2014 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг

Бакӕс Сьерра-Леоне ӕмӕ Гвинейы тыххӕй. Ӕгас дунейӕ дӕр зӕрдӕфидаргӕнӕн хабӕрттӕ дын удӕнцой ӕрхӕссӕнт.

2014 азы стих

2014 азӕн нӕ стих у «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад» (Матфейы 6:10).

Разамонӕг советы писмо

Разамонӕг советы писмо дын уыдзӕн удӕнцойы хос ӕмӕ дын дӕ уырнындзинад бафидар кӕндзӕн.

Организаци размӕ цӕуы

Сӕйраг хайад Нью-Йоркӕй кӕй цӕуы, уымӕй бӕрӕг у, разамынд сын Йегъовӕ кӕй дӕтты.

Сайт сарӕзтой, цӕмӕй «ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой»

Нӕ сайт ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой

Аргъ кӕнынц «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ»-йӕн

Библи иртасынӕн цы кусӕнгарз фӕзынд, уымӕй чи пайда кӕны, уыдон ӕрвитынц писмотӕ бузныджы ныхӕстимӕ.

Мультфильмтӕ рӕстгӕнджыты зӕрдӕтӕ агайынц

Базон, ацы мультфильмтӕ ӕгас дунейы дӕр сывӕллӕттыл ӕмӕ бинонтыл хорзырдӕм куыд фӕзынынц, уый тыххӕй.

Диссаджы равдыст

Бакӕс ног равдысты тыххӕй, ис дзы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты истори ӕмӕ чырыстӕттӕ кӕд фӕзындысты, уый схемӕ.

Юридикон хабӕрттӕ

12 бӕстӕйӕ цы юридикон хабӕрттӕ райстам, уыдонӕй бӕрӕг у, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцаумӕ сӕрибарӕй кувой, уый тыххӕй сӕ бирӕ фарстатӕ скъуыддзаг кӕнын кӕй бахъуыд.

Хабӕрттӕ ӕгас дунейӕ дӕр

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бирӕ фыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй аразой, Хуыцауӕн кӕм лӕггад кӕндзысты, ахӕм рӕсугъд бынӕттӕ ӕмӕ сӕм цӕуой.

Филиалтӕ снывонд кодтой

Бакӕс уыцы диссаджы хабӕртты тыххӕй.

Африкӕ

Африкӕйы адӕм рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ исынц ӕмӕ уый сӕ цардыл тынг фӕзыны. Бакӕс, раздӕр фыднозт чи кодта ӕмӕ бон 60 тамако чи дымдта, уый тыххӕй.

Америкӕ

Дӕлдӕр цы цӕвиттонтӕ ис, уыдонӕй зыны, адӕмӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕддӕр рӕстдзинады тыххӕй дзурын хорз хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркӕны.

Ази ӕмӕ Ӕввахс Скӕсӕн

Уацамынды зӕрдиагӕй кӕй архайынц, уый стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕссы. Бакӕс, цы стыр фыдӕбон бакодтой, цӕмӕй куырм, къуырма ӕмӕ ӕгомыг нӕлгоймагӕн бамбарын кодтаиккой, Хуыцау ыл кӕй тыхсы.

Европӕ

Мӕнг ныхӕсты тыххӕй иннӕтӕм хорз цӕстӕй нӕ фӕкӕсынц. Базон, радиопередачӕйы фӕрцы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм хуыздӕр цӕстӕй кӕсын куыд райдыдтой.

Океани

Крайстчерчы, Ног Зеландийы иу сылгоймаг писмоты фӕрцы Библийы рӕстдзинады тыххӕй хъусын кӕны. Чидӕртӕ сӕ «Хуыцауӕй писмотӕ» цӕмӕн хонынц?

Сьерра-Леоне ӕмӕ Гвиней

Фылдӕр базон уыцы бӕстӕты тыххӕй, сӕ адӕмы, сӕ дины ӕмӕ се ’взаджы тыххӕй.

1915–1947 Райдианы (1 хай)

1915 азы Фритаунмӕ фыццаг хатт ӕрцыд Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй иу. Бирӕты бафӕндыд Библи хуыздӕр базонын.

1915–1947 Райдианы (2 хай)

Сауджынты фӕндыд, цӕмӕй Хуыцауы адӕм хорз хабар мауал дзырдтаиккой, фӕлӕ сын Йегъовӕ сӕ фыдвӕндтӕ сӕхирдӕм фӕкодта.

1915–1947 Райдианы (3 хай)

Фритауны ӕмбырд «ӕппӕт хъарутӕ дӕр сарӕзта Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ».

«Иу аз дӕр нал фӕцӕрдзынӕ»

Закеус Мартин къуыри дыууӕ хатты 8 километры хохыл уӕлӕмӕ-дӕлӕмӕ цыди Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм. Цы йӕ баууӕндын кодта, Библийӕ цы базыдта, уый рӕстдзинад кӕй у?

Хуыдтой йӕ «Библийы Браун»

Уильям Браун хъусын кодта Карибы сакъадӕхты ӕмӕ Ныгуылӕн Африкӕйы. Базон, адӕймаг кӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕна, ахӕм стыр кадыл ӕй цӕмӕн нымадта, уый.

1945–1990 Рӕстдзинадмӕ бирӕты ӕрбакодтой (Дан. 12:3) (1 хай)

Хъусын кӕныны хъуыддаг хъуамӕ тынг апарахат уа. Уый тыххӕй ӕрӕрвыстой миссионерты.

