Тӕрхонгӕнджыты 14:1—20

14  Уӕд Самсон ацыд Фимнӕмӕ+ ӕмӕ дзы федта иу филистимаг сылгоймаджы.  Гъемӕ ӕрцыд ӕмӕ йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕн загъта: «Фимнӕйы иу филистимаг сылгоймаджы федтон, ӕмӕ мын ӕй ракурут»+.  Фӕлӕ йын йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад загътой: «Ау, ӕмӕ уыцы ӕнӕсунӕт филистимӕгтӕй куы нӕ ракурай дӕхицӕн ус+, уӕд де ’фсымӕрты чызджыты ’хсӕн ӕмӕ нӕ адӕмы ’хсӕн иу чызг дӕр нал ис?»+ Самсон уӕддӕр йӕ фыдӕн загъта: «Уый мын ракур, уый цӕуы мӕ зӕрдӕмӕ».  Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад та нӕ зыдтой, уыцы хъуыддаг Йегъовӕйӕ кӕй уыди+, ӕмӕ фадат кӕй агуырдта, цӕмӕй филистимӕгтӕй йӕ маст райстаид, уымӕн ӕмӕ уыцы заман израилӕгтӕ филистимӕгты дӕлбар уыдысты+.  Гъемӕ Самсон йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадимӕ ацыд Фимнӕмӕ+. Фимнӕйы сӕнӕфсирдӕттӕм куы бахӕццӕ, уӕд дын домбай богътӕгӕнгӕ йӕ размӕ куы фӕуаид.  Уӕд Самсоныл Йегъовӕйы тых* ӕрцыд+, