Захари 11:1—17

11  «Дӕ дуӕрттӕ байгом кӕн, Ливан+, ӕмӕ дын арт дӕ кедрбӕлӕстӕ аныхъуыра+.  Ӕрдиаг кӕн, ӕхсӕлыбӕлас, уымӕн ӕмӕ кедрбӕлас афӕлдӕхт. Стыр бӕлӕстӕ фесӕфтысты!+ Ӕрдиаг кӕнут, Васаны пӕлӕхсар бӕлӕстӕ, уымӕн ӕмӕ тархъӕдӕй ницыуал баззад!+  Хъусут? Фыййӕуттӕ ӕрдиаг кӕнынц+, уымӕн ӕмӕ сӕ кад ӕрбайсӕфт+. Хъусут? Ӕвзонг домбӕйттӕ богъ кӕнынц, уымӕн ӕмӕ Иорданы былгӕрӕтты пыхсджын хъӕд нал ис+.  Афтӕ зӕгъы мӕ Хуыцау Йегъовӕ: „Хиз, ӕргӕвдынӕн чи сты, уыцы фысты+.  Чи сӕ балхӕны, уыдон сӕ аргӕвдынц+, фӕлӕ уый тыххӕй аххосджыныл нымад нӕ вӕййынц+. Чи сӕ уӕй кӕны+, уыдон та дзурынц: „Табу Йегъовӕйӕн, схъӕздыг уыдзынӕн“+. Сӕ фыййӕуттӕ сын ӕппындӕр нӕ тӕригъӕд кӕнынц“+.  „Ӕз нал фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн, ацы зӕххыл чи цӕры, уыдонӕн+,– зӕгъы Йегъовӕ.– Афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ алчидӕр бахаудзӕн йӕ хионы къухмӕ+ ӕмӕ йӕ паддзахы къухмӕ+. Уыдон ацы зӕхх ныппырх кӕндзысты, ӕмӕ ӕз сӕ къухӕй никӕй фервӕзын кӕндзынӕн“»+.  Дзуджы ӕфхӕрд фыстӕ+, сымах тыххӕй райдыдтон хизын+, ӕргӕвдынӕн чи сты+, уыцы фысты. Дыууӕ лӕдзӕджы райстон+. Иу дзы схуыдтон Ӕхсызгондзинад+, иннӕ та – Цӕдис+. Ӕмӕ фысты хизын райдыдтон.  Иу мӕймӕ фӕсырдтон ӕртӕ фыййауы+, уымӕн ӕмӕ сын мӕ уд нал фӕрӕзта+, ӕмӕ мӕ уыдон дӕр се сӕфт уыдтой.  Ӕмӕ ӕппынфӕстаг загътон: «Нал уӕ хиздзынӕн+. Мӕлинаг чи у, уый амӕлӕд. Сӕфинаг чи у, уый фесӕфӕд+. Чи ма дзы баззайа, уыдон та сӕ кӕрӕдзийы фыд хӕрӕнт»+. 10  Гъемӕ мӕ лӕдзӕг, Ӕхсызгондзинад+, зӕгъгӕ, райстон ӕмӕ йӕ асастон+, цӕмӕй, мӕ адӕмимӕ цы бадзырд скодтон, уый фехӕлдтаин+. 11  Ӕмӕ йӕ тӕккӕ уыцы бон фехӕлдтон. Дзуджы ӕфхӕрд фыстӕ+ та мӕм сӕ хъус дардтой+, ӕмӕ уӕд базыдтой, уый Йегъовӕйы ныхас кӕй уыд. 12  Уӕд сын ӕз загътон: «Кӕд уӕ фӕнды+, уӕд мын мӕ мызд раттут, кӕд нӕ, уӕд та йӕ уадзут». Ӕмӕ мын мӕ мызд бафыстой – ӕртын ӕвзист ӕхцайы+. 13  Стӕй мын Йегъовӕ загъта: «Хӕзнадоны сӕ ныппар+ – ахӕм стыр аргъ мын скодтой»+. Ӕмӕ ӕртын ӕвзист ӕхцайы райстон ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы хӕдзары хӕзнадоны ныппӕрстон+. 14  Уый фӕстӕ асастон мӕ дыккаг лӕдзӕг, Цӕдис+, зӕгъгӕ, цӕмӕй Иудӕ ӕмӕ Израилы ’хсӕн мауал уыдаид+, ӕфсымӕрты ’хсӕн цы иудзинад вӕййы, уый+. 15  Йегъовӕ мын загъта: «Ницӕйаг фыййауы дзауматӕ дӕхицӕн райс+. 16  Ӕз бауадздзынӕн, цӕмӕй ацы зӕххыл фӕзына, чи сӕфы, уыцы фыстӕм йӕ хъус чи нӕ дардзӕн+, ахӕм фыййау+. Уӕрыччыты нӕ агурдзӕн, цӕфты нӕ дзӕбӕх кӕндзӕн+, дзӕбӕх дзы чи уа, уыдоны та не ’фсаддзӕн, фӕлӕ хӕрзхаст фысты фыд хӕрдзӕн+ ӕмӕ-иу сын сӕ сӕфтӕджытӕ ратондзӕн+. 17  Додой йӕ къона, фысты дзӕгъӕлӕй чи ныууадзы+, уыцы ницӕйаг фыййауӕн!+ Хъама суайдзӕн йӕ цонгыл ӕмӕ йӕ рахиз цӕстыл. Йӕ цонг бахус уыдзӕн+ ӕмӕ йӕ рахиз цӕстӕй нал уындзӕн».

Фиппаинӕгтӕ