Йереми 51:1—64

51  Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Ӕз Вавилоныл+ ӕмӕ Лев-Камайы цӕрджытыл ӕвирхъау дымгӕ рауадздзынӕн+.  Ӕмӕ Вавилонмӕ арвитдзынӕн адӕмы, ӕмӕ йӕ уыдон дымгӕмӕ сдардзысты ӕмӕ йын йӕ бӕстӕ сафтид кӕндзысты+. Бӕллӕхы бон уыдон алырдыгӕй йӕ ныхмӕ рацӕудзысты+.  Йе ’рдын чи къӕдз кӕны, уый йӕ ма къӕдз кӕнӕд+. Ӕмӕ згъӕрхӕдон кӕуыл ис, уый ма сыстӕд. Йе ’рыгон лӕппутыл ын ма бацауӕрдут+. Йе ’фсад ын иууылдӕр сӕфты хай бакӕнут+.  Халдейты зӕххыл сӕ мӕлӕт ссардзысты+, мӕлӕтдзаг цӕфтӕй уынгты хаудӕй лӕудзысты+.  Израил ӕмӕ Иудӕ+ идӕдзӕй нӕ баззадысты, сӕ Хуыцау, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ сӕ нӕ ныууагъта+. Халдейты зӕхх та Израилы Сыгъдӕг Хуыцауы цӕсты у тынг аххосджын+.  Лидзгӕ ут Вавилонӕй+, уӕ сӕртӕ бафснайут+, цӕмӕй йӕ фыдракӕндты тыххӕй ма фесӕфат+, уымӕн ӕмӕ уый у Йегъовӕйы мастисӕн бон+. Хуыцау ын бафиддзӕн йӕ хъуыддӕгты тыххӕй+.  Вавилон Йегъовӕйы къухы у сызгъӕрин къусы хуызӕн+. Уыцы къус йӕ сӕнӕй расыг кӕны ӕгас зӕхх дӕр+. Йӕ сӕнӕй нызтой адӕмтӕ+. Ӕмӕ гъе уый тыххӕй кӕнынц адӕмтӕ ӕнӕзонд митӕ+.  Ӕвиппайды Вавилонӕн йе сӕфт ӕрцыд, ныппырх ис+. Ӕрдиаг ыл кӕнут+. Бальзам ын ахӕссут, цӕмӕй йӕ рыст фӕлӕууа+. Чи зоны, ӕмӕ сдзӕбӕх уа».  «Мах Вавилон сдзӕбӕх кӕниккам, фӕлӕ нӕ дзӕбӕх кӕны. Ныууадзут ӕй+, ӕмӕ цомут, алчидӕр нӕ йӕхи бӕстӕмӕ ацӕуӕд+. Йӕ фыдхъуыддӕгтӕ сты тӕрхоны аккаг, суанг арв ӕмӕ мигъты онг схӕццӕ сты+. 10  Йегъовӕ мах тыххӕй сарӕзта раст хъуыддӕгтӕ+. Цомут ӕмӕ Сионыл радзурӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы хъуыддӕгты тыххӕй»+. 11  «Уӕ фаттӕ сцыргъ кӕнут+. Уӕ тымбыл уартыты фӕстӕ бамбӕхсут. Йегъовӕ сыстын кодта мидиаг паддзӕхты+, уымӕн ӕмӕ Вавилоны тыххӕй уынаффӕ рахаста+, хъуамӕ йӕ ныппырх кӕна. Йегъовӕ йӕ маст исы, йӕ маст исы йӕ кувӕндоны тыххӕй+. 12  Вавилоны къулты акомкоммӕ сӕвӕрут амонӕн цӕджындз+. Хуыздӕр ӕй хъахъхъӕнут+, фылдӕр хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрут. Бацӕттӕ кӕнут, вавилойнӕгты размӕ чи бабада, ахӕм адӕм+. Йегъовӕ уынаффӕ рахаста ӕмӕ, Вавилоны цӕрджыты тыххӕй цы дзырта, уый ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн»+. 13  «Бирӕ дӕттыл чи бады+ ӕмӕ бирӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ кӕмӕ ис, уыцы сылгоймаг!