Тагъд мӕнгӕ дин фесӕфдзӕнӕй!
«Хуцауи Паддзахади хабар» №. 37
Ӕгас дуйнейи дӕр ӕй гъӕуамӕ фегъосонцӕ
Тагъд мӕнгӕ дин фесӕфдзӕнӕй!
▪ Ци ӕй мӕнгӕ дин?
▪ Куд фесӕфдзӕнӕй?
▪ Ейӕ дӕумӕ куд хауй?
Ци ӕй мӕнгӕ дин?
Дини номӕй ци фуддзийнӕдтӕ аразунцӕ, уони уингӕй дӕ зӕрдӕ нӕ ресуй? Кӕд рӕстдзийнадӕ уарзис, уӕд дин зин нӕй, йӕхе Хуцауи лӕггадгӕнӕг ка хонуй, етӕ тугъдтӕлтӕ ӕмӕ терроризми фудгин ке ’нцӕ, е? Дини косгутӕ гӕртанесгутӕ ке ’нцӕ, уобӕл нӕ мӕстгун кӕнис? Дин уойбӕрцӕ бӕллӕхти фудгин цӕмӕн ӕй?
Еци бӕллӕхти динтӕ сегасӕй фудгин нӕ ӕнцӕ, фалӕ ӕрмӕст мӕнгӕ дин. Йесо Киристе, ӕгас дуйнейи дӕр кӕмӕн кадӕ кӕнунцӕ, е балӕдӕрун кодта, мӕнгӕ дин йӕ лӕгъуз гъуддӕгтӕй бӕрӕг ке уодзӕнӕй, раст лӕгъуз бӕласа йӕ лӕгъуз рӕзӕй бӕрӕг куд фӕууй, уотӕ (Матфейи 7:15–17). Матта циавӕр «лӕгъуз рӕзӕй» бӕрӕг ӕй мӕнгӕ дин?
Мӕнгӕ дин...
▪ ТУГЪДТӔЛТИ АРХАЙУЙ ӔМӔ ЙӔХЕ ПОЛИТИКИ ТЪУНСУЙ: «Азийи ӕма ӕндӕр рауӕнти, алли мадзӕлттӕй дӕр бартӕ йӕхемӕ райсунмӕ ци дини разамонгутӕ архайунцӕ, етӕ ӕнӕфсӕрмӕй пайда кӕнунцӕ, адӕймаги Хуцауӕн табу кӕнун ке фӕндуй, уомӕй»,– финсуй еу журнал (Эйшауик). Уӕдта ма бафеппайдта: «Дуйнейӕн исӕрра унӕй тӕссаг ӕй». Америки зундгонд дини разамонӕг загъта: «Террористти гъӕуй марун, цӕмӕй етӕ мабал маронцӕ». Ци фӕндӕ имӕ ес? «Цӕгъдетӕ сӕ Хуцауи номӕй». Библи ба ци финсуй: «Уотӕ ка зӕгъуй: „Ӕз Хуцауи уарзун“, уотемӕй ба йе ’нсувӕрӕй йӕ исӕфт ка уинуй, ейӕ ӕй хийнӕйдзаг» (1 Иоанни 4:20). Йесо ма уотӕ дӕр загъта: «Уарзетӕ уе знӕгти» (Матфейи 5:44). Куд дӕмӕ кӕсуй, тугъдтӕлти ка нӕ архайуй, уӕхӕн динтӕ берӕ ес?
▪ МӔНГӔ АХУРӔДТӔ ПАРАХАТ КӔНУЙ: Динтӕн сӕ фулдӕр амонунцӕ, зӕгъгӕ, адӕймагӕн ес, йӕ мӕлӕти фӕсте цӕргӕ ка байзайуй, уӕхӕн уод. Уой фӕрци динти разамонгутӕ сӕхецӕн ӕхца косунцӕ – ка рамардӕй, уони уодтӕн ке исковунцӕ, уой туххӕй син ӕхца бафедунцӕ. Фалӕ аци ахурадӕн Библийи хӕццӕ ӕппундӕр еумӕйагӕй неци ес. «Тӕрегъӕд ракӕнӕг уод – рамӕлдзӕнӕй» (Иезекиль 18:4). «Уодӕгӕстӕ ӕй зонунцӕ, ке рамӕлдзӕнцӕ, мӕрдтӕ ба ӕппундӕр неци зонунцӕ» (Екклесиаст 9:5). Киристе амудта мӕрдтӕ ке райгас уодзӕнӕнцӕ. Кӕд адӕймагӕн ӕцӕгӕй ӕнӕмӕлгӕ уод ес, уӕд ма ӕй ӕгас кӕнун ба цӕмӕн гъӕуй (Иоанни 11:11–25). Дӕуӕн дӕр дӕ дин уобӕл ахур кӕнуй, ӕма мӕлӕти фӕсте уод нӕ рамӕлуй, зӕгъгӕ?
