Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард

Ацы чиныджы бакӕс, Библийы Йесойы цардӕй цы цаутӕ фыст ис, уыдонӕй алкӕцыйы тыххӕй дӕр.

РАЗНЫХАС

Фӕндаг, рӕстдзинад, цард

Йесойы ахуырӕдтӕн ӕмӕ хъуыддӕгтӕн ахӕм стыр тых ис, ӕмӕ дын дӕ цард аивдзысты. Фыст сты Евангелиты.

1 СӔР

Дыууӕ ахсджиаг хабары Хуыцауӕй

Зӕд Гавриил фехъусын кодта, зын баууӕндӕн кӕуыл уыд, ахӕм хабӕрттӕ.

2 СӔР

Йесойы йӕ райгуырды размӕ скадджын кодтой

Елизаветӕ дӕр ӕмӕ, йӕ гуыбыны цы сывӕллон уыди, уый дӕр Йесойы куыд скадджын кодтой?

3 СӔР

Райгуырд, фӕндаг чи ӕрцӕттӕ кодта, уый

Захари ногӕй диссаджы хуызы куы сдзырдта, уӕд загъта ахсджиаг пехуымпарад.

4 СӔР

Марийӕ чындзыцыд нӕ уыд, афтӕмӕй басывӕрджын

Марийӕ Иосифӕн загъта, ӕндӕр кӕмӕйдӕр нӕ, фӕлӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй басывӕрджын. Цымӕ йыл Иосиф баууӕндыд?

5 СӔР

Йесо кӕд ӕмӕ кӕм райгуырд?

Йесо 25 декабры кӕй нӕ райгуырд, уый кӕцӕй зонӕм?

6 СӔР

Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы сывӕллон

Иосиф ӕмӕ Марийӕ Йесойы кувӕндонмӕ куы ’рбахастой, уӕд дыууӕ ацӕргӕ адӕймаджы пехуымпариуӕг кодтой Йесойы фидӕны тыххӕй.

7 СӔР

Йесомӕ ӕрцыдысты астрологтӕ

Скӕсӕны цы стъалы федтой, уый сӕ комкоммӕ Йесо нӕ, фӕлӕ йӕ марынмӕ чи хъавыд, уыцы паддзах Иродмӕ цӕмӕн ӕркодта?

8 СӔР

Ӕгъатыр хицауы къухӕй аирвӕзтысты

Мессийӕйы тыххӕй ӕртӕ пехуымпарады сӕххӕст сты, Йесо гыццыл куы уыд, уӕд.

9 СӔР

Хъомыл кодта Назареты

Йесойӕн цал ӕфсымӕры ӕмӕ хойы уыд?

10 СӔР

Йӕ ныййарджытимӕ ацыд Иерусалиммӕ

Иосиф ӕмӕ Марийӕ Йесойы агурынӕй сӕ сӕрӕн ницыуал зыдтой. Йесомӕ диссаг фӕкаст, кӕм ӕй хъуамӕ агуырдтаиккой, уый уайтагъд кӕй нӕ бамбӕрстой.

11 СӔР

Аргъауӕг Иоанн фӕндаг ӕрцӕттӕ кодта

Иоанмӕ фарисейтӕ ӕмӕ саддукейтӕй чидӕртӕ куы ’рбацыд, уӕд сын тынг карз ныхӕстӕ загъта. Цӕмӕн?

12 СӔР

Йесо донаргъуыд райста

Йесо тӕригъӕд куы никуы сарӕзта, уӕд донаргъуыд цӕмӕн райста?

13 СӔР

Йесо фӕлварӕнты йӕхи куыд дардта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Йесойы фӕлварӕнтӕй Хӕйрӕджы тыххӕй базонӕн ис дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы.

14 СӔР

Йесо ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын райдыдта

Йесойы фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ цӕй фӕрцы бамбӕрстой, Мессийӕ кӕй у, уый?

15 СӔР

Йесо сарӕзта йӕ фыццаг диссаг

Йесо йӕ мадӕн бамбарын кодта, ныр ын йӕ уӕларвон Фыд кӕй хъуамӕ амона, цы кӕнгӕ йын у, уый.

16 СӔР

Йесо Хуыцауы хӕдзар ссыгъдӕг кодта

Хуыцауы Закъон адӕмӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй-иу нывонд ӕрхӕссынӕн фос Иерусалимы балхӕдтаиккой. Ӕмӕ уӕд Йесо кувӕндоны базаргӕнджытӕм цӕмӕн смӕсты?

17 СӔР

Никодимы ӕхсӕвыгон ахуыр кӕны

«Адӕймаг ногӕй райгуыра», уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

18 СӔР

Йесо уӕлдӕр кӕны, Иоанн та – дӕлдӕр

Аргъауӕг Иоанн йӕхӕдӕг нӕ хӕлӕг кодта Йесомӕ, фӕлӕ йӕм ахуыргӕнинӕгтӕ хӕлӕг кодтой.

19 СӔР

Ныхас кӕны самариаг сылгоймагимӕ

Йесо уыцы сылгоймагӕн рагом кодта, уӕдмӕ иу адӕймагӕн дӕр кӕй нӕ раргом кодта, уыцы хабар.

20 СӔР

Канӕйы сарӕзта дыккаг диссаг

Йесо сывӕллоны сдзӕбӕх кодта, кӕд дзы иу-26 километры дарддӕр уыд, уӕддӕр.

21 СӔР

Назареты ӕмбырдгӕнӕны

Йесо кӕм схъомыл, уыцы горӕты цӕрджытӕ йӕ марынмӕ цӕмӕн хъавыдысты?

22 СӔР

Йӕ цыппар ахуыргӕнинаджы уыдзысты адӕмахсджытӕ

Загъта сын, цӕмӕй кӕсаг ахсыны куыст ныууагътаиккой ӕмӕ адӕмахсджытӕ суыдаиккой.

23 СӔР

Йесо Капернаумы диссӕгтӕ аразы

Йесо адӕмӕй хӕйрӕджыты куы расырдта, уӕд сӕ нӕ уагъта, Хуыцауы Фырт кӕй у, уый тыххӕй адӕмӕн дзурын. Цӕуылнӕ?

24 СӔР

Ноджы фылдӕр хъусын кӕны Галилейӕйы

Адӕм Йесомӕ цыдысты, цӕмӕй-иу сӕ сдзӕбӕх кодтаид, фӕлӕ сын бамбарын кодта, зӕхмӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй кӕй не ’рцыд.

25 СӔР

Хъотырджыны сдзӕбӕх кодта

Йесо афтӕ кӕй загъта, «фӕнды мӕ», зӕгъгӕ, уымӕй равдыста, кӕй дзӕбӕх кодта, уыдоны рыст йӕ зӕрдӕмӕ арф кӕй иста.

26 СӔР

«Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ»

Йесо куыд бамбарын кодта, тӕригъӕд ӕмӕ низтӕ баст кӕй сты, уый?

27 СӔР

Матфей сси Йесойы ахуыргӕнинаг

Тӕригъӕдджынты ном кӕуыл сбадт, уыдонимӕ Йесо йӕ рӕстӕг цӕмӕн ӕрвыста?

28 СӔР

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ ком цӕуылнӕ дарынц?

Йесо цӕмӕй дзуапп радтаид, уый тыххӕй цӕвиттонӕн ӕрхаста лалым.

29 СӔР

Сабаты хорз хъуыддӕгтӕ аразӕн ис?

Йесо, 38 азы рычын чи уыди, ахӕм лӕджы кӕй сдзӕбӕх кодта, уый тыххӕй дзуттӕгтӕ йӕ фӕдыл цӕмӕн зылдысты?

30 СӔР

Йесо у Хуыцауы Фырт

Дзуттӕгтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ Йесо йӕхи Хуыцауимӕ бары, фӕлӕ сын Йесо комкоммӕ загъта, Хуыцау уымӕй уӕлдӕр кӕй у.

31 СӔР

Сабатбон ӕфсиртӕ тонынц

Йесо йӕхицӕй афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, дам, сабатыл мӕ бар цӕуы?

32 СӔР

Сабаты цы ’мбӕлы аразын?

Саддукейтӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕнӕуи знӕгтӕ уыдысты, фӕлӕ сӕ сӕ иумӕйаг мӕт балымӕн кодта.

33 СӔР

Сӕххӕст кодта Исайы пехуымпарад

Йесо-иу кӕй сдзӕбӕх кодта, уыдоны-иу цӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй, чи у кӕнӕ цы сарӕзта, уый тыххӕй иннӕтӕн ма дзырдтаиккой?

34 СӔР

Йесо равзӕрста дыууадӕс апостолы

Апостол ӕмӕ ахуыргӕнинаг кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

35 СӔР

Йесойы зындгонд раныхас

Базон, Йесойы раныхасы сӕйраг хъуыдытӕ куыд ӕмбарын хъӕуы.

36 СӔР

Ӕфсӕддон хицау стыр уырнындзинад равдыста

Уыцы ӕфсӕддон хицау Йесойы дисы цӕмӕй бафтыдта?

37 СӔР

Йесо идӕдз усы фырты райгас кодта

Уыцы диссаг чи федта, уыдон бамбӕрстой, уый цӕуыл дзурӕг уыд.

38 СӔР

Иоанн йӕ ахуыргӕнинӕгты Йесомӕ ӕрбарвыста

Иоанн цӕмӕн фарста, Йесо Мессийӕ у ӕви нӕ, зӕгъгӕ? Дызӕрдыг кодта?

39 СӔР

Мӕгуыр йӕ бон, йӕ зӕрдӕ чи ныддур кодта, уыцы фӕлтӕрӕн

Йесо загъта, зӕгъгӕ, Тӕрхоны бон Содомы бӕстӕйӕн Капернаумӕй, арӕх-иу кӕм ӕрлӕууыд, уыцы горӕтӕй, ӕнцондӕр уыдзӕн.

