Бийнонтӕ амондгун цӕй фӕрци уодзӕнцӕ?
Дӕумӕ гӕсгӕ...
-
уарзондзийнади фӕрци?
-
ӕхцай фӕрци?
-
ӕндӕр естӕй фӕрци?
БИБЛИЙ ФИНСТ ЕС
«Амондгун ӕнцӕ, Хуцауи дзурд ка игъосуй ӕма ’й ка ӕнхӕст кӕнуй, етӕ!» (Лукай 11:28, «Библи – Нӕуӕг дуйней тӕлмац»).
Е ДӔУӔН ЦӔБӔЛ ДЗОРӔГ ӔЙ
Дӕ бийнонтӕ кӕрӕдзей уарздзӕнцӕ (Ефесӕгтӕмӕ 5:28, 29).
Кӕрӕдземӕн аргъ кӕндзинайтӕ (Ефесӕгтӕмӕ 5:33).
Фӕрнӕй цӕрдзинайтӕ (Марки 10:6–9).
БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС, УОБӔЛ ЦӔМӔН ӔЙ НӔ БОН ӔУУӔНДУН?
Тӕккӕ минкъийдӕр, дууӕ гъуддагей туххӕй.
-
Бийнонти цардӕн бундор Хуцау ӕрӕвардта. Библи куд зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ, «алли бийнонтӕн дӕр номӕвӕрӕг» Йеговӕ Хуцау ӕй (Ефесӕгтӕмӕ 3:14, 15). Ӕндӕр загъдӕй, бийнонти цард Йеговӕ искодта. Уой зӕрдӕбӕл дарун цӕмӕн гъӕуй?
Зӕгъӕн, ести хуӕруйнаг дӕ зӕрдӕмӕ ку фӕццӕуа ӕма куд кӕнгӕ ’й, уой базонун дӕ ку фӕндӕуа, уӕд ке бафӕрсдзӕнӕ? Ӕвӕдзи ’й ка ӕрцӕттӕ кодта, уой.
Гъеууотӕ, бийнонтӕ дӕр амондгун цӕй фӕрци уодзӕнцӕ, уой ӕнгъезуй базонун Йеговӕй, уомӕн ӕма бийнонти бундорӕвӕрӕг е ӕй (Райдайӕн 2:18–24).
-
Хуцау тухсуй бийнонтӕбӕл. Хуарз уайдӕ, Йеговӕ ӕ Дзурди ци разамунд дӕттуй, бийнонтӕ уомӕ гӕсгӕ ку цӕриуонцӕ. Цӕмӕн? «Уомӕн ӕма е тухсуй сумахбӕл»,– финст ӕй Библий (1 Петури 5:6, 7). Йегови зӕрдӕ нин хуарз зӕгъуй ӕма нин ӕ унаффитӕ дӕр хӕссунцӕ пайда (Ӕмбесӕндтӕ 3:5, 6; Исай 48:17, 18).
КУД ДӔМӔ КӔСУЙ?
Ци кӕнун гъӕуй, цӕмӕй хуарз цардӕмбал кенӕ хуарз ниййерӕг уай?
Библий аци фарстайӕн дзуапп ес ЕФЕСӔГТӔМӔ 5:1, 2 ӕма КОЛОССӔГТӔМӔ 3:18–21.