Бафӕндыд сӕ бакӕсын

1956 азы Фритауны, Сьерра-Леонейы, бакастысты киноныв «Ног дунейы чи цӕры, уыцы адӕм». Цымӕ исчи ӕрбацӕудзӕн?

1945–1990 Бирӕты рӕстдзинадмӕ ӕрбакодтой (Дан. 12:3) (2 хай)

Сьерра-Леонейы ӕмӕ Гвинейы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хорз зонынц, бинонты цардӕн чи аргъ кӕны, ахӕм адӕмӕй.

1945–1990 Бирӕты рӕстдзинадмӕ ӕрбакодтой (Дан. 12:3) (3 хай)

Политиктӕй поро-йы ӕхсӕнады чи уыд, уыдон парламентмӕ хъаст цӕмӕн бахастой, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн хъусын кӕныны бар мауал уыдаид?

Сусӕг организацитӕ

Ныгуылӕн Африкӕйы сусӕг организацитӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты цардыл куыд ӕндавынц?

1945–1990 Бирӕты рӕстдзинадмӕ ӕрбакодтой (Дан. 12:3) (4 хай)

Цӕмӕй адӕм Хуыцауы хуыздӕр базыдтаиккой, уый тыххӕй ӕмбырдты сарӕзтой кӕсын ӕмӕ фыссыны курсытӕ. Цас фылдӕр адӕм сахуыр кӕсын, уыйас тынгдӕр хъуыди литературӕ тӕлмац кӕнын.

Плакеткӕтӕ сын уыдысты паспортты бӕсты

Сьерра-Леонейӕ ӕмӕ Либерийӕ конгресдзаутӕн сӕ бон куыд уыди Гвинеймӕ конгресмӕ ӕнӕ паспорттӕй цӕуын?

Йегъовӕ мын баххуыс кодта

Джей Камбелл, полиомелитӕй рынчын, фӕндыд ӕй ӕмбырдтӕм цӕуын. Загъта, йӕ хъӕдын къуыдыртыл кӕй ацӕудзӕн. Цымӕ йӕ бон сси?

1991–2001 Хъизӕмӕрттӕ «тайынгӕнӕн пецы» (Ис. 48:10) (1 хай)

Кӕд хӕст цыди, уӕд дӕр Ӕвдисӕнтӕ се ’муырнджытӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кодтой хӕринагӕй дӕр, дарӕсӕй дӕр ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад дӕр фидар кодтой. Цы сын ӕххуыс кодта, цӕмӕй ныфсджын ӕмӕ фидар уыдаиккой?

1991–2001 Хъизӕмӕрттӕ «тайынгӕнӕн пецы» (Ис. 48:10) (2 хай)

Кӕд хӕст йӕ тӕмӕны уыди, уӕддӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ «ӕппынӕдзух амыдтой ӕмӕ хъусын кодтой... хорз хабар».

Сывӕллонӕй – салдат, стырӕй та – пионер

Ӕрыгон салдат бахъуыды кодта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырды йыл куыд бацин кодтой, уый. Цы йӕ сразӕнгард кодта йӕ цард фӕивынмӕ?

Змӕнтджытӕй аирвӕзтыстӕм

1991 азы хӕст куы райдыдта ӕмӕ Пенденбуйы адӕмы куы мардтой ӕмӕ бӕстӕ куы сӕмтъеры, уӕд цалдӕр Ӕвдисӕны удӕгасӕй куыд баззадысты?

Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы лӕг

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иу хӕсты рӕстӕг лӕггад кодта курьерӕй. Йӕ бон куыд уыди ласын литературӕ, хӕринаг ӕмӕ дзаумӕттӕ Фритаунӕй Конакримӕ (Гвиней), рӕстӕгмӕ филиал кӕм уыд, уырдӕм?

Алмазтӕй бирӕ хуыздӕр

Тамбӕ Джосая рӕстдзинад базоныны размӕ куыста, алмазтӕ кӕм къахтой, ахӕм шахтӕйы. Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕны, ӕмӕ алмазтӕй бирӕ хуыздӕр цыдӕр кӕй ссардта?

2002–2013 Цы нын бантыст (1 хай)

Хӕсты фӕстӕ фӕзынди ӕмбырдтӕ, сарӕзтой Паддзахады залтӕ ӕмӕ сӕрмагонд пионерты снысан кодтой, Ӕвдисӕнтӕ бирӕ кӕм нӕ уыд, уырдӕм.

2002–2013 Цы нын бантыст (2 хай)

Абон дыууӕ бӕстӕйы дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты фидарӕй уырны, нырма тынг бирӕтӕ хорз хабармӕ кӕй байхъусдзысты.

Нӕ фидар фӕнд уыди Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын

Филип Тенгве йӕ бинойнагимӕ сӕ райгуырӕн горӕт Коиндуйӕ алыгъдысты, змӕнтджытӕ сӕм куы бабырстой, уӕд. Лагерты цӕргӕйӕ баххуыс кодтой фондз Паддзахады зал саразынӕн.

Сьерра-Леоне тынг бауарзтон

Синди Макинтайр Африкӕйы миссионерӕй лӕггад кӕны 1992 азӕй фӕстӕмӕ. Ӕмӕ зӕгъы, Сьерра-Леонейы йын хъусын кӕнын уӕлдай ӕхсызгон цӕмӕн у.

Сӕдӕ азы размӕ – 1914

1914 аз – Библииртасджытӕ кӕй тыххӕй хъусын кодтой, уыцы аз ӕрцыд.