40 СӔР

Хӕтаг сылгоймагӕн йӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта

Йесо хӕлд сылгоймагӕн афтӕ кӕй загъта, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ, зӕгъгӕ, уымӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Хуыцауы закъон халӕн ис?

41 СӔР

Йесо диссӕгтӕ кӕй хъаруйӕ арӕзта?

Йесойӕн йе ’фсымӕртӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ йӕ сӕрызонд фӕцыд.

42 СӔР

Йесо фарисейтӕн бауайдзӕф кодта

«Пехуымпар Ионӕйы диссаг» цӕмӕ амыдта?

43 СӔР

Фӕсномыг ныхӕстӕ уӕларвон Паддзахады тыххӕй

Уӕларвон Паддзахад цы у ӕмӕ куыд архайы, уый бамбарын кӕнынӕн Йесо ӕрхаста аст фӕсномыг ныхасы.

44 СӔР

Йесо тыхдымгӕ ныссабыр кодта

Йесо дымгӕ ӕмӕ уылӕнтӕ ныссабыр кодта, ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, зӕхх ӕнӕхъӕнӕй дӕр йӕ Паддзахады дӕлбар куы уа, уӕд цавӕр цард уыдзӕн.

45 СӔР

Йӕ бар цӕуы бирӕ хӕйрӕджытыл

Уый гӕнӕн дӕр ис, ӕмӕ адӕймаджы мидӕг иу дӕлимонӕй фылдӕр уа?

46 СӔР

Йесойы уӕлӕдарӕсыл андзӕвыд, ӕмӕ сдзӕбӕх

Ацы хабарӕй Йесо равдыста йӕ хъару дӕр ӕмӕ, тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый дӕр.

47 СӔР

Гыццыл чызг райгас!

Йесо афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, гыццыл чызг мӕлгӕ нӕ акодта, фӕлӕ фынӕй у, уӕд ыл адӕм худтысты. Уыдонӕй уӕлдай Йесо цы зыдта?

48 СӔР

Назареты дӕр ыл нӕ баууӕндыдысты

Назареты цӕрджытӕ Йесойыл кӕй нӕ баууӕндысты, уымӕн йӕ аххосаг йӕ ахуырӕдтӕ ӕмӕ йӕ диссӕгтӕ нӕ уыдысты, фӕлӕ ӕндӕр цыдӕр.

49 СӔР

Галилейӕйы хъусын кӕны ӕмӕ апостолты ахуыр кӕны

Цӕуыл дзурӕг сты ацы ныхӕстӕ, «уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг», зӕгъгӕ?

50 СӔР

Йӕ апостолты бацӕттӕ кодта, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты, уымӕ

Кӕд апостолты мӕлӕтӕй тӕрсын нӕ хъуыд, уӕд сын Йесо афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, уӕ фӕдыл куы зилой, уӕд-иу алидзут?

51 СӔР

Гуырӕнбоны рӕстӕг лӕгмард ӕрцыд

Саломийы кафт Ироды зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ йын загъта, цыдӕриддӕр мӕ ракурай, уый дын ратдзынӕн, зӕгъгӕ. Цы дзы ракуырдта?

52 СӔР

Цалдӕр дзулӕй ӕмӕ цалдӕр кӕсагӕй минты бафсӕста

Йесо цы диссаг сарӕзта, уымӕн ахӕм стыр нысаниуӕг ис, ӕмӕ уый тыххӕй дзырд цӕуы цыппар Евангелийы дӕр.

53 СӔР

Ӕрдзы тыхтыл йӕ бар кӕмӕн цӕуы, ахӕм хицау

Йесо доныл кӕй бацыд ӕмӕ дымгӕ кӕй ныссабыр кодта, уый фӕрцы йӕ апостолтӕ цы бамбӕрстой?

54 СӔР

Йесо – «царддӕттӕг дзул»

Цӕмӕй адӕм Йесомӕ ӕрбацыдаиккой, уый тыххӕй бирӕ бафыдӕбон кодтой. Уӕдӕ сын Йесо цӕмӕн бауайдзӕф кодта?

55 СӔР

Йесойы ныхӕстӕ бирӕтӕн систы къуылымпыйы хос

Йесойы ныхӕстӕй иуӕй-иутӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм афтӕ ӕнахуыр фӕкастысты, ӕмӕ дзы бирӕтӕ йӕ фӕдыл нал цыдысты.

56 СӔР

Адӕймаджы ӕцӕгӕй цы чъизи кӕны?

Йӕ дзыхмӕ цы бацӕуы, уый ӕви, йӕ дзыхӕй цы рацӕуы, уый?

57 СӔР

Йесо сдзӕбӕх кодта иу чызджы ӕмӕ къуырма лӕджы

Йесо сылгоймагӕн йӕ адӕмы къӕбылатимӕ куы абарста, уӕд ӕм цӕуылнӕ фӕхӕрам?

