Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ № 1 2021 | Хуыцаумӕ кувын цӕмӕн хъӕуы?

Искуы дӕм афтӕ каст, ӕмӕ дын Хуыцау дӕ куывдтытӕм нӕ фӕхъусы? Кӕд о, уӕд ӕрмӕст дӕумӕ нӕ кӕсы афтӕ. Бирӕтӕ Хуыцаумӕ фӕкувынц, цӕмӕй сын баххуыс кӕна, фӕлӕ уӕддӕр сӕ зындзинӕдтӕй нӕ фервӕзынц. Ацы журналы цы статьятӕ ис, уыдонӕй базондзынӕ, Хуыцау нын нӕ куывдтытӕм кӕй фӕхъусы, ууыл цӕмӕн ис ӕууӕндӕн, иуӕй-иу куывдтытӕн дзуапп цӕуылнӕ ратты ӕмӕ нӕ бон куыд у афтӕ кувын, цӕмӕй-иу нын нӕ куывдтытӕн дзуапп ратта.

 

Адӕм цы дзурынц Хуыцаумӕ кувыны тыххӕй?

Нӕ бон кувын кӕй у, уый Хуыцауы зынаргъ лӕвар у ӕви, кӕмӕй ницы пайда ис, ахӕм ӕгъдау?

Хуыцау нын нӕ куывдтытӕм фӕхъусы?

Библи нын ӕмбарын кӕны, Хуыцаумӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ куы кувӕм, уӕд нын нӕ куывдтытӕм кӕй хъусдзӕн.

Хуыцау алы куывдӕн дзуапп цӕуылнӕ ратты?

Библи ӕмбарын кӕны, Хуыцау дзуапп цавӕр куывдтытӕн ратты ӕмӕ цавӕр куывдтытӕн нӕ ратты.

Дӕ бон куыд у кувын, цӕмӕй дын Хуыцау дӕ куывдтытӕм хъуса?

Хуыцаумӕ кув кӕмфӕнды дӕр ӕмӕ кӕдфӕнды дӕр, хъӕрӕй кӕнӕ дӕхинымӕр. Чырысти бацамыдта, кувӕн цӕй тыххӕй ис, уый.

Хуыцаумӕ куы кувай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

Хуыцаумӕ куы кувай, уӕд дын уый дӕ зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?

Хуыцау дын дӕ куывдтытӕм фӕхъусы?

Библийӕ бӕрӕг у, Хуыцаумӕ куы фӕкувыс, уӕд дӕм кӕй фӕхъусы ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды дӕуӕн баххуыс кӕнын.