Разныхас Библийы чиныгмӕ. Видеороликтӕ

Библийы алы чиныджы тыххӕй сӕйраг хабӕрттӕ.

Разныхас Библимӕ

Базон, Библийы алы чиныг дӕр куыд баст у йӕ сӕйраг темӕимӕ – ома, йӕ сӕргъы Йесо Чырысти кӕмӕн ис, уыцы Паддзахады фӕрцы Йегъовӕйы ном срухс уыдзӕн.

Разныхас Райдианы чиныгмӕ

Райдианы чиныг нын ӕмбарын кӕны, зӕххыл адӕм куыд фӕзынд, стӕй хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын ӕмӕ мӕлын цӕй тыххӕй райдыдтой, уый.

Разныхас Рацыды чиныгмӕ

Йегъовӕ израилӕгты Египеты цагъарадӕй ссӕрибар кодта ӕмӕ сӕ йӕхицӕн адӕм скодта.

Разныхас Левиты чиныгмӕ

Базон, Левиты чиныджы, Хуыцау сыгъдӕг кӕй у, уый тыххӕй цы фыст ис ӕмӕ мах дӕр сыгъдӕг кӕй хъуамӕ уӕм, уый ахсджиаг цӕмӕн у.

Разныхас Нымӕцты чиныгмӕ

Базон, куыд ахсджиаг у Йегъовӕмӕ цыфӕнды уавӕрты дӕр хъусын ӕмӕ, йӕ адӕмӕн разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдонӕн аргъ кӕнын.

Разныхас Дыккаг закъоны чиныгмӕ

Базон, Йегъовӕ израилӕгтӕн цы закъон радта, уымӕй куыд у бӕрӕг, йӕ адӕмы кӕй уарзы.

Разныхас Йесо Навины чиныгмӕ

Базон, Израилы адӕм, Хуыцау сын цы зӕхх радта, уый куыд бацахстой ӕмӕ йӕ куыд адих кодтой.

Разныхас Тӕрхонгӕнджыты чиныгмӕ

Ацы чиныг афтӕ уымӕн хуыйны, ӕмӕ дзы дзырд цӕуы хъӕбатыр тӕрхонгӕнджытӕ цы хъуыддӕгтӕ арӕзтой, ууыл. Уыдонӕн уыди фидар уырнындзинад, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ равзӕрста, цӕмӕй йын йӕ адӕмы се ’фхӕрджытӕй ирвӕзын кодтаиккой.

Разныхас 1 Паддзӕхты чиныгмӕ

Базон, паддзах Соломоны дӕлбар израилӕгтӕ цы хорз цард кодтой, уый куыд раивта, Израилы паддзахад дыууӕ дихы куы фӕци, уӕд цы фыдцард скодта, уымӕй

Разныхас 2 Паддзӕхты чиныгмӕ

Базон, цӕгат паддзахад Израил мӕнгхуыцӕуттӕн кувыныл кӕй бафтыд, уый цы бӕллӕхтӕм ӕркодта ӕмӕ Йегъовӕ уыцы рӕстӕг куыд арфӕ кодта, иузӕрдион ыл чи уыд, уыдонӕн.

Разныхас 1 Азфыстыты чиныгмӕ

Базон, Давид цы хӕдзарвӕндагӕй рацыд, уый тыххӕй, стӕй, паддзах куы сси, уӕдӕй йӕ мӕлӕты онг йӕ царды цы диссаджы хабӕрттӕ ӕрцыд, уый тыххӕй.

Разныхас 2 Азфыстыты чиныгмӕ

Базон, Иудӕйы паддзӕхты хабӕрттӕй куыд у бӕрӕг, Хуыцауыл иузӕрдион уай, уый ахсджиаг кӕй у.

Разныхас Ездрӕйы чиныгмӕ

Йегъовӕ йӕ адӕмы Вавилоны уацарӕй ссӕрибар кодта ӕмӕ Иерусалимы раст дин йӕ къахыл слӕууын кодта, зӕрдӕ куыддӕриддӕр бавӕрдта, афтӕ.

Разныхас Неемийы чиныгмӕ

Неемийы чиныгӕй Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕн сӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын.

Разныхас Есфиры чиныгмӕ

Йегъовӕ Хуыцауӕн йӕ бон кӕй у йӕ адӕмы фӕлварӕнты рӕстӕг ирвӕзын кӕнын, ууыл тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ, Есфиры рӕстӕджы цы диссаджы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоны фӕрцы.

