Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?

Ацы ахуыргӕнӕн чиныджы фӕрцы дӕ бон у Библийӕ алыхуызон фарстатӕн дзуапп базонын, зӕгъӕм, цӕмӕн хъизӕмар кӕнӕм, адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы, бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты ӕмӕ ӕндӕртӕн.

Хуыцауы уый фӕндыд?

Чи зоны, фӕхъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, абон уыйбӕрц зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарӕм. Зыдтай йӕ, Библийы афтӕ кӕй ис фыст, ӕмӕ тагъд зӕххыл цард бынтондӕр фӕивдзӕн ӕмӕ дӕ бон у уый дӕхи цӕстӕй фенын?

1 СӔР

Библи Хуыцауы тыххӕй цы дзуры?

Куыд хъуыды кӕныс, Хуыцау дӕуыл дӕр тыхсы? Базон Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕм цӕй фӕрцы баввахс уыдзынӕ, уый тыххӕй.

2 СӔР

Библи – Хуыцауы Ныхас

Библи дын куыд баххуыс кӕндзӕн дӕ зындзинӕдты сӕрты хизынӕн? Цӕмӕн у дӕ бон йӕ пехуымпарӕдтыл ӕууӕндын?

3 СӔР

Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис?

Хуыцауы фӕнд искуы сӕххӕст уыдзӕн? Искуы зӕххыл дзӕнӕт уыдзӕн? Кӕд о, уӕд уый кӕд уыдзӕн?

4 СӔР

Йесо Чырысти чи у?

Базон, Йесо, кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы Мессийӕ цӕмӕн у, зӕхмӕ кӕцӕй ӕрцыд ӕмӕ цӕмӕн у Йегъовӕйы иунӕггуырд Фырт.

5 СӔР

Чырыстийы нывонд – Хуыцауы стырдӕр лӕвар

Адӕмы цӕмӕй хъуыд фервӕзын кӕнын? Уыцы нывонд дын цы пайда хӕссы?

6 СӔР

Мӕрдты исты ис?

Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы ӕмӕ адӕм цӕмӕн мӕлынц? Базон, Библи уый тыххӕй цы дзуры.

7 СӔР

Чи нын амард, уыдон райгас уыдзысты

Исчи дын амард? Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕ ногӕй фенай? Базон, Библи мӕрдты райгасы тыххӕй цы дзуры.

8 СӔР

Цы у Хуыцауы Паддзахад?

Бирӕтӕ зонынц, «нӕ уӕларвон Фыд» кӕй хонынц, уыцы куывд. Цы нысан кӕнынц ацы ныхӕстӕ, «ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад», зӕгъгӕ?

9 СӔР

Ӕцӕгдӕр «фӕстаг бонты» цӕрӕм?

Нӕ алыварс цытӕ цӕуы ӕмӕ адӕм цыхуызӕн сты, уымӕй бӕрӕг у, Библи кӕй кой кодта, уыцы «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм. Бакӕс уый тыххӕй.

10 СӔР

Зӕдтӕ ӕмӕ хӕйрӕджытӕ нӕ цардмӕ исты бар дарынц?

Библийы фыст ис зӕдты ӕмӕ хӕйрӕджыты тыххӕй. Ӕцӕгдӕр сты? Дӕ цардмӕ исты бар дарынц?

11 СӔР

Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

Ӕнӕхъӕн зӕххыл адӕм цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц, уыдон бирӕтӕ Хуыцауы аххос кӕнынц. Ды та куыд хъуыды кӕныс? Базон, Хуыцау уыцы фарста куыд ӕмбарын кӕны, уый.

12 СӔР

Дӕ цардӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕн

Дӕ цардӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнай, уымӕн гӕнӕн ис. Дӕ бон ма у, ӕмӕ йӕ хӕлар дӕр суай.

13 СӔР

Цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕс

Хуыцау абортмӕ, туг уадзынмӕ ӕмӕ цӕрӕгойты цардмӕ цы цӕстӕй кӕсы?

14 СӔР

Дӕ бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд уарзта, уымӕй фӕзминаг у лӕгтӕн, устытӕн, ныййарджытӕн ӕмӕ сывӕллӕттӕн. Куыд сын уыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

15 СӔР

Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕцы дин цӕуы?

Ӕркӕс, раст диныл хӕст адӕмы цавӕр ӕхсӕз хъуыддагӕй ис базонӕн, уымӕ.

16 СӔР

Раст дин куыд амоны, афтӕ цӕр

Цӕуыл ӕууӕндыс, уый тыххӕй иннӕтӕн куы дзурай, уӕд цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдзынӕ? Куыд ис адӕмимӕ уӕзданӕй ныхас кӕнӕн?

17 СӔР

Хуыцаумӕ кув, цӕмӕй йӕм баввахс уай

Хуыцау дын дӕ куывдтытӕ хъусы? Ацы фарстайӕн дзуапп ссардзынӕ, Библи кувыны тыххӕй цы дзуры, уый куы базонай, уӕд.