+ Дӕ кӕрон ӕрцыд, искӕй фӕллӕйттӕй+ дӕ мулк нал фылдӕр кӕндзынӕ+. 14  Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ йӕхицӕй* расомы кодта+: „Адӕмӕй дӕ мӕтыхтау+ байдзаг кӕндзынӕн, ӕмӕ дыл кӕй фӕуӕлахиз уыдзысты, уый тыххӕй фырцинӕй зардзысты“+. 15  Уый зӕхх скодта йӕ тыхӕй+, зӕхх+ ӕрфидар кодта йӕ зондӕй+, арв+ айтыгъта йе ’мбарындзинады фӕрцы+. 16  Йӕ хъӕлӕс куы райхъуысы, уӕд арвыл дӕттӕ ныннӕрынц. Зӕххы кӕронӕй сыстын кӕны мигъ+, къӕвдайы дуӕрттӕ бакӕны+, йе ’вӕрӕнтӕй ракӕны дымгӕ. 17  Алы адӕймаг дӕр кӕны ӕнӕзонд митӕ, цыма ӕппындӕр ницы зоны, афтӕ+. Алы зӕрингуырдмӕ дӕр худинаг ӕркӕсдзӕн, гуымиры кӕй сарӕзта, уый тыххӕй+, уымӕн ӕмӕ йе ’фсӕйнаг хуыцау у мӕнгдзинад+, ӕмӕ сӕ мидӕг уд нӕй+. 18  Уыдон сты ницы+, кӕс сӕм ӕмӕ сыл худӕгӕй мӕл+. Хуыцау сын сӕ хъуыддӕгтӕм куы ’ркӕса, уӕд ӕрбайсӕфдзысты+. 19  Фӕлӕ Иаковы Хуыцау* уыдоны хуызӕн нӕу+, уымӕн ӕмӕ уый скодта ӕппӕт дӕр+. Уый у хицауы лӕдзӕг йӕ бынтӕн+. Йӕ ном у ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ»+. 20  «Ды мӕ къухы дӕ ставд хъил, хӕцӕнгарз+, ӕмӕ дӕуӕй ӕз адӕмты ныппырх кӕндзынӕн, дӕуӕй фесафдзынӕн паддзахӕдтӕ. 21  Дӕуӕй ныппырх кӕндзынӕн бӕх ӕмӕ йӕ барӕджы, дӕуӕй ныппырх кӕндзынӕн хӕстон бӕхуӕрдон ӕмӕ йӕ тӕрӕджы+. 22  Дӕуӕй ныппырх кӕндзынӕн нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы, зӕронд лӕджы ӕмӕ гыццыл лӕппуйы, ӕрыгон лӕппуйы ӕмӕ ӕрыгон чызджы. 23  Дӕуӕй ныппырх кӕндзынӕн фыййауы ӕмӕ йӕ дзуг, зӕхкусӕджы ӕмӕ, кӕмӕй хуым кӕны, уыцы фос, дӕуӕй ныппырх кӕндзынӕн сӕргълӕуджыты ӕмӕ дӕлбар хицӕутты. 24  Ӕз Вавилонӕн ӕмӕ Халдейӕйы цӕрджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр бафиддзынӕн, Сионыл уӕ цӕстыты раз цы фыддзинӕдтӕ фӕкодтой, уыдоны тыххӕй»+,– зӕгъы Йегъовӕ. 25  «Ӕз дӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн+, фыдбылызы хох+,– зӕгъы Йегъовӕ,– дӕ ныхмӕ рацӕудзынӕн, ӕгас зӕххы сафӕг+. Ӕз дӕм мӕ къух сисдзынӕн, къӕдзӕхтӕй дӕ раппардзынӕн ӕмӕ дӕ фестын кӕндзынӕн, арт кӕй басыгъта, ахӕм хох»+. 26  «Иу дур дӕр дӕ нӕ райсдзысты нӕдӕр фисынӕн, нӕдӕр бындурӕн+, уымӕн ӕмӕ ды фестдзынӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕ, ӕмӕ афтӕ уыдзӕн ӕнустӕм»+,– зӕгъы Йегъовӕ. 