Хуӕздӕр кӕсӕ ӕма иннети ахур кӕнунмӕ арӕхсӕ

Аци брошюрӕ дин устур ӕнхус фӕууодзӕй, цӕмӕй хуӕздӕр арӕхсай иннети рази кӕсунмӕ, дзорунмӕ ӕма иннети ахур кӕнунмӕ.

Разамонӕг совети финстӕг

Ахур кӕнӕн, цӕмӕй адӕнӕн дзорӕн тӕккӕ ӕхсидзгӕдӕр хабар.

1 УРОК

Хуарз раздзурд

Хуарз раздзурд дин ку уа, уӕд дӕ къохи ӕртӕ гъуддаги бафтуйдзӕй.

2 УРОК

Ӕнӕуой куд фӕдздзорис, уотӕ дзорӕ

Хумӕтӕг дзурд ку кӕнай, уӕд дӕмӕ дӕ игъосгутӕн ӕнцондӕр игъосӕн уодзӕй, ӕма ци дзорис, уой сӕ зӕрдӕмӕ есдзӕнцӕ.

3 УРОК

Фарстатӕ дӕттӕ

Фарстатӕ дӕттӕ, цӕмӕй адӕймаги гъудити бафтауай ӕма ’й фулдӕр базонун бафӕндӕуа, удта цӕмӕй сӕйраг гъудитӕ баханхӕ кӕнай.

4 УРОК

Стих бакӕсуни размӕ ци ес зӕгъӕн

Стих бакӕсуни размӕ дӕ игъосгути бацӕттӕ кӕнӕ, цӕмӕй ӕй сӕ зӕрдӕмӕ райсонцӕ.

5 УРОК

Раст кӕсӕ

Раст кӕсун ӕхсидзгӕ ӕй, цӕмӕй Йегови туххӕй иннетӕн дзорай.

6 УРОК

Библий стихтӕ лӕдӕрун кӕнӕ

Байархайӕ, цӕмӕй игъосгутӕ балӕдӕронцӕ, ци бакастӕ ӕма ци дзорис, етӕ куд баст ӕнцӕ, уой.

7 УРОК

Ӕцӕг ци ӕй, уой дзорӕ

Ӕууӕнкӕ кӕбӕл ес, уӕхӕн бӕлвурдгӕнӕнтӕ хӕссӕ, цӕмӕй дӕ игъосгутӕ раст гъудимӕ ӕрцӕуонцӕ.

8 УРОК

Цӕветтонтӕ хӕссӕ

Хумӕтӕг цӕветтонтӕ хӕссӕ, цӕмӕй игъосгути зӕрдӕмӕ над иссерай ӕма сӕ ӕхсидзгӕ гъуддӕгтӕбӕл ахур кӕнай.

9 УРОК

Цӕстуингӕ ӕрмӕгӕй пайда кӕнӕ

Цӕстуингӕ ӕрмӕгӕй пайда кӕнӕ, цӕмӕй игъосгутӕ ӕхсидзгӕ гъудитӕ хуӕздӕр балӕдӕронцӕ ӕма сӕ ӕнцонтӕй нигъгъуди кӕнонцӕ.

10 УРОК

Раст гъӕлӕси уагӕ

Цӕмӕй дӕ гъудитӕ ӕнцонлӕдӕрӕн ӕма зӕрдӕмӕгъаргӕ уонцӕ, уой туххӕй дӕ кӕмидӕр гъӕрдӕр дзорун гъӕудзӕй, кӕмидӕр ба – сабурдӕр, кӕмидӕр бӕрзонддӕр гъӕлӕсӕй, кӕмидӕр ба – ниллӕгдӕр, кӕмидӕр – тагъддӕр, кӕмидӕр ба – сабурдӕр.

11 УРОК

Зӕрдиагӕй дзорӕ

Зӕрдиагӕй ку дзорай, уӕд бӕрӕг уодзӕй, ци дзорис, уобӕл дӕхуӕдӕг федарӕй ке ӕууӕндис ӕма дӕмӕ, уой фӕрци иннетӕ лӕмбунӕгдӕр игъосдзӕнцӕ.

12 УРОК

Фӕлмӕн дзурд кӕнӕ ӕма иннети зин лӕдӕрӕ

Зӕрдиагӕй ку дзорай, уӕд бӕрӕг уодзӕй, игъосгутӕбӕл ке тухсис.

13 УРОК

Царди кӕми багъӕудзӕй, уой лӕдӕрун кӕнӕ

Игъосгутӕн балӕдӕрун кӕнӕ, цӕбӕл дзорис, е сӕ цардмӕ куд хауй ӕма уомӕ гӕсгӕ архайӕн куд ес, уой.

14 УРОК

Сӕйраг гъудитӕ баханхӕ кӕнисӕ

Уотӕ дзорӕ, цӕмӕй дӕмӕ игъосгутӕ лӕмбунӕг игъосонцӕ ӕма бӕрӕг уа, сӕйраг гъудитӕй алкӕцидӕр дӕ нисани ӕма дӕ теми хӕццӕ куд баст ӕй, е.

15 УРОК

Федарӕй дзорӕ

Федарӕй дзорӕ. Уотӕ дзорӕ, цӕмӕй бӕрӕг уа, ци дзорис, уой ӕхсидзгӕ гъуддагбӕл ке нимайис.

16 УРОК

Дӕ дзурд иннетӕн нифси хуасӕ уӕд

Иннети нифс ма сӕттӕ, фал сӕ федар кӕнӕ. Адӕнӕн се ’ргом ’здахӕ, Хуцауи Дзурд ци уодӕнцойнӕ дӕттуй, уомӕ.

17 УРОК

Дӕ дзурд уӕд ӕнцонлӕдӕрӕн

Дӕ дзурд дин ӕнцонтӕй куд лӕдӕронцӕ, уотӕ дзорӕ. Сӕйраг гъудитӕ хумӕтӕг ӕвзагӕй лӕдӕрун кӕнӕ.

18 УРОК

Игъосгутӕн фулдӕр базонунмӕ банхус кӕнӕ

Дӕ дзурдтӕй иннети сагъӕси ӕфтауӕ. Ӕнхус син кӕнӕ, цӕмӕй нӕуӕг ести базононцӕ.

19 УРОК

Зӕрдитӕмӕ над ерӕ

Дӕ игъосгутӕн ӕнхус кӕнӕ, цӕмӕй Йегови ӕма ӕ Дзурд, Библи, уарзонцӕ.

20 УРОК

Хуарз кӕронбӕттӕн

Фӕстаг дзурдтӕ уотӕ зӕгъӕ, цӕмӕй игъосгути бафӕндӕуа, ци фегъустонцӕ, уомӕ гӕсгӕ архайун.

Ци мин бантӕстӕй

Хуӕздӕр кӕсунбӕл ӕма иннети арӕхстгундӕрӕй ахур кӕнунбӕл ке архайдтай, уой фӕрци дин ци бантӕстӕй, уой рафинсисӕ.

Ка ’й зонуй ма дӕ зӕрдӕмӕ фӕццӕуа

ВИДЕОРОЛИКТӔ

Хуӕздӕр кӕсӕ ӕма иннети ахур кӕнунмӕ арӕхсӕ. Видеороликтӕ

Архайӕ, цӕмӕй хуӕздӕр кӕсай ӕма иннети ахур кӕнунмӕ арӕхсай.