18 СӔР

Донаргъуыд ӕмӕ Хуыцауимӕ дӕ хӕлардзинад

Цӕмӕй адӕймаг донаргъуыд райса, уый тыххӕй йӕ цавӕр къахдзӕфтӕ хъӕуы саразын? Базон, донаргъуыд цы нысан кӕны ӕмӕ адӕймаг донаргъуыд куыд райсы, уый.

19 СӔР

Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн

Хуыцауы кӕй уарзӕм ӕмӕ нын цы сарӕзта, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

УӔЛӔМХАСӔН

Хуыцауы ном дзурын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ цы нысан кӕны

Библийы тӕлмацтӕй бирӕты Хуыцауы ном айстой. Цӕмӕн? Хуыцауы ном зонын ӕмӕ дзурын ӕнӕмӕнг хъӕуы?

УӔЛӔМХАСӔН

Данелы пехуымпарад Мессийӕйы ӕрцыды тыххӕй

500 азы раздӕр Хуыцау раргом кодта, Мессийӕ бӕлвырдӕй кӕд ӕрцӕудзӕн, уыцы рӕстӕг. Базон ацы диссаджы пехуымпарады тыххӕй!

УӔЛӔМХАСӔН

Йесо Чырысти – Хуыцауы ӕрвыст Мессийӕ

Йесойыл сӕххӕст сты, Библийы Мессийӕйы тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон иууылдӕр. Дӕхи Библийы фен, уыцы пехуымпарӕдтӕ лыстӕг хабӕртты онг кӕй сӕххӕст сты.

УӔЛӔМХАСӔН

Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уд

Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Троицӕйы ахуырад Библийӕ ист у. Ӕцӕгдӕр афтӕ у?

УӔЛӔМХАСӔН

Чырыстӕттӕ хъуамӕ крестӕн табу кӕной?

Йесо Чырысти ӕцӕгдӕр крестыл амард? Библийы дзуапп бакӕс.

УӔЛӔМХАСӔН

Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр – ацы ахсджиаг бон у Хуыцауы кадӕн

Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй чырыстӕттӕ хъуамӕ бӕрӕг кӕной Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр. Кӕд ӕмӕ йӕ куыд хъӕуы бӕрӕг кӕнын?

УӔЛӔМХАСӔН

Адӕймагӕн ӕнӕмӕлгӕ уд ис?

Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ мидӕг ис, цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, ахӕм уд, ӕмӕ, дам, адӕймаг куы амӕлы, уӕд, дам, уыцы уд буарӕй фӕхицӕн вӕййы, кӕдӕмдӕр атӕхы ӕмӕ уым фӕцӕры. Цы зӕгъы Хуыцауы Ныхас та?

УӔЛӔМХАСӔН

Цы сты шеол ӕмӕ гадес?

Библийы иуӕй-иу тӕлмацты «шеол» ӕмӕ «гадесы» бӕсты ныффыстой «ингӕн» кӕнӕ «зындон». Ӕцӕгӕй та ацы дзырдтӕ цы нысан кӕнынц?

УӔЛӔМХАСӔН

Цы у Тӕрхоны бон?

Базон, Тӕрхоны бон, Хуыцауыл иузӕрдион чи уа, уыцы адӕмӕн цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уый тыххӕй.

УӔЛӔМХАСӔН

1914 аз ӕмӕ Библийы пехуымпарӕдтӕ

1914 азы ахсджиаг хабӕрттӕ кӕй ӕрцыд, уымӕн Библийы цавӕр бӕлвырдгӕнӕн ис?

УӔЛӔМХАСӔН

Чи у хистӕр зӕд Михаил?

Библи ӕргом кӕны, уыцы тыхджын хистӕр зӕд чи у, уый. Чи у ӕмӕ ныртӕккӕ цы аразы, уый тыххӕй фылдӕр базон.

УӔЛӔМХАСӔН

Цы у «Стыр Вавилон»?

Раргомады чиныджы фыст ис иу сылгоймаджы тыххӕй, йӕ ном «Стыр Вавилон». Ӕцӕг сылгоймаг у? Библи уый тыххӕй цы зӕгъы?

УӔЛӔМХАСӔН

Йесо Чырысти декабры райгуырд?

Ӕркӕс, Йесо кӕд райгуырд, уыцы афон-иу боныхъӕд цавӕр уыди, уымӕ. Уый нын цӕуыл дзурӕг у?

УӔЛӔМХАСӔН

Бӕрӕгбӕттӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

Кӕм цӕрыс, уым цы бӕрӕгбӕттӕ кӕнынц, уыдонӕй бирӕтӕ кӕцӕй равзӕрдысты? Дзуаппытӕ дӕ, чи зоны, дисы бафтауой.