Перейти к основным материалам

Хуцауи Паддзахадӕ ци ӕй?

Хуцауи Паддзахадӕ ци ӕй?

Дӕумӕ гӕсгӕ...

  • адӕймаги зӕрди ӕй?

  • ӕримисгӕ цидӕр ӕй?

  • уӕларвон хецауадӕ ӕй?

БИБЛИЙ ФИНСТ ЕС

«Уӕларвон Хуцау исфедар кӕндзӕй, ка некӕдбал ниппурх уодзӕй, уӕхӕн Паддзахадӕ» (Данел 2:44, «Библи – Нӕуӕг дуйней тӕлмац»).

«Лӕвӕрд [ин] ӕрцудӕнцӕ хецауи бартӕ, кадӕ ӕма паддзахадӕ... Е хецау уодзӕй ӕносмӕ» (Данел 7:14).

Е ДӔУӔН ЦӔБӔЛ ДЗОРӔГ ӔЙ

  • Е ӕй раст хецауадӕ ӕма дин ӕрхӕсдзӕй берӕ арфӕдзийнӕдтӕ (Исай 48:17, 18).

  • Федӕни нӕуӕг дуйней уодзӕнӕ ӕнӕнез ӕма амондгун (Раргомадӕ 21:3, 4).

БИБЛИЙ ЦИ ФИНСТ ЕС, УОБӔЛ ӔЦӔГӔЙ ДӔР ЕС ӔУУӔНДӔН?

Гъо, тӕккӕ минкъий дӕр дууӕ гъуддагей туххӕй.

  • Киристе бавдиста, Хуцауи Паддзахадӕ ци ’скӕндзӕй, уой. Киристе ӕ фӕдбӕлдзӕугутӕн амудта, зӕгъгӕ, коветӕ, цӕмӕй Хуцауи Паддзахадӕ ӕрцӕуа ӕма ӕ фӕндон зӕнхӕбӕл дӕр уа (Матфейи 6:9, 10). Ӕма еци кувдӕн Хуцау дзуапп куд ратдзӕй, уой ӕвдесгӕ дӕр бакодта.

    Киристе зӕнхӕбӕл ку адтӕй, уӕд стонг адӕми ӕфсаста, сӕйгити дзӕбӕх кодта ӕма ма мӕрдти дӕр игас кодта! (Матфейи 15:29–38; Иоанни 11:38–44). Цума уӕхӕн дессӕгтӕ цӕмӕн ӕвдиста? Киристе федӕни Хуцауи Паддзахади Паддзахӕй ӕвӕрд ке гъӕуама ӕрцудайдӕ, уомӕ гӕсгӕ бавдиста, еци Паддзахадӕ ӕ адӕмӕн цӕхуӕн хуарздзийнӕдтӕ искӕндзӕй, уой (Раргомадӕ 11:15).

  • Дуйней ци хабӕрттӕ цӕуй, уонӕй бӕрӕг ӕй, тагъд Хуцауи Паддзахадӕ ке ӕрцӕудзӕй, е. Киристе куд загъта, уомӕ гӕсгӕ Хуцауи Паддзахадӕ зӕнхӕмӕ фарнӕ ку ӕрхӕсса, уӕд уой разӕй дуйней цӕудзӕй тугъдтитӕ, уодзӕй стонгдзийнадӕ ӕма зӕнхинкъуститӕ (Матфейи 24:3, 7).

    Еци хабӕрттӕ абони мах нӕхе цӕститӕй уинӕн. Ӕма ’й уомӕ гӕсгӕ федарӕй зонӕн, тагъд Хуцауи Паддзахадӕ еци бӕллӕхтӕн кӕрон ке искӕндзӕй, уой.

КУД ДӔМӔ КӔСУЙ?

Хуцауи Дзурд дин дӕ цард хуарзӕрдӕмӕ куд раййевдзӕй?

Библий аци фарстайӕн дзуапп ес ИСАЙИ 48:17, 18 ӕма 2 ТИМОФЕЙМӔ 3:16, 17.