58 СӔР

Дзултӕ сбирӕ кодта ӕмӕ ӕнхъизӕны тыххӕй бафӕдзӕхста

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ фӕстагмӕ бамбӕрстой, цавӕр ӕнхъизӕны кой сын кодта, уый.

59 СӔР

Чи у Адӕймаджы Фырт?

Паддзахады дӕгъӕлтӕ цы сты? Чи сӕ спайда кодта ӕмӕ куыд?

60 СӔР

Йесо йӕ хуыз аивта

Йесо цӕстылуайӕны йӕ хуыз кӕй аивта, уый цӕуыл дзурӕг уыд?

61 СӔР

Йесо сдзӕбӕх кодта хӕйрӕджджын лӕппуйы

Йесо загъта, лӕппуйӕ дӕлимоны расурын уый тыххӕй кӕй нӕ бантыст, ӕмӕ уырнындзинад фаг нӕ уыд. Фӕлӕ кӕмӕ? Лӕппумӕ, йӕ фыдмӕ ӕви Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕм?

62 СӔР

Сӕрныллӕгдзинад – ахсджиаг миниуӕг

Стыр лӕгтӕ гыццыл сывӕллонӕй сахуыр сты ахсджиаг миниуӕгыл.

63 СӔР

Йӕ апостолтӕн ноджы фылдӕр уынаффӕтӕ радта

Бамбарын кодта, ӕфсымӕрты ’хсӕн исты стыр хабар куы рауайа, уӕд цавӕр ӕрт къахдзӕфы хъӕуы саразын.

64 СӔР

Цӕмӕн хъӕуы хатыр кӕнын?

Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас дурзӕрдӕ цагъары тыххӕй. Афтӕмӕй бамбарын кодта, иннӕтӕн хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ стӕм ӕви нӕ, уымӕ Хуыцау уӕлӕнгай цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы.

65 СӔР

Иерусалиммӕ цӕугӕйӕ адӕмы ахуыр кӕны

Йесо цалӕр адӕймагимӕ цыбыртӕй аныхас кодта ӕмӕ раргом кодта, адӕймаджы йӕ фӕдыл цӕуын цавӕр зондахаст къуылымпы кӕны, уый.

66 СӔР

Иерусалимы Цатырты бӕрӕгбоны

Йесомӕ чи хъуыста, уыдон дзы афтӕ цӕмӕн ахъуыды кодтой, ӕмӕ хӕйрӕджджын уыд?

67 СӔР

«Уыцы адӕймаг куыд дзуры, афтӕ никуы ничи дзырдта»

Дзуттӕгты сӕйраг тӕрхондоны тӕрхонгӕнджытӕ иууылдӕр Йесойы ныхмӕ рацыдысты, фӕлӕ дзы иу адӕймаг йӕ ныфс бахаста йӕ сӕрыл сдзурынмӕ.

68 СӔР

Хуыцауы Фырт – «ацы дунейӕн рухс»

Йесо загъта, зӕгъгӕ «уӕ рӕстдзинад ссӕрибар кӕндзӕн». Фӕлӕ цӕмӕй?

69 СӔР

Чи уыд сӕ фыд – Авраам ӕви Хӕйрӕг?

Йесо дзырдта, Авраамы сывӕллӕтты куыд ис базонӕн, стӕй йӕ Фыд ӕцӕгӕй чи у, уый тыххӕй.

70 СӔР

Йесо сдзӕбӕх кодта, йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ куырм чи уыд, уыцы лӕджы

Ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы бафарстой, уыцы лӕг куырм цӕмӕн уыд, уымӕй. Йӕхӕдӕг сарӕзта тӕригъӕд? Йӕ ныййарджытӕ сарӕзтой тӕригъӕд? Йесо уыцы лӕджы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд уымӕ адӕм иухуызон цӕстӕй нӕ ракастысты.

71 СӔР

Фарисейтӕ, куырм чи уыд, уыцы лӕгӕн йӕ ныхмӕ систы

Куырм чи уыд, уыцы лӕг цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста, уыдоны ныхмӕ фарисейтӕн сӕ бон ницы уыди зӕгъын, ӕмӕ йӕм мӕстӕй рафыхтысты. Йӕ ныййарджытӕ цӕмӕй тарстысты, уый йыл ӕрцыд – фарисейтӕ йӕ ӕмбырдгӕнӕнӕй ратардтой.

72 СӔР

Йесо 70 ахуыргӕнинаджы хъусын кӕнынмӕ арвыста

Иудейӕйы Йесо 70 ахуыргӕнинаджы дыгӕйттӕй хъусын кӕнынмӕ арвыста. Цымӕ кӕм хъусын кодтой – ӕмбырдгӕнӕнты ӕви адӕмӕн сӕ хӕдзӕртты?

73 СӔР

Самариаг равдыста ӕцӕг уарзондзинад

Йесо хӕларзӕрдӕ самариаджы тыххӕй фӕсномыг ныхас кӕй радзырдта, уый фӕрцы цавӕр ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кодта?