27  «Уыцы зӕххыл сӕвӕрут амонӕн цӕджындз+. Адӕмты ’хсӕн сыкъайӕ уасут. Ӕрцӕттӕ кӕнут*+ адӕмты, цӕмӕй йемӕ схӕцой. Йӕ ныхмӕ йын ракӕнут Арарат+, Мини ӕмӕ Аскеназы+ паддзахӕдтӕ. Сӕвӕрут, йӕ ныхмӕ ӕфсӕддонты чи баххуырса, ахӕм ӕфсӕддон хицау. Бӕхтӕ+ ӕвзонг мӕтыхтау рацӕуӕнт. 28  Ӕрцӕттӕ кӕнут адӕмты, Мидийы+ паддзӕхты, йӕ сӕргълӕуджыты, йӕ дӕлбар хицӕутты се ’ппӕты дӕр ӕмӕ сӕ дӕлбар зӕхх ӕгасӕй дӕр, цӕмӕй йемӕ схӕцой. 29  Зӕхх ӕнкъуысӕд ӕмӕ фыррыстӕй тухитӕ кӕнӕд+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ Вавилоны тыххӕй уынаффӕ рахаста, цӕмӕй Вавилоны зӕхх диссагӕн дзуринаг фӕкӕна, цӕмӕй йын афтӕ бакӕна, ӕмӕ дзы цӕрӕг мауал баззайа+. 30  Вавилоны тыхджын хӕстонтӕ нал хӕцынц, фидӕртты бадынц. Сӕ хъару байсыст+. Сылгоймӕгты хуызӕн систы+. Йӕ хӕдзӕрттӕ судзынц. Йӕ дуарӕхгӕнӕн хъӕдтӕ ныссастысты+. 31  Фӕдисон лидзы фӕдисоны размӕ ӕмӕ хабархӕссӕг – хабархӕссӕджы размӕ+, цӕмӕй Вавилоны паддзахӕн фехъусын кӕной, йӕ горӕтмӕ йын алырдыгӕй дӕр кӕй ӕрбабырстой+, 32  доны тӕнджытӕ кӕй бацахстой+, хъӕзӕй конд бӕлӕгътӕ кӕй басыгътой ӕмӕ хӕстонтӕ катайы кӕй бацыдысты»+. 33  Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, Израилы Хуыцау: «Вавилоны чызг у найгӕнӕн мусы хуызӕн+. Ӕрцыд рӕстӕг, цӕмӕй йӕ сӕ къӕхты бын ныннӕмой. Иу гыццыл ма, ӕмӕ ралӕудзӕн йӕ хуымгӕрдӕн афон»+. 34  «Вавилоны паддзах Навуходоносор мӕ аныхъуырдта+, катайы мӕ баппӕрста. Мигӕнӕнау мӕ сафтид кодта. Стыр калмау мӕ аныхъуырдта+, хорзӕй мӕм цы уыд, уымӕй йӕ хуылф байдзаг кодта. Асӕххӕт мӕ кодта донау. 35  „Фыдмитӕ мын кӕй фӕкодтой, мӕ буарӕн мын ахӕм митӕ кӕй бакодтой, уыцы тӕригъӕд уӕд Вавилоныл!“ – зӕгъдзӕн Сионыл цӕрӕг чызг+. „Мӕ туг уӕд Халдейӕйы цӕрджытыл!“ – зӕгъдзӕн Иерусалим»+. 36  Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: «Ӕз дын дӕ хъуыддаг равзардзынӕн+ ӕмӕ дзы дӕ маст райсдзынӕн+. Йӕ денджыз ӕмӕ йын йӕ цъайтӕ бахус кӕндзынӕн+. 37  Вавилон фестдзӕн дурты цӕнд+, хъӕддаг куыйты лӕгӕт+. Диссагӕн дзуринаг фӕуыдзӕн, цы йыл ӕрцыд, уый фенгӕйӕ-иу адӕм ныхситт кӕндзысты. Цӕрӕг дзы нӕ уыдзӕн+. 38  Иууылдӕр ӕвзонг домбӕйттау ныббогъ кӕндзысты. Домбайы лӕппынтау хъырндзысты». 39  «Куы сцыбӕл уой, уӕд сын куывдтӕ скӕндзынӕн ӕмӕ сӕ срасыг кӕндзынӕн, цӕмӕй бахъӕлдзӕг уой+. Ӕнустӕм бафынӕй уыдзысты ӕмӕ нал райхъал уыдзысты+,– зӕгъы Йегъовӕ.