▪ ӔНӔГЪДАУ МИУТӔМӔ КӔСУЙ КУДФӔНДИЙ ЦӔСТӔЙ: Еуӕй-еу бӕстӕти аргъауӕнтӕ саугинтӕй исӕвӕрунцӕ, уӕхӕн лӕгти, ӕма нӕлгоймӕгти хӕццӕ ӕмуат ка кӕнуй кенӕ уӕхӕн силгоймӕгти, силгоймӕгти хӕццӕ ӕмуат ка кӕнуй. Уӕдта ма аргъауантӕ хецауади разӕнгард кӕнунцӕ, цӕмӕй уӕхӕн адӕймӕгтӕн загс кӕнуни барӕ уа. Кӕд еуӕй-еу аргъауантӕ ихӕлд миути нихмӕ ӕнцӕ, уӕддӕр кудфӕндий цӕстӕй кӕсунцӕ, сӕ дини разамонгутӕй сувӕллӕнттӕн тухмиуӕ ка кӕнуй, уонӕмӕ. Фалӕ Библи ба цӕбӕл ахур кӕнуй? Е комкоммӕ дзоруй: «Уӕхе ма сайетӕ: нӕдӕр ихӕлд адӕм, нӕдӕр мӕнгӕхуцӕуттӕн ковгутӕ, нӕдӕр, нӕлгоймӕгтӕ ихӕлд миутӕ ци нӕлгоймӕгти хӕццӕ кӕнунцӕ, етӕ; нӕдӕр, нӕлгоймаг уогӕй нӕлгоймаги хӕццӕ ка исхуссуй, етӕ... Хуцауи Паддзахадӕмӕ нӕ бацӕудзӕнӕнцӕ» (1 Коринфиӕгтӕмӕ 6:9, 10). Ӕнӕгъдау миутӕмӕ кудфӕндий цӕстӕй ка кӕсуй, уӕхӕн динтӕ зонис?
Матфейи 7:19). Аци финстмӕ гӕсгӕ, мӕнгӕ дин ӕдуедагӕ истондзӕнцӕ ӕма ӕй фесафдзӕнцӕ! Фалӕ куд ӕма кӕд уодзӕнӕй е? Дзуапп иссердзинан Библийи Раргомади киунуги 17 ӕма 18 сӕрти.
Ци исони бон ӕнгъӕлмӕ кӕсуй, «ӕмбуд рӕзӕ» ка хӕссуй, еци динтӕмӕ? Йесо Киристе бафӕдзахста: «Хуарз рӕзӕ ци бӕласӕбӕл нӕ зайуй, уой ракалунцӕ ӕма ӕй арти багӕлдзунцӕ» (Мӕнгӕ дин куд фесӕфдзӕнӕй?
Дӕ цӕститӕбӕл рауайун кӕнай мӕнӕ ауӕхӕн нивӕ: хӕтагӕ силгоймаг бадуй устур тасӕфтауӕг сирдбӕл. Еци сирдӕн ес авд сӕри ӕма дӕс сикъайи (Раргомадӕ 17:1–4). Ка ӕй еци хӕтагӕ силгоймаг? Йӕ барӕ цӕуй «зӕнхон паддзӕхтӕбӕл». Йӕ уӕле сӕнтсурх хъумацӕй дарӕс, пайда кӕнуй хуӕрздӕфагитӕй ӕма ӕй хъӕбӕр гъӕздуг. Уомӕй уӕлдай ма йӕ кӕлӕнти фӕрци «сайуй ӕгас адӕмихаттитӕ» дӕр (Раргомадӕ 17:18; 18:12, 13, 23). Библи нин лӕдӕрун кӕнуй, еци хӕтагӕ силгоймаг фӕсномугӕй ке ӕвдесуй дуйнейи ӕгас динти дӕр. Е еу дин нӕй, фалӕ «ӕмбуд рӕзӕ» ка хӕссуй, еци динтӕ имӕ ӕгасӕй дӕр хаунцӕ.