74 СӔР

Йесо дзуры уазӕгуарзондзинады ӕмӕ кувыны тыххӕй

Йесо Марийӕ ӕмӕ Марфӕмӕ уазӕгуаты бацыд. Уазӕгуарзондзинады тыххӕй сын цавӕр уынаффӕ радта? Фӕстӕдӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цы загъта, кувын куыд хъӕуы, уый тыххӕй?

75 СӔР

Ӕмбарын кӕны, ӕцӕг амонд цӕмӕй кӕнгӕ у

Йесо, йӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн дзуры «Хуыцауы ӕнгуылдзы» тыххӕй ӕмӕ сӕ Хуыцауы паддзахад кӕй ӕрӕййӕфта, уый тыххӕй. Дзуры ма, ӕцӕг амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, уый тыххӕй дӕр.

76 СӔР

Фарисеймӕ уазӕгуаты

Йесо хурмӕ рахаста фарисейты ӕмӕ чиныджыдӕсныты цӕстмӕ митӕ. Адӕмӕн цавӕр уӕззау уӕргътӕ хӕссын кодтой?

77 СӔР

Уынаффӕтӕ хъӕздыгдзинады фӕдыл

Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас, стырдӕр хордӕттӕ чи сарӕзта, уыцы хъӕздыг лӕджы тыххӕй. Мулк ӕмбырд кӕнын тӕссаг цӕмӕй у, уый тыххӕй та ногӕй цы загъта?

78 СӔР

Ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕг, дӕхи цӕттӕ дар!

Йесо тыхсы йӕ ахуыргӕнинӕгты уырнындзинадыл. Хӕдзармӕгӕсӕг цы хъуамӕ араза, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фидар уа? Ацы фӕдзӕхст, уӕхи цӕттӕ дарут, зӕгъгӕ, афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?

79 СӔР

Ӕнӕуырнӕг дзуттӕгтӕ фесафинаг цӕмӕн уыдысты?

Йесо загъта, баххуыс кӕнын ӕй кӕмӕн фӕндыд, уыдон куы не ’рфӕсмон кодтаиккой, уӕд кӕй фесӕфтаиккой. Хуыцауы раз сын цавӕр ном ис, ууыл ахъуыды кодтой?

80 СӔР

Хорз Фыййау ӕмӕ фысты кӕртытӕ

Фыййау йӕ фыстӕн куыд у, уый хорз ӕвдисы, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм цы зӕрдӕ дары, уый. Йӕ ахуырӕдтыл ын баууӕнддзысты ӕмӕ йӕ фӕдыл цӕудзысты?

81 СӔР

Йесо ӕмӕ йӕ Фыд иу цы хуызы сты?

Дзуттӕгтӕй чидӕртӕ Йесойы аххосджын кодтой, зӕгъгӕ, йӕхи Хуыцау хоны. Дӕсны Ахуыргӕнӕг сын куыд сбӕлвырд кодта, дзӕгъӕлы йӕ кӕй аххосджын кодтой?

82 СӔР

Йесойы лӕггад Перейы

Йесо йӕ ныхасмӕхъусджытӕн бамбарын кодта, адӕймаджы цы аразын хъӕуы, цӕмӕй фервӕза ӕмӕ бирӕтӕн уый сӕ къухы цӕуылнӕ бафтдзӕн. Йӕ уынаффӕ уӕд тынг ахсджиаг уыд. Цы зӕгъӕн ис абон та?

83 СӔР

Хуыцау куывдмӕ хоны

Фарисейы хӕдзары фынгыл бадгӕйӕ Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас стыр куывды тыххӕй. Цы зӕгъын ӕй фӕндыд, уый тынг ахсджиаг у Хуыцауы адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Цымӕ цы у?

84 СӔР

Чырыстийы ахуыргӕнинаг уай, уый цы нысан кӕны?

Чырыстийы ахуыргӕнинаг уай, уый цы нысан кӕны? Йесо бӕлвырд бамбарын кодта, уымӕ цы хауы. Йӕ ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ иуӕй-иутӕ арвы цӕфау фесты.

85 СӔР

Тӕригъӕдджын куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд уый вӕййы стыр цины хос

Чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ Йесойӕ алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой, хуымӕтӕг адӕммӕ хорз цӕстӕй кӕй каст, уый тыххӕй. Йесо сын фӕсномыг ныхасы фӕрцы равдыста, Хуыцау тӕригъӕдджынтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый.

86 СӔР

Сӕфт чи уыд, уыцы фырт ӕрбаздӕхт

Йесо сӕфт фырты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

87 СӔР

Ут сӕрӕн – фидӕныл хъуыды кӕнут

Хин ӕмӕ ӕнӕууӕнк хӕдзармӕгӕсӕджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы фӕрцы Йесо ӕмбарын кӕны ахсджиаг хъуыддаг.

88 СӔР

Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕры уавӕр фӕивта

Йесойы фӕсномыг ныхас бамбарынӕн базонын хъӕуы, йӕ сӕйраг архайджытӕ кӕй ӕвдисынц, уый.