– 40  Фырыты ӕргӕвдынмӕ куыд акӕнынц, фырыты дӕр ӕмӕ цӕуты дӕр, афтӕ ӕз акӕндзынӕн уыдоны»+. 41  «Куыд бацахстой Сесах!+ Куыд бацахстой ӕгас зӕххы Кад!+ Вавилон адӕмты ’хсӕн диссагӕн дзуринаг куыд фӕци!+ 42  Денджыз ыл йӕхи ныццавта. Йе ’нӕнымӕц уылӕнты бын фӕци+. 43  Йӕ горӕттӕ диссагӕн дзуринаг фесты, фестадысты ӕнӕдон быдыр, хус бӕстӕ+. Адӕймаг кӕм не ’рцӕрдзӕн, ахӕм зӕххы хуызӕн систы. Адӕймаджы фырт-иу ууылты нӕ ацӕудзӕн+. 44  Ӕз ме ’ргом раздахдзынӕн Вавилоны Вилмӕ+ ӕмӕ йын фӕстӕмӕ скалын кӕндзынӕн, цы аныхъуырдта, уый+. Адӕмтӕ йӕм нал гуылф кӕндзысты+. Ӕмӕ Вавилоны къултӕ ныккӕлдзысты+. 45  Рацӕут уырдыгӕй, мӕ адӕм+, ӕмӕ Йегъовӕйы судзгӕ мастӕй+ уӕ удтӕ аирвӕзын кӕнут+. 46  Науӕд уӕ зӕрдӕты тас бацӕудзӕн+ ӕмӕ, уыцы бӕстӕйы цы хабар фехъусдзыстут, уымӕй фӕтӕрсдзыстут. Уыцы хабар фехъусдзыстут иу аз, стӕй та иннӕ аз дӕр фехъусдзыстут хабар, ӕмӕ зӕххыл уыдзӕн тыхми ӕмӕ хицау хицауы ныхмӕ рацӕудзӕн. 47  Ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг, ӕмӕ ӕз ме ’ргом раздахдзынӕн Вавилоны гуымирытӕм+, ӕмӕ Вавилоны зӕхх ӕгасӕй дӕр диссагӕн дзуринаг фӕуыдзӕн, се ’ппӕты дӕр уым ныццӕгъддзысты+. 48  Арв ӕмӕ зӕхх ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон Вавилонмӕ кӕсгӕйӕ фырцинӕй хъӕр кӕндзысты+, уымӕн ӕмӕ цӕгатӕй ӕрбацӕудзысты, чи йӕ ныппырх кӕндзӕн, уыдон+,– зӕгъы Йегъовӕ.– 49  Вавилоны канд израилӕгтӕ не ссардтой сӕ мӕлӕт+. Вавилоны ма сӕ мӕлӕт ссардтой ӕгас зӕххыл цӕрӕг адӕм дӕр+. 50  Хъамайӕ чи аирвӕзт, уыцы адӕм! Ма ӕрлӕуут, дарддӕр цӕут+. Дард ран-иу Йегъовӕйы ӕрхъуыды кӕнут+, Иерусалим-иу уӕ зӕрдыл ӕрлӕууӕд»+. 51  «Фегад стӕм+. Фидистӕ хъусӕм+. Худинаджы бын фестӕм+, уымӕн ӕмӕ ӕцӕгӕлӕттӕ рацыдысты Йегъовӕйы хӕдзары сыгъдӕг бынӕтты ныхмӕ»+. 52  «Уымӕ гӕсгӕ, ӕрцӕуы уыцы рӕстӕг,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ ӕз ме ’ргом аздахдзынӕн йӕ гуымирытӕм+, ӕмӕ йӕ бӕстӕйы алкӕмдӕр цӕф адӕм хъӕрздзысты»+. 53  «Вавилон уӕларвмӕ дӕр куы ссӕуа+ ӕмӕ йӕ хъомыс афтӕ бӕрзонд куы сиса, хӕстӕг бацӕуӕн дӕр ӕм куыд нӕ уа+, уӕд дӕр ӕм ӕз ӕркӕндзынӕн, чи йӕ бастигъдзӕн, уыдоны»+,– зӕгъы Йегъовӕ. 