Разныхас Иовы чиныгмӕ

Йегъовӕйы чи уарзы, уыдон се ’ппӕт дӕр фӕлвӕрд ӕрцӕудзысты. Иовы хабарӕй бӕрӕг у, нӕ бон кӕй у Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын ӕмӕ йӕ хицаудзинады фарс лӕууын.

Разныхас Псаломты чиныгмӕ

Псаломты чиныджы дзырд цӕуы, Йегъовӕйӕн уый бар кӕй ис, цӕмӕй Дун-дунейы хицау уа; Хуыцау кӕй ӕххуыс кӕны ӕмӕ удӕнцой кӕй хӕссы, чи йӕ уарзы, уыдонӕн ӕмӕ ӕмбарын кӕны, йӕ Паддзахады фӕрцы цард хуыздӕрырдӕм кӕй фӕивдзӕн.

Разныхас Ӕмбисӕндты чиныгмӕ

Базон, Хуыцау адӕймагӕн царды алы хъуыддаджы фӕдыл дӕр цы уынаффӕтӕ дӕтты, уыдон – куыстӕй райдай ӕмӕ бинонты цардӕй фӕу.

Разныхас Екклесиасты чиныгмӕ

Паддзах Соломон дзуры, царды ахсджиаг чи у, уыцы хъуыддӕгтыл ӕмӕ сӕ ныхмӕ ӕвӕры, Хуыцауы зонды ныхмӕ чи у, уыцы хъуыддӕгтӕ.

Разныхас Соломоны зарӕджы чиныгмӕ

Суламитаг чызг ӕмӕ фыййау лӕппу кӕрӕдзи куыд тынг уарзтой, уый Библи хоны «Йагъы пиллон арт». Цымӕ цӕмӕн?

Разныхас Исайы чиныгмӕ

Исайы чиныджы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй Йегъовӕйыл тынгдӕр ӕууӕндай – уый йӕ ныхас сӕххӕст кӕны ӕмӕ у нӕ ирвӕзындзинады Хуыцау.

Разныхас Йеремийы чиныгмӕ

Йереми пехуымпарӕй лӕггад кодта, кӕд зындзинӕдтыл ӕмбӕлд, уӕддӕр. Ахъуыды кӕн, йӕ цӕвиттонӕй нӕ рӕстӕджы чырыстӕттӕ цӕуыл ахуыр кӕнынц, ууыл.

Разныхас Йеремийы хъарӕджы чиныгмӕ

Йеремийы хъарӕджы чиныг ныффыста пехуымпар Йереми. Базонӕн дзы ис, Йереми куыд тынг маст кодта, Иерусалим кӕй ныппырх кодтой, ууыл. Стӕй дзы фыст ис, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн Хуыцау кӕй ныххатыр кӕны.

Разныхас Йезекилы чиныгмӕ

Йезекил сӕрныллӕгӕй ӕмӕ хъӕбатырӕй ӕххӕст кодта, Хуыцау ын йӕ бар кӕй бакодта, уыцы хъуыддаг, цыфӕнды зын ма уыдаид, уӕддӕр. Ӕмӕ йӕ цӕвиттон махӕн у фӕзминаг.

Разныхас Данелы чиныгмӕ

Данел ӕмӕ йе ’ртӕ ӕмбалы суанг зын уавӕрты дӕр Йегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ нӕ сивтой, ӕмӕ нӕ уый стыр ныфс уадзы. Кӕроны рӕстӕджы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ ма нын ныфсы хос у, Данел цы пехуымпарад ныффыста, уый кӕй ӕххӕст кӕны, уый дӕр.

Разныхас Осийы чиныгмӕ

Осийы пехуымпарадӕй базонӕн ис, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ кӕй ныххатыр кӕны, стӕй йӕ зӕрдӕмӕ цавӕр лӕггад цӕуы, уый.

Разныхас Иоилы чиныгмӕ

Пехуымпар Иоил фыста, «Йегъовӕйы бон» хӕстӕг кӕй у ӕмӕ уыцы рӕстӕг аирвӕзӕн цӕй фӕрцы уыдзӕн, уый тыххӕй. Йӕ пехуымпарад абон уӕлдай ахсджиаг у.

Разныхас Амосы чиныгмӕ

Йегъовӕ йӕ сӕрныллӕг пехуымпарӕн бахӕс кодта ахсджиаг хъуыддаг. Амосы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Разныхас Авдийы чиныгмӕ

Дзуттаг Фыстыты Авдийы чиныгӕй цыбырдӕр чиныг нӕй. Ацы пехуымпарад нын дӕтты ныфс ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, тагъд кӕй сбӕлвырд уыдзӕн, Йегъовӕ Дун-дунейы Хицау кӕй у, уый.

