ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) 2019 аз, ноябрь

Ацы номыры ис, 2019 азы 30 декабрӕй 2020 азы 2 февралмӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

Цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ноджы ӕнгомдӕр кӕн

Йеремийы хабарӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм. Иерусалим куы нӕма ныппырх кодтой, уӕд ӕй йе ’мбӕлттӕ фервӕзын кодтой.

Хуыцауы сыгъдӕг тых нын куыд ӕххуыс кӕны?

Хуыцауы сыгъдӕг тых нын ӕххуыс кӕны зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн. Фӕлӕ нын цӕмӕй ноджы тынгдӕр ӕххуыс кӕна, уый тыххӕй хъуамӕ аразӕм цыппар хъуыддаджы.

Дӕ «уырнындзинады стыр уартмӕ» зилыс?

Нӕ уырнындзинад нӕ уартау хъахъхъӕны. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ «уырнындзинады стыр уарт» фидар уа?

Левиты чиныгӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Левиты чиныджы ис, Йегъовӕ рагон Израилӕн кӕй радта, уыцы закъӕттӕ. Мах чырыстӕттӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ уыцы закъӕттӕ ӕххӕст кӕнын нӕ хъӕуы, фӕлӕ нын уӕддӕр пайда сты.

Цы хъуыддаг райдыдтай, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кӕн

Хорз уынаффӕ куы рахӕссӕм, уӕддӕр нын, гӕнӕн ис, зын уа уымӕ гӕсгӕ архайын. Ӕркӕс, цы хъуыддаг райдыдтай, уый дын кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнынӕн чи баххуыс кӕндзӕн, цалдӕр ахӕм уынаффӕмӕ.

Зыдтай йӕ?

Раджы заманты хӕдзармӕгӕсӕгӕн йӕ хӕс цы уыд?