Дыккаг закъон 34:1—12

34  Уый фӕстӕ Моисей Моавы быдыртӕй ссыд Невойы+ хохмӕ, Фасгӕйы+ хохы сӕрмӕ, Иерихоны+ акомкоммӕ чи ис, уыцы хохмӕ. Ӕмӕ йын Йегъовӕ уыцы зӕхх иууылдӕр равдыста: Галаад суанг Даны онг+,  Неффалимы зӕхх иууылдӕр, Ефремы ӕмӕ Манассийы зӕхх, Иудӕйы зӕхх иууылдӕр суанг ныгуылӕн денджызы+ онг,  Негев+ ӕмӕ Иорданы дӕлвӕз бӕстӕ+, пальмӕбӕлӕсты горӕт+ Иерихоны дӕлвӕз, суанг Сигоры+ онг.  Ӕмӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ай у, Авраамӕн, Исахъӕн ӕмӕ Иаковӕн кӕй тыххӕй расомы кодтон, дӕ байзӕддӕгтӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, уыцы зӕхх+. Ӕз дын ӕй уый тыххӕй равдыстон, цӕмӕй йӕ дӕхи цӕстӕй фенай, уымӕн ӕмӕ ды уырдӕм нӕ бацӕудзынӕ»+.  Уый фӕстӕ Моисей, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг+, амарди уым, Моавы зӕххыл, Йегъовӕ йын куыд загъта, афтӕ+.  Ӕмӕ йӕ баныгӕдта* Моавы зӕххыл дӕлвӕзы, Беф-Фегоры+ раз, ӕмӕ йӕ ингӕн кӕм ис, уый абоны онг дӕр ничи зоны+.  Моисей куы амард, уӕд ыл цыди сӕдӕ дыууын азы+. Йӕ цӕстырухс не ’рлӕмӕгъ+ ӕмӕ йӕ хъару нӕ фӕцудыдта+.  Ӕмӕ Израилы фырттӕ Моисейыл ӕртын боны фӕкуыдтой Моавы быдыры+, ӕмӕ стӕй фесты Моисейыл кӕуыны ӕмӕ хъыг кӕныны бонтӕ.  Навины фырт Йесо хайджын уыди зондӕй+, уымӕн ӕмӕ йыл Моисей ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ+. Ӕмӕ йӕм Израилы фырттӕ райдыдтой хъусын ӕмӕ кодтой, Йегъовӕ Моисейӕн куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ+. 10  Фӕлӕ Моисейы хуызӕн пехуымпар Израилы никуы уыд+, Йегъовӕ йӕ лӕгӕй-лӕгмӕ зыдта+. 11  Йегъовӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ Египеты зӕххыл фараоны раз, йе ’ппӕт лӕггадгӕнджыты раз ӕмӕ йӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмы раз уый цас нысӕнттӕ ӕмӕ диссӕгтӕ равдыста, уыйас ничи+, 12  стӕй ӕгас Израилы цӕстыты раз уый йӕ фидар къухӕй цы стыр ӕмӕ хъомысджын хъуыддӕгтӕ равдыста, ахӕмтӕ ничи+.

Фиппаинӕгтӕ

Ӕвӕц., Хуыцау.