89 СӔР

Иудейӕмӕ цӕугӕйӕ Перейы адӕмы ахуыр кӕны

Йесо бамбарын кодта, нӕ ныхмӕ бирӕ хӕттыты чи фӕрӕдийа, суанг уыдонӕн дӕр цӕй фӕрцы хатыр кӕндзыстӕм

90 СӔР

«Райгасдзинад ӕмӕ цард»

Куыд ӕмбаргӕ сты Йесойы ныхӕстӕ, чи мыл ӕууӕнды, уый «никуы амӕлдзӕн», зӕгъгӕ?

91 СӔР

Йесо Лазӕры райгас кодта

Йесойы знӕгтӕн дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй сӕ бон нӕ уыд зӕгъын, зӕгъгӕ, Йесо Лазӕры нӕ райгас кодта.

92 СӔР

Дӕс хъотырджынӕй ӕрмӕстдӕр иу фӕбузныг

Чи сдзӕбӕх, уый ӕрмӕст Йесойӕ нӕ фӕбузныг, фӕлӕ ма ноджыдӕр ӕндӕр кӕмӕйдӕр.

93 СӔР

Адӕймаджы Фырт фӕзындзӕн

Чырыстийы ӕрцыд арвӕрттывдимӕ цӕмӕн ис абарӕн?

94 СӔР

Дыууӕ ахсджиаг хъуыддаджы – кувын ӕмӕ сӕрныллӕгдзинад

Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы идӕдз усы ӕмӕ фыдзӕрдӕ тӕрхонгӕнӕджы тыххӕй бамбарын кодта, кувгӕйӕ ӕнӕмӕнг цы у.

95 СӔР

Йесо дзуры хицӕн кӕнын ӕмӕ сывӕллӕтты уарзыны тыххӕй

Чырысти гыццыл сывӕллӕттӕм цы цӕстӕй каст, уый тынг хицӕн кодта, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕм цы цӕстӕй кастысты, уымӕй. Цӕмӕн?

96 СӔР

Йесойы дзуапп хъӕздыг хицауӕн

Йесо афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины бын ауайын ӕнцондӕр у?

97 СӔР

Фӕсномыг ныхас сӕнӕфсирдоны кусджыты тыххӕй

Фыццӕгтӕ куыд систы фӕстӕгтӕ, фӕстӕгтӕ та – фыццӕгтӕ?

98 СӔР

Апостолтӕ та кадджын бынӕттӕм тырнынц

Иаков ӕмӕ Иоанн курынц Паддзахады кадджындӕр бынӕттӕ, фӕлӕ уымӕ ӕрмӕст уыдон нӕ бӕллынц.

99 СӔР

Дыууӕ куырм лӕджы сдзӕбӕх кодта ӕмӕ Закхейӕн баххуыс кодта

Кӕд Йесо куырмы, Иерихонмӕ куы баввахс, уӕд сдзӕбӕх кодта, уӕд ма Библи цӕмӕн зӕгъы, ӕмӕ хабар ӕрцыд, Иерихонӕй куы рацыд, уӕд?

100 СӔР

Фӕсномыг ныхас дӕс минӕйы тыххӕй

Куыд ӕмбарын хъӕуы ацы ныхӕстӕ: «Кӕмӕ ис, уымӕн ратдзысты ноджы фылдӕр. Кӕмӕ нӕй, уымӕн та, цы йӕм ис, уый дӕр байсдзысты»?

101 СӔР

Вифанийы Симонмӕ уазӕгуаты

Лазӕры хо Марийӕ цы сарӕзта, уый быцӕу расайдта, фӕлӕ Йесо йӕ сӕрыл рахӕцыд.

102 СӔР

Паддзах Иерусалиммӕ къӕлӕуыл бацыд

Йесо сӕххӕст кодта фондзсӕдӕ азы размӕ загъд пехуымпарад.

103 СӔР

Кувӕндон ногӕй ссыгъдӕг кодта

Афтӕ зынд, цыма уӕйгӕнджытӕ Иерусалимы алцыдӕр закъонмӕ гӕсгӕ кодтой, фӕлӕ сӕ уӕд Йесо абырджытӕ цӕмӕн схуыдта?

104 СӔР

Дзуттӕгтӕм уырнындзинад разындзӕн?

Йесойыл ӕууӕндын ӕмӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ архайын кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

105 СӔР

Легъуибӕласы фӕрцы ӕмбарын кӕны, уырнындзинад куыд ахсджиаг у

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, уырнындзинадӕн цы тых ис ӕмӕ Хуыцау Израилы адӕмыл йӕ къух цӕмӕн систа.

106 СӔР

Дыууӕ фӕсномыг ныхасы сӕнӕфсирдӕтты тыххӕй

Базон, цы у сӕ хъуыды дыууӕ фӕсномыг ныхасӕн: иуы дзы фыд йӕ фыртты ӕрвиты сӕнӕфсирдоны бакусынмӕ, иннӕйы та – хицау йӕ сӕнӕфсирдон радта фыдзӕрдӕ кусджытӕм.