Разныхас Ионӕйы чиныгмӕ

Пехуымпар Ионӕ зондамындмӕ байхъуыста, йӕ хӕс сӕххӕст кодта ӕмӕ бамбӕрста, Йегъовӕ адӕмы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад кӕй ӕвдисы. Ионӕйыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон дын дӕ зӕрдӕ бацагайдзысты.

Разныхас Михейы чиныгмӕ

Ацы пехуымпарады фӕрцы фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ нӕ цы домы, уый раст кӕй у ӕмӕ нӕ пайдайӕн кӕй у.

Разныхас Наумы чиныгмӕ

Ацы пехуымпарады фӕрцы фидарӕй ӕууӕндӕм, Йегъовӕ йӕ ныхас алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кӕны ӕмӕ удӕнцой кӕй дӕтты, йӕ Паддзахады дӕлбар сабырдзинад ӕмӕ ирвӕзындзинад чи агуры, уыдонӕн.

Разныхас Аввакумы чиныгмӕ

Нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ алкӕддӕр кӕй фӕзоны, йӕ адӕмы кӕд ӕмӕ куыд хъӕуы ирвӕзын кӕнын, уый.

Разныхас Софонийы чиныгмӕ

Лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнын ма райдайӕм, ӕмӕ Йегъовӕйы тӕрхоны бон не ’рцӕудзӕн?

Разныхас Аггейы чиныгмӕ

Ацы чиныг нын не ’ргом здахы, адӕймагӕн йӕхи хъуыддӕгтӕ Хуыцауы хъуыддӕгтӕй ахсджиагдӕр кӕй хъуамӕ ма уой, уымӕ.

Разныхас Захарийы чиныгмӕ

Рагзаманты Хуыцауӕй лӕвӕрд цӕстылуайӕнтӕ ӕмӕ пехуымпарӕдтӕ йӕ адӕмы ныфс уагътой. Ӕмӕ уыцы пехуымпарӕдты фӕрцы абон мах дӕр фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны, уый.

Разныхас Малахийы чиныгмӕ

Ацы чиныгӕй базонӕн ис, Йегъовӕ йӕ уагӕвӕрдтӕ кӕй никуы аивы, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ уарзӕгой Хуыцау кӕй у, уый. Ацы пехуымпарад ма нын не ’ргом здахы, нӕ рӕстӕджы ахсджиаг чи у, уыцы хъуыддӕгтӕм.

Разныхас Матфейы чиныгмӕ

Базон Матфейы чиныджы тыххӕй сӕйраг хабӕрттӕ. Уый у, Библийы цы цыппар Евангелийы ис, уыдонӕй фыццаг.

Разныхас Марчы чиныгмӕ

Цыппар Евангелийӕ у ӕппӕты цыбырдӕр, Марчы чиныджы цы хабӕртты тыххӕй ис фыст, уымӕй бӕрӕг у, фидӕны Хуыцауы Паддзахады Паддзах, Йесо Чырысти, зӕххӕн хорз разамынд кӕй дӕтдзӕн.

Разныхас Лукайы чиныгмӕ

Ӕрмӕстдӕр Лукайы Евангелийы цавӕр хабӕрттӕ ис бакӕсӕн?

Разныхас Иоанны чиныгмӕ

Иоанны чиныгӕй ирдӕй зыны, Чырысти адӕмы кӕй уарзта ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй уыд. Стӕй ма дзы базонӕн ис, Йесо кӕй уыд Мессийӕ – фидӕны Хуыцауы Паддзахады Паддзах чи хъуамӕ суыдаид, уый.

Разныхас Апостолты хъуыддӕгты чиныгмӕ

Фыццаг чырыстӕттӕ ӕппӕт тыхтӕй архайдтой, цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кодтаиккой. Хъуыддӕгты чиныджы фӕрцы ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъусын кӕндзынӕ хорз хабар.

Разныхас Ромӕгтӕм

Ацы фыстӕгӕй базонӕн ис, Йегъовӕ кӕй никӕй хъулон кӕны ӕмӕ ахсджиаг кӕй у Чырыстийыл ӕууӕндын.

Разныхас 1 Коринфӕгтӕм

Павелы фыстӕджы ис уынаффӕтӕ иудзинад, хӕрзӕгъдаудзинад ӕмӕ уарзондзинады тыххӕй. Стӕй ма дзы фыст ис, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ

Разныхас 2 Коринфӕгтӕм

Йегъовӕ у «удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фидар кӕны ӕмӕ сын ӕххуыс кӕны.

Разныхас Галатӕгтӕм

Павел галатӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уый сын стыр пайда ӕрхаста ӕмӕ махӕн дӕр пайда у. Ацы фыстӕг чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайой.

