Библи цӕхуӕн киунугӕбӕл нимайис?
Дӕумӕ гӕсгӕ...
-
зундгин адӕми финст киунугӕ ’й?
-
таурӕхъти ӕма аргъӕутти киунугӕ ’й?
-
Хуцауи Дзурд ӕй?
БИБЛИЙ ФИНСТ ЕС
«Финстадӕ ӕнӕгъӕнӕй дӕр ӕй Хуцауи разамундӕй финст» (2 Тимофеймӕ 3:16, «Библи – Нӕуӕг дуйней тӕлмац»).
Е ДӔУӔН ЦӔБӔЛ ДЗОРӔГ ӔЙ
Дӕ царди ӕхсидзгӕдӕр фарстатӕбӕл дзуапп базондзӕнӕ (Ӕмбесӕндтӕ 2:1–5).
Цийфӕнди гъуддаги фӕдбӕл дӕр иссердзӕнӕ раст унаффӕ (Псалом 119:105).
Федӕнӕй дин уодзӕй нифс (Ромӕгтӕмӕ 15:4).
БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС, УОБӔЛ ЦӔМӔН ӔЙ НӔ БОН ӔУУӔНДУН?
Тӕккӕ минкъийдӕр, ӕртӕ гъуддагей туххӕй.
-
Еу гъуди дӕр си инней нихмӕ нӕй. Библи финстонцӕ еу-40 адӕймаги, 1 600 анзей дӕргъи. Беретӕ си кӕрӕдзей уингӕ дӕр некӕд фӕккодтонцӕ. Фал уӕддӕр Библий еу гъуди дӕр инней нихмӕ нӕй, удта си райдайӕнӕй кӕронмӕ еу сӕйраг гъуди цӕуй!
-
Историмӕ гӕсгӕ ӕй раст. Историктӕ арӕх басосӕг кӕнунцӕ, сӕ адӕм цидӕр тугъди куд фӕххуӕрд ӕнцӕ, еци хабӕрттӕ. Фал Библи ка финста, етӕ ба сӕхе ӕма сӕ адӕми рӕдудтити туххӕй ӕргом финстонцӕ (2 Анзфинстити 36:15, 16; Псалом 51:1–4).
-
Библий пахампарӕдтӕ алкӕддӕр исӕнхӕст унцӕ. Зӕгъӕн, Библий еу-200 анзи раздӕр финст ӕрцудӕй, рагон горӕт Вавилон куд ниппурх уодзӕй, уой туххӕй (Исай 13:17–22). Айдагъ е си финст не ’рцудӕй, фал ма ’й ка ниппурх кӕндзӕй, еци паддзахи ном дӕр (Исай 45:1–3).
Библий пахампарӕдтӕй сӕ фулдӕр листӕг хабӕртти уӕнгӕ дӕр исӕнхӕст ӕнцӕ. Фал е дессаг нӕй, уомӕн ӕма Библи Хуцауи Дзурд ӕй (2 Петури 1:21).
КУД ДӔМӔ КӔСУЙ?
Хуцауи Дзурд дин дӕ цард хуарзӕрдӕмӕ куд раййевдзӕй?
Библий аци фарстайӕн дзуапп ес ИСАЙИ 48:17, 18 ӕма 2 ТИМОФЕЙМӔ 3:16, 17.