107 СӔР

Паддзах фӕдзырдта, чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи уыд, уыдонмӕ

Йесойы фӕсномыг ныхас у пехуымпарад.

108 СӔР

Ныхасӕй ӕрцахсынмӕ йӕ чи хъавыд, уыдоны фыдвӕндтӕ фехӕлдта

Фыццаг ныхъхъус кодта фарисейты, уый фӕстӕ саддукейты ӕмӕ фӕстагмӕ та йе знӕгты се ’ппӕты дӕр.

109 СӔР

Дины разамонджытӕн бауайдзӕф кодта

Йесо цӕуылнӕ быхста, дины хъуыддӕгтӕм-иу Хуыцауы цӕстӕй куы нӕ кастысты, уымӕн?

110 СӔР

Фӕстаг бон кувӕндоны

Мӕгуыр идӕдз усы цӕвиттоны фӕрцы ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кодта.

111 СӔР

Апостолтӕ Йесойы фӕрсынц йе ’рцыды тыххӕй

Йӕ пехуымпарад фыццаг хатт сӕххӕст фыццаг ӕнусы. Фӕлӕ ма фӕстӕдӕр ӕнӕхъӕн дунейы дӕр хъуамӕ сӕххӕст уыдаид?

112 СӔР

Къӕрцхъус ут – фӕсномыг ныхас дӕс чызджы тыххӕй

Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иутӕ ӕнӕзонд уыдзысты, иннӕтӕ та – зондджын?

113 СӔР

Ӕнӕзивӕг ут – фӕсномыг ныхас талантты тыххӕй

Йесойы фӕсномыг ныхас ӕмбарын кӕны, цы нысан кӕнынц йӕ ныхӕстӕ: «Кӕмӕ ис, уымӕн ратдзысты ноджы фылдӕр».

114 СӔР

Паддзах Чырысти тӕрхон кӕны фыстӕн ӕмӕ сӕгътӕн

Тыхджын фӕсномыг ныхасы фӕрцы Йесо бамбарын кодта, адӕм фидӕны тӕрхонгонд цӕмӕ гӕсгӕ цӕудзысты.

115 СӔР

Йесойы фӕстаг Куадзӕнмӕ бирӕ нал хъӕуы

Дины разамонджытӕ Иудӕ Искариотӕн 30 ӕвзист ӕхцайы раттыныл кӕй сразы сты, уый цымыдисаг цӕмӕн у?

116 СӔР

Фӕстаг Куадзӕны рӕстӕг ахуыр кӕны сӕрныллӕгдзинадыл

Йӕ апостолтӕн цагъары лӕггад кӕй бакодта, уымӕй сӕ дисы бафтыдта.

117 СӔР

Хицау Чырыстийы ӕхсӕвӕр

Чырысти бындур ӕрӕвӕрдта йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрӕн ӕмӕ йӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ алы аз дӕр хъуамӕ бӕрӕг кӕной 14 нисаны.

118 СӔР

Карз быцӕу, уӕлдӕр чи у, уый фӕдыл

Апостолтӕй айрох, уыцы изӕр сын гыццыл раздӕр Йесо цы зонд бацамыдта, уый.

119 СӔР

Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард

Йесо раргом кодта рӕстдзинад, Хуыцаумӕ куыд ис ӕрцӕуӕн, уый тыххӕй.

120 СӔР

Дыргъ хӕссынц ӕмӕ сты Йесойы хӕлӕрттӕ

Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дыргъ цы хуызы хӕссынц?

121 СӔР

«Фидар лӕуут! Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл»

Йесо ацы дунейыл куыд фӕуӕлахиз, кӕд ӕмӕ йӕ дуне хъӕдыл байтыгъта?

122 СӔР

Фӕстаг куывд уӕллаг уаты

Бамбарын кодта, адӕмы ирвӕзындзинадӕй бирӕ ахсджиагдӕр хъуыддаг кӕй сарӕзта.

123 СӔР

Зын сахат Хуыцаумӕ кувы

Йесо цӕмӕн куывта: «Ацы къус мын ма бануазын кӕн»? Адӕмы тыххӕй йӕ цард раттыныл разы нал уыд?

124 СӔР

Чырыстийы ӕрцахстой

Иудӕ Йесойы ссардта, кӕд ӕмбисӕхсӕв уыди, уӕддӕр.

125 СӔР

Йесойы акодтой Аннӕмӕ, стӕй та – Кайафӕмӕ

Йесойӕн куыд тӕрхон кодтой, уымӕй рӕстдзинад схынджылӕггаг кодтой.

126 СӔР

Йесойӕ загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ

Петр, фидар уырнындзинады хицау ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион адӕймаг, Йесомӕ афтӕ тагъд йӕ чъылдым куыд раздӕхта?

127 СӔР

Синедрионы раз, стӕй та Пилаты раз

Дзуттаг дины разамонджытӕ раргом кодтой сӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд.

128 СӔР

Пилат ӕмӕ йӕм Ирод ницы аххос ссардтой

Пилат Йесойӕн йӕхӕдӕг цӕуылнӕ стӕрхон кодта, фӕлӕ йӕ Иродмӕ цӕмӕн арвыста? Уый бар ын нӕ уыди, ӕмӕ йын стӕрхон кодтаид?

129 СӔР

Пилат загъта: «Ай у Адӕймаг!»

Йесо цы диссаджы миниуджытӕ равдыста, уыдон суанг Пилаты зӕрдӕ дӕр бацагайдтой.

130 СӔР

Йесойы радтой ӕфсӕддонты къухмӕ ӕмӕ йӕ марынмӕ акодтой

Чи куыдта, уыцы сылгоймӕгтӕн Йесо афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, мӕныл нӕ, фӕлӕ уӕхиуыл ӕмӕ уӕ сывӕллӕттыл кӕут?

131 СӔР

Ӕнаххос Паддзах хъӕдыл хъизӕмар кӕны

Йесо, йемӕ йын кӕй байтыгътой, уыцы фыдгӕнджытӕй иуӕн фидӕнӕй ныфс бавӕрдта.

132 СӔР

«Ацы адӕймаг ӕцӕгдӕр Хуыцауы Фырт уыд»

Бӕстӕ баталынг, зӕхх тынг нынкъуысыд, кувӕндоны ӕмбӕрзӕн уӕлейӕ бынмӕ ӕрыскъуыд – ацы хабӕрттӕй скӕнӕн ис ӕрмӕстдӕр иу хатдзӕг.

133 СӔР

Йесойы бавӕрдтой

Йесойы цалынмӕ хур нӕ аныгуылд, уӕдмӕ тагъд-тагъдӕй цӕмӕн бавӕрдтой?

134 СӔР

Зӕппадз у афтид – Йесо райгас!

Йесо куы райгас, уӕд фыццаг йӕ апостолтӕм нӕ фӕзынд, фӕлӕ йӕ сылгоймаг-ахуыргӕнинӕгтӕй иумӕ.

135 СӔР

Йӕ райгасы фӕстӕ фӕзынд бирӕтӕм

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд баххуыс кодта, кӕй райгас, ууыл баууӕндынӕн?

136 СӔР

Галилейӕйы денджызы былыл

Йесо Петрӕн ӕртӕ хатты йӕ хъус ӕрдардта, кӕй йӕ уарзы, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уымӕ.

137 СӔР

Фӕндзайӕм боны размӕ фӕзынд цалдӕр сӕдӕ адӕймагмӕ

Йесо куы райгас, уӕдӕй цалынмӕ уӕларвмӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цалдӕр хатты загъта, цӕмӕй сӕ схайджын кӕндзӕн ӕмӕ дзы куыд хъуамӕ пайда кӕной.

138 СӔР

Чырысти – Хуыцауы рахиз фарс

Йесо цалынмӕ йе знӕгтимӕ не схӕцыд, уӕдмӕ цы куыста?

139 СӔР

Йесо зӕххыл ногӕй Дзӕнӕт скӕндзӕн ӕмӕ йӕ хӕс кӕронмӕ сӕххӕст кӕндзӕн

Цалынмӕ Паддзахад йӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Фыды къухмӕ нӕ радта, уӕдмӕ дӕр ма йын бирӕ хъуыддӕгтӕ ис саразинаг.

Йесойы фӕзм, ӕмӕ...

Зӕххыл цӕргӕйӕ Йесо алы ӕмӕ алыхуызон уавӕрты ногӕй ӕмӕ ногӕй ӕвдыста аст миниуӕджы.

Библийы стихтӕ

Ацы индексы фӕрцы ссардзынӕ, Евангелиты алы стихыл дӕр чиныджы дзырд кӕм цӕуы, уый.

Цӕвиттонтӕ ӕмӕ фӕсномыг ныхӕстӕ

Ссар, ацы чиныджы Йесойы цӕвиттонтӕ ӕмӕ фӕсномыг ныхӕстӕй алкӕцыйыл дӕр дзырд кӕцы сӕры цӕуы, уый.

Мессийӕйы тыххӕй иуӕй-иу пехуымпарӕдтӕ

Йесойы царды иуӕй-иу цаутӕ абар Библийы фыст пехуымпарӕдтимӕ. Уыдон сты бӕлвырдгӕнӕнтӕ, ӕцӕгдӕр Мессийӕ кӕй уыд, уымӕн. Стӕй ӕркӕс, ацы чиныджы сыл дзырд кӕцы сӕрты цӕуы, уымӕ дӕр.

Йесо кӕм цард ӕмӕ адӕмы кӕм ахуыр кодта, уыцы бынӕттӕ

Ацы картӕйы ӕвдыст цӕуынц, Йесо кӕм лӕггад кодта, уыцы бынӕттӕ.