Хӕтагӕ силгоймаг ци сирдбӕл бадуй, е ӕвдесуй дуйнейи политикон хецауӕдти * (Раргомадӕ 17:10–13). Мӕнгӕ дин бадуй политикон сирдбӕл, ома фӕндуй ӕй, цӕмӕй йӕ унаффитӕбӕл ӕма куд разамунд кӕнуй, уобӕл йӕ барӕ цӕуа.
Фалӕ тагъд дессаги хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕнӕй. «Ду ци сирди ӕма ци дӕс сикъайи фӕууидтай, етӕ хъахбайӕй фӕууиндзӕнцӕ сӕ исӕфт ӕма ӕй бацарӕфтуд кӕндзӕнцӕ, ниууадздзӕнцӕ ӕй бӕгънӕгӕй, бахуӕрдзӕнцӕ йин йӕ фид, ӕма ӕй басодздзӕнцӕ арти» (Раргомадӕ 17:16). Аци дуйнейи политикон хецауӕдтӕ ӕнӕнгъӕлӕги мӕнгӕ дини нихмӕ рацӕудзӕнцӕ ӕма ӕй фесафдзӕнцӕ! Цӕмӕн? Библийи Раргомади киунугӕ лӕдӕрун кӕнуй: «Хуцау син сӕ зӕрдити ниввардта Йӕ фӕндон исӕнхӕст кӕнун» (Раргомадӕ 17:17). О, Хуцау мӕнгӕ динӕй дзуапп ӕрдомдзӕнӕй, йӕ номӕй ци цъаммар миутӕ фӕккодта, уони туххӕй. Хуцау рӕстдзийнадӕ ке уарзуй, уомӕ гӕсгӕ мӕнгӕ динӕн йӕ политикон лимӕнти йӕ нихмӕ искӕндзӕй ӕма ӕй уони къохӕй фесафдзӕнӕй.
Кӕд дӕ мӕнгӕ дини хӕццӕ фесӕфун нӕ фӕндуй, уӕд дӕ ци кӕнун гъӕуй? «Рацӕуетӕ уордигӕй, Мӕ адӕм»,– разӕнгард нӕ кӕнуй Хуцауи Нихас (Раргомадӕ 18:4). Нур ӕй мӕнгӕ динӕй рацӕуни рӕстӕг! Фалӕ кумӕ ӕй дӕ бон ба рацӕун? Хуцау нӕййес, зӕгъгӕ, ка дзоруй, уонӕмӕ нӕ; ауӕхӕн адӕммӕ дӕр хуарзӕй неци ӕнгъӕлмӕ кӕсуй (2 Фессалоникӕгтӕмӕ 1:6–9). Ӕрмӕстдӕр раст дини ес иссерӕн ервӕзундзийнадӕ. Фалӕ раст дин ба базонӕн куд ес?
Раст дин базонӕн куд ес
Раст дин циавӕр «хуарз рӕзӕ» гъӕуамӕ хӕсса? (Матфейи 7:17).
Раст дин...
▪ УАРЗОНДЗИЙНАДӔ ӔВДЕСУЙ ГЪУДДАГӔЙ: Хуцауи ӕцӕг лӕггадгӕнгутӕ «дуйнейӕй не ’нцӕ», аллихузон адӕмихӕттитӕбӕл нӕ дехтӕ кӕнунцӕ ӕма се ’хсӕн ес уарзондзийнадӕ (Иоанни 13:35; 17:16; Куститӕ 10:34, 35). Кӕрӕдзей маргӕ нӕ, фалӕ, ку багъӕуа, уӕд цӕттӕ ӕнцӕ кӕрӕдзей туххӕй рамӕлун дӕр (1 Иоанни 3:16).