54  «Хъусут! Вавилонӕй хъӕр цӕуы+, халдейты зӕххыл – бӕстысӕфт+, 55  уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ пырх кӕны Вавилон. Уый йын ныссабыр кӕндзӕн йӕ хъӕлӕба+. Йӕ бирӕ дӕттӕ сты абухгӕ дӕтты хуызӕн+. Ӕмӕ сӕ хъӕр тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕндзӕн. 56  Вавилонмӕ ӕрбацӕудзӕн стигъӕг+, ӕмӕ йын йӕ тыхджын лӕгты уацары акӕндзысты+. Се ’рдынтӕ сын ныссӕтдзысты+, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у мастисӕг Хуыцау+. Ӕмӕ йын цы хъӕуы, уый бакӕндзӕн+. 57  Ӕз ын йӕ кънйӕзты, йӕ зондджын лӕгты, йӕ сӕргълӕуджыты, йӕ дӕлбар хицӕутты ӕмӕ йӕ тыхджын лӕгты срасыг кӕндзынӕн+, ӕмӕ ӕнустӕм бафынӕй уыдзысты ӕмӕ нал райхъал уыдзысты»+,– зӕгъы Паддзах+, йӕ ном ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ кӕмӕн у, уый+. 58  Афтӕ зӕгъы ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ: «Вавилоны къул кӕд фӕтӕн у, уӕддӕр ӕй ныппырх кӕндзысты+, кӕд йӕ кулдуӕрттӕ бӕрзонд сты, уӕддӕр арты хай бауыдзысты+. Адӕмтӕ дзӕгъӕлы фыдӕбон кӕндзысты+ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ фыдӕбон кӕндзысты арты тыххӕй+. Сӕхи тухӕнӕй цы марой, ӕндӕр ницы». 59  Пехуымпар Йереми Серайӕйӕн, Маасейӕн+ йӕ фырт Нирийы+ фыртӕн, загъта, цы хъуамӕ сарӕзтаид, уый. Уыцы рӕстӕг Серайӕ Иудӕйы паддзах Седекиимӕ цыд Вавилонмӕ. Седеки уӕд паддзах уыд цыппӕрӕм аз. Серайӕ уыд паддзахы хӕдзармӕгӕсӕг. 60  Йереми иу чиныджы ныффыста+, Вавилон цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ баййӕфтаид, уыдоны тыххӕй. Уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр фыст ӕрцыдысты Вавилоны ныхмӕ. 61  Уый фӕстӕ Йереми Серайӕйӕн загъта: «Куыддӕр Вавилонмӕ бацӕуай ӕмӕ йӕ фенай, афтӕ-иу ацы ныхӕстӕ иууылдӕр хъӕрӕй бакӕс+. 62  Ӕмӕ-иу зӕгъ: „О Йегъовӕ, ды дӕхӕдӕг дзырдтай ацы бынаты ныхмӕ, цӕмӕй сӕфт ӕрцӕуа ӕмӕ дзы иу змӕлӕг дӕр мауал уа+ – нӕдӕр адӕмӕй, нӕдӕр фосӕй,– ӕмӕ ӕнустӕм суа ӕдзӕрӕг бӕстӕ“. 63  Ӕмӕ ацы чиныг каст куы фӕуай, уӕд-иу ыл дур бабӕтт ӕмӕ йӕ Евфраты астӕумӕ фехс+. 64  Ӕмӕ-иу зӕгъ: „Афтӕ Вавилон дӕр доны бынмӕ ацӕудзӕн ӕмӕ никуыуал сыстдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕз бӕллӕхы хай бакӕндзынӕн+. Ӕмӕ уыдон сӕхи тухӕнӕй амардзысты“»+. Ууыл фесты Йеремийы ныхӕстӕ.

Фиппаинӕгтӕ

Комк. «йӕ удӕй»; «уд» – дзут. не́феш. Кӕс Уӕлӕмх. 6.
Комк. «Хай».
Комк. «Ссыгъдӕг кӕнут» кӕнӕ «Ахибар кӕнут».