Захари 10:1—12

10  «Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнут, цӕмӕй уын уалдзыгон къӕвдаты+ рӕстӕг къӕвда ратта+. Лӕгъстӕ кӕнут Йегъовӕйӕн – уый скӕны тӕрккъӕвдайы мигътӕ+, уый дӕтты адӕмӕн къӕвда+, алкӕмӕн дӕр сзайын кӕны, йӕ зӕххыл цы байтауы+, уый.  Мӕнгхуыцӕуттӕ*+ дзурынц кӕлӕнты тыххӕй, дӕсныфӕрсджытӕ уынынц мӕнгдзинад+ ӕмӕ ӕнӕпайда фынтӕ дзурынц, адӕмы ныфс бауадзыныл бӕргӕ архайынц, фӕлӕ – ницы+. Ӕмӕ уый тыххӕй адӕм фысты дзугау ныппырх уыдзысты+, хъизӕмар кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сын фыййау нӕй+.  Фыййӕуттӕм мӕ маст ссыгъд+. Ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн+, сӕгъау хивӕнд чи у, уыцы хицӕуттӕй+. Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ йе ’ргом раздӕхта йӕ дзугмӕ+, Иудӕйы хӕдзарвӕндагмӕ. Афтӕ бакодта, ӕмӕ, тохы рӕстӕг йӕ бӕх куыд рӕсугъд вӕййы+, афтӕ систы.  Уымӕй у адӕмы хистӕр+, уымӕй у хицау ӕмӕ ӕххуысгӕнӕг+, уымӕй у хӕстон ӕрдын+, уымӕй у алы цӕстдарӕг дӕр+ – се ’ппӕт дӕр уымӕй сты.  Уыдон уыдзысты, тохы рӕстӕг уынгты цъыф йӕ къӕхты бын чи ныссӕнды+, уыцы хъӕбатыр хӕстонты хуызӕн+. Тохы бацӕудзысты, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ семӕ ис+, ӕмӕ знаджы барджытӕ ныххудинаг уыдзысты+.  Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Иудӕйы хӕдзарвӕндаг стыхджын уыдзӕн, ӕмӕ Иосифы хӕдзарвӕндаг фервӕзын кӕндзынӕн+. Цӕрӕнбынат сын ратдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдисдзынӕн+, ӕмӕ сӕ цыма мӕхицӕй никуы аппӕрстон, афтӕ уыдзысты+. Ӕз дӕн сӕ Хуыцау Йегъовӕ, ӕмӕ сын сӕ лӕгъстӕ фехъусдзынӕн+.  Ефремы байзӕддӕгтӕ уыдзысты хъӕбатыр хӕстонты хуызӕн+, ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ хъӕлдзӕг уыдзысты, сӕнӕй куыд хъӕлдзӕг вӕййынц, афтӕ+. Сӕ фырттӕ уый фендзысты, ӕмӕ цин кӕндзысты+, Йегъовӕ уыдзӕн сӕ зӕрдӕйы цин+.  „Фехситт сӕм кӕндзынӕн+ ӕмӕ сӕ иумӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Ссӕрибар сӕ кӕндзынӕн+, ӕмӕ, кӕддӕр чи сбирӕ, уыдонау сбирӕ уыдзысты+.  Адӕмты ’хсӕн сӕ мыггӕгтау ныппырх кӕндзынӕн+, ӕмӕ мӕ дард рӕтты ӕрхъуыды кӕндзысты+. Ӕмӕ сӕхимӕ дӕр ӕмӕ сӕ фырттӕм дӕр ног хъарутӕ фӕзындзӕн ӕмӕ фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзысты+. 10  Египеты зӕххӕй сӕ фӕстӕмӕ ӕркӕндзынӕн+, Ассирийӕ сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн+ ӕмӕ сӕ Галаады зӕхмӕ+ ӕмӕ Ливанмӕ ӕркӕндзынӕн, ӕмӕ сын уым дӕр фаг бынат нӕ уыдзӕн+. 11  Ӕз денджызыл ахиздзынӕн ӕмӕ йӕ сызмӕнтдзынӕн+, уылӕнтӕ ӕрцӕвдзынӕн+, ӕмӕ Нилы ӕрфытӕ иууылдӕр бахус уыдзысты+. Ассири сӕрбӕрзонд цӕмӕй у, уый дӕлӕмӕ ӕппӕрст ӕрцӕудзӕн+, ӕмӕ Египеты нал уыдзӕн+ паддзахы лӕдзӕг+. 12  Уыдон мӕ фӕрцы, Йегъовӕйы фӕрцы, стыхджын уыдзысты+ ӕмӕ мын сӕ цардӕй мӕ ном кадджын кӕндзысты“+,– зӕгъы Йегъовӕ».

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «Терафимтӕ». Бинонты хуыцӕуттӕ, къухӕйконд хуыцӕуттӕ.