▪ ӔУУӔНДУЙ ХУЦАУИ НИХАСБӔЛ: Раст дин «ӕгъдӕуттӕбӕл» ӕма «адӕми ӕримисгӕ фӕдзӕхститӕбӕл» нӕ ахур кӕнуй – йӕ ахурӕдтӕ ӕнцайунцӕ Хуцауи Нихас Библибӕл (Матфейи 15:6–9). Цӕмӕн? Уомӕн ӕма «ӕгас Сугъдӕг Финст Хуцауи фӕндонӕй финст ӕрцудӕй, ӕма агъаз ӕй ахурӕн, аййептӕ рабӕрӕг кӕнунӕн, раст надбӕл ислӕуунӕн, рӕстдзийнадӕ ци ӕй, уой лӕдӕрунӕн» (2 Тимофеймӕ 3:16).
▪ ӔНГОМДӔР КӔНУЙ БИНОНТИ ӔМӔ АГЪАЗ ӔЙ ХУӔРЗӔГЪДАУ ЦАРДӔН: Раст дин лӕгтӕн амонуй, цӕмӕй «сӕхе бауӕр куд уарзунцӕ, уотӕ уарзонцӕ сӕ уостити дӕр»; силгоймӕгти ба разӕнгард кӕнуй, цӕмӕй сӕ «лӕгти нимайонцӕ», сувӕллӕнтти ба – цӕмӕй сӕ ныййаргутӕмӕ игъосонцӕ (Ефесӕгтӕмӕ 5:28, 33; 6:1). Уомӕй уӕлдай ма гъӕуама хестӕртӕ сӕ хуӕрзӕгъдау цардӕй иннетӕн фӕнзуйнаг уонцӕ (1 Тимофеймӕ 3:1–10).
Аци уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ ка цӕруй, уӕхӕн дин ес? 2001 анзи мухури ка рацудӕй, еу уӕхӕн киунуги финст ес: «Иегъови Ӕвдесӕнтӕ ци игъосун кӕнунцӕ ӕма ци уагӕвӕрдтӕмӕ гӕсгӕ цӕрунцӕ, адӕмӕн сӕ фулдӕр уотӕ ку цардайонцӕ, уӕд Холокост нӕ аддайдӕ ӕма еу адӕм иннӕ адӕми некӕдбал цӕгъдидӕ» (Holocaust Politics).
235 бӕсти Иегъови Ӕвдесӕнтӕ Библийи уагӕвӕрдтӕ ӕрмӕст игъосун нӕ кӕнунцӕ, фалӕ ма цӕргӕ дӕр уонӕмӕ гӕсгӕ кӕнунцӕ. Ӕфсӕрми ма кӕнӕ, ӕма Иегъови Ӕвдесӕнтӕн зӕгъӕ, цӕмӕй дин банхус кӕнонцӕ, Хуцау ди ци домуй, уой базонун ӕма йин куд ӕмбӕлуй, уотӕ лӕггадӕ кӕнун. Нур ӕнцад бадуни рӕстӕг нӕй. Фӕстеуат кӕнӕн нӕййес. Тагъд мӕнгӕ дин фесӕфдзӕнӕй! (Софони 2:2, 3).
Кӕд дӕ фӕндуй фулдӕр базонун, Иегъови Ӕвдесӕнтӕ Библийӕй ци хабар игъосун кӕнунцӕ, уой туххӕй, уӕд дӕлдӕр лӕвӕрд адристӕй еуеми ниффинсӕ.
□ Мӕн гъӕуй брошюрӕ «Ма бафынӕй ут!».
□ Мӕн фӕндуй хӕдзари Библи лӕвар ахур кӕнун.
[Феппайуйнаг]
^ 17 абз. Аци хабӕрттӕ бӕстондӕрӕй ӕвзурст цӕунцӕ брошюри «Ма бафынӕй ут!» (ирон.), 12, 13 фӕрсти. Рауагътонцӕ ӕй Иегъови Ӕвдесӕнтӕ.
[Хецӕнгонд скъуддзаг 3 фарсбӕл]
Мӕнгӕ динӕн йӕ барӕ цӕуй «зӕнхон паддзӕхтӕбӕл»
[Хецӕнгонд скъуддзаг 3 фарсбӕл]
«Рацӕуетӕ уордигӕй, Мӕ адӕм»