ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) Август 2018

Ацы брошюрӕйы ис, 2018 азы 1–28 октябры кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

Хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕныс?

Библийӕ нын цавӕр ӕртӕ уагӕвӕрды баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй-иу, хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕнӕм?

Ӕддаг бакастмӕ гӕсгӕ ма тӕрхон кӕн

Базон, иннӕты тыххӕй цы хъуыды кӕнӕм, ууыл хатгай цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы фӕзынынц ӕмӕ сын уыдӕттӕм гӕсгӕ тӕрхон кӕнын раст цӕуылнӕ у.

БИОГРАФИ

Мӕ къухтӕ ӕруадзын никуы бауагътон

Базон, Максим Данилейко алыхуызон бӕстӕты 68 азы дӕргъы ӕххӕстрӕстӕг куыд лӕггад кодта ӕмӕ йыл цы цымыдисаг хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй.

Рӕдау адӕймаг – амондджын адӕймаг

Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ, рӕдау куы уӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын?

Йегъовӕимӕ алы бон дӕр ӕмгуыст кӕн

Цавӕр фондз хъуыддаджы у нӕ бон Йегъовӕимӕ ӕмгуыст кӕнын?

Фӕразондзинад – ныфс сӕттын чи нӕ уадзы, уыцы миниуӕг

Базон, цӕуыл дзурӕг у, ӕцӕг фӕразон уай, уый, стӕй куыд ис уыцы миниуӕгыл кусын ӕмӕ, фӕразон уай, уый цы пайда хӕссы.

НӔ ИСТОРИЙЫ ХӔЗНАДОНӔЙ

Паддзахады мыггӕгтӕ Португалийы тауын куыд райдыдтой

Португалийы фыццаг хъусынгӕнджыты цавӕр цӕлхдурты сӕрты ахизын бахъуыд?