Разныхас Ефесӕгтӕм

Ацы фыстӕгӕй базонӕн ис, Хуыцауы фӕнд кӕй у, цӕмӕй Йесо Чырыстийы фӕрцы фарн ӕмӕ иудзинад уа.

Разныхас Филиппӕгтӕм

Зындзинӕдты рӕстӕг фидар куы фӕлӕууӕм, уӕд уый иннӕтӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууой.

Разныхас Колоссӕгтӕм

Цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, иннӕтӕн зӕрдӕйӕ куы хатыр кӕнӕм ӕмӕ Чырыстийы нӕ Паддзахыл куы нымайӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм.

Разныхас 1 Фессалоникӕгтӕм

Хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, алцыдӕр-иу сбӕлвырд кӕнӕм, ӕппынӕдзух кувӕм ӕмӕ кӕрӕдзи фидар кӕнӕм.

Разныхас 2 Фессалоникӕгтӕм

Павел сраст кодта, Йегъовӕйы боны ӕрцыды тыххӕй раст чи нӕ хъуыды кодта, уыдоны ӕмӕ ’фсымӕрты баразӕнгард кодта, цӕмӕй уырнындзинады фидар уыдаиккой.

Разныхас 1 Тимофеймӕ

Павел Тимофейӕн бамбарын кодта, ӕмбырды цавӕрдӕр бӕлвырд хъуыддӕгтӕ куыд хъуамӕ арӕзт цыдаиккой, уый ӕмӕ йӕ фӕдзӕхста, цӕмӕй йӕхи хъахъхъӕдтаид мӕнг ахуырӕдтӕй ӕмӕ ’хцауарзаг ма уыдаид.

Разныхас 2 Тимофеймӕ

Павел Тимофейӕн дзырдта, цӕмӕй йӕ лӕггады рохуаты мацы уагътаид.

Разныхас Титмӕ

Павел Титмӕ цы фыстӕг ныффыста, уымӕй базонӕн ис, Криты ӕмбырды цавӕр зындзинӕдтӕ уыд ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, уый.

Разныхас Филимонмӕ

Ацы цыбыр фыстӕджы ис хорз уынаффӕтӕ, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ хӕларзӕрдӕдзинад ӕвдисӕн куыд ис, уый тыххӕй ӕмӕ хатыр кӕнын куыд хъӕуы, уый тыххӕй.

Разныхас Дзуттӕгтӕм

Чырыстӕттӕн сӕ лӕггад зӕххон кувӕндоныл ӕмӕ фосы нывӕндтыл баст нӕу, фӕлӕ бирӕ ахсджиагдӕр хъуыддӕгтыл.

Разныхас Иаковы фыстӕгмӕ

Адӕмы зӕрдӕмӕ чи хъардта, ахӕм цӕвиттонты фӕрцы Иаков бамбарын кодта, чырыстӕттӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ хъуамӕ цӕрой, уый.

Разныхас Петры фыццаг фыстӕгмӕ

Петры фыццаг фыстӕг нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй архайӕм ӕмӕ не ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнӕм.

Разныхас Петры дыккаг фыстӕгмӕ

Петры дыккаг фыстӕг нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй иузӕрдион уӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ.

Разныхас Иоанны фыццаг фыстӕгмӕ

Йӕ фыццаг фыстӕджы нӕ Иоанн фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи хъахъхъӕнӕм Чырыстийы ныхмӕлӕууӕгӕй ӕмӕ нын дзуры, цы хъуамӕ уарзӕм ӕмӕ цы хъуамӕ ма уарзӕм, уый.

Разныхас Иоанны дыккаг фыстӕгмӕ

Иоанн нын йӕ дыккаг фыстӕджы нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ кӕй хъуамӕ цӕрӕм ӕмӕ фӕлитойтӕй нӕхи кӕй хъуамӕ хизӕм.

Разныхас Иоанны ӕртыккаг фыстӕгмӕ

Иоанны ӕртыккаг фыстӕг чырыстӕтты ахуыр кӕны, цӕмӕй уазӕгуарзон уой.

Разныхас Иудӕйы фыстӕгмӕ

Иудӕ бамбарын кодта, чырыстӕтты асайыныл ӕмӕ сӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтауыныл чи архайы, уыдон хинӕй куыд архайынц, уый.

Разныхас Раргомады чиныгмӕ

Раргомады чиныджы цы диссаджы цӕстылуайӕнты кой цӕуы, уыдонӕй зыны, Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы куыд сӕххӕст кӕндзӕн, адӕмы ӕмӕ йӕм зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый.