӕй (внутриматочная спираль) пайда кӕнын ӕмбӕлы?

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕтты ахӕм зондыл аразут, цӕмӕй фервӕзой

Йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уыцы сывӕллӕттӕй бирӕтӕн сӕ ныййарджытӕ фӕмӕт кӕнынц, мыййаг, фӕстӕдӕр сӕ уарзт куы ӕруазал уа. Сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар кӕна ӕмӕ уый фӕрцы фервӕзой?

Ӕрыгӕттӕ, «ӕппӕт хъарутӕй архайут уӕ ирвӕзындзинадыл»

Кӕд донаргъуыд райсын адӕймагыл ахсджиаг хӕс ӕвӕры, уӕддӕр ӕрыгӕттӕ уыцы къахдзӕф скӕнынӕй хъуамӕ ма тӕрсой.

БИОГРАФИ

Ӕппӕт дӕр ныууагътон, цӕмӕй Чырыстийы фӕдыл цыдаин

Феликс Фахардойыл 16 азы йеддӕмӕ куы нӕ цыд, уӕд йӕхицӕн загъта, чырыстон фӕндагыл кӕй слӕудзӕн. Ныр 70 азӕй фылдӕр Чырыстийы фӕдыл цӕуы, ӕмӕ ууыл ӕппындӕр нӕ фӕсмон кӕны.

Нӕ ирвӕзындзинад у Хуыцауӕй

Рагзаманты-иу Хуыцауы адӕм иннӕ адӕмы къухӕй бирӕ хӕттыты ӕфхӕрд ӕййӕфтой. Ӕмӕ-иу сӕ Хуыцау куы нӕ хъахъхъӕдтаид, уӕд-иу ницы хуызы аирвӕзтаиккой.