Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн

Ацы чиныг дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрай ӕмӕ алкӕддӕр Хуыцауы уарзтӕй хайджын уай.

Разамонӕг советы писмо

Йегъовӕйы чи уарзы, уыдоны се ’ппӕты дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет разӕнгард кӕны, цӕмӕй Йесойы фӕзмой ӕмӕ уыйау Хуыцауы уарзтӕй хайджын уой.

1 СӔР

Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?

Библи цалдӕр ныхасӕй ӕмбарын кӕны, Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый равдисын нӕ бон куыд у, уый.

2 СӔР

Хуыцауы раз дӕ цӕсгом сыгъдӕг уӕд

Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл мацӕмӕй худа, Хуыцауы цӕсты та нӕ цӕсгом сыгъдӕг ма уа?

3 СӔР

Хуыцау кӕй уарзы, уыдоны уарз

Йегъовӕ йӕхицӕн хӕлӕрттӕ лӕмбынӕг ӕвзары, ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ афтӕ кӕнӕм.

4 СӔР

Бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны цӕмӕн хъуамӕ нымайӕм?

Библи нын ӕмбарын кӕны, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй, бартӕ кӕмӕ ис, уыдоны нымайӕм, дзырд бинонты цардыл, ӕмбырдыл кӕнӕ хицӕуттыл куы цӕуа, уӕд.

5 СӔР

Ацы дунеимӕ уын иумӕйагӕй мацы уӕд

Библийы фыст ис, ацы дунейӕ цавӕр фондз хъуыддагӕй хъуамӕ хицӕн кӕнӕм, уый.

6 СӔР

Куыд ис хорз ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарӕн?

Ӕртӕ фарстайы дын баххуыс кӕндзысты хорз ирхӕфсӕнтӕ ӕвзарынӕн.

7 СӔР

Цардмӕ Хуыцауы цӕстӕй кӕсыс?

Цымӕ уымӕ ӕрмӕст уый хауы, ӕмӕ макӕй амарай?

8 СӔР

Хуыцау уарзы сыгъдӕг адӕмы

Библи дын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕхи хизай, Йегъовӕйы цӕсты чъизийыл нымад кӕй тыххӕй ӕрцӕудзынӕ, ахӕм хъуыддӕгтӕй.

9 СӔР

«Хӕтындзинадӕй дард лидзут»

Алы аз дӕр чырыстӕттӕй минтӕ хӕтындзинады къӕппӕджы бахауынц. Дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дзы ма бахауай?

10 СӔР

Бинонты цард – уарзӕгой Хуыцауы лӕвар

Дӕ бон куыд у дӕхи бинонты цардмӕ бацӕттӕ кӕнын, цӕмӕй дӕ цардӕмбалимӕ амондджын уат? Кӕд дын бинонтӕ ис, уӕд дӕ бон цы у саразын, цӕмӕй дарддӕр дӕр амондджынӕй цӕрат?

11 СӔР

Уӕ бинонты цард кадджын уӕд

Ӕхсӕз фарстайы уын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй кӕрӕдзийыл ноджы ӕнувыддӕр уат.

12 СӔР

Дзур, «адӕймаджы чи бафидар кӕндзӕн», ахӕм ныхӕстӕ

Ныхӕстӕй адӕймагӕн ис йӕ ныфс асӕттӕн кӕнӕ йӕ бафидар кӕнӕн. Базон, уыцы лӕварӕй, Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ куыд ис пайда кӕнӕн, уый.

13 СӔР

Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм бӕрӕгбӕттӕ

Чи зоны, афтӕ зыны, ӕмӕ иуӕй-иу бӕрӕгбӕттӕ Хуыцауы кадджын кӕнынц, ӕцӕгӕй та йын ӕнад сты.

14 СӔР

Алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт у

Цӕмӕй иннӕтимӕ ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм, уый тыххӕй уал фыццаг хъуамӕ иу цӕуылдӕр сахуыр уӕм.

15 СӔР

Дӕ фыдӕбонӕй дӕ зӕрдӕ райӕд

Куыст агургӕйӕ фондз фарстайыл ахъуыды кӕн, цӕмӕй бамбарай, цавӕрдӕр куыстыл сразы уай ӕви нӕ.

16 СӔР

Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕуу

Хӕйрӕг тыхджын кӕй у, уый зонӕм, фӕлӕ йӕ разы фыртӕссӕй нӕ ризӕм. Цӕуылнӕ?

17 СӔР

«Уӕ удыхъӕд аразут уӕ сыгъдӕг уырнындзинадыл»

Цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидардӕр кӕнай ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнай, уымӕн дын баххуыс кӕндзӕн ӕртӕ хъуыддаджы.

УӔЛӔМХАСӔН

Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонимӕ нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм?

Ӕмбырдӕй кӕй ацух кодтой, уыдонӕй нӕхи бынтондӕр хъуамӕ хизӕм?

УӔЛӔМХАСӔН

Сылгоймаджы йӕ сӕрыл исты ныккӕнын кӕд фӕхъӕуы ӕмӕ цӕмӕн?

Библийӕ цы дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй ис базонӕн, уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп раттӕм.

УӔЛӔМХАСӔН

Тырысайӕн табу кӕнын, хъӕлӕс кӕнын ӕмӕ альтернативон службӕ

Библийӕ дын цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ацы хъуыддӕгты тыххӕй дӕ цӕсгом ма фӕчъизи уа?

УӔЛӔМХАСӔН

Туджы фракцитӕ ӕмӕ, операцийы рӕстӕг цы мадзӕлттӕй фӕпайда кӕнынц, уыдон

Цалдӕр хуымӕтӕг къахдзӕфы фӕрцы дӕ бон уыдзӕн хос кӕнынимӕ баст фарстатӕ аскъуыддзаг кӕнын.

УӔЛӔМХАСӔН

Куыд ис мастурбаци ныууадзӕн?

Куыд ис ацы ӕвзӕр ахуыр ныууадзӕн?

УӔЛӔМХАСӔН

Библийы хицӕн кӕныны ӕмӕ хицӕнтӕй цӕрыны тыххӕй цы фыст ис?

Йӕ цардӕмбалӕй чи ахицӕн, уымӕн Библимӕ гӕсгӕ ног бинонтӕ скӕныны бар кӕд вӕййы?

УӔЛӔМХАСӔН

Чырыстӕттӕ куыстимӕ баст фарстаты кӕрӕдзи куы нӕ бамбарой, уӕд куыд хъуамӕ бакӕной?

Чырыстонӕн йӕ бон у иннӕ чырыстоныл тӕрхондонмӕ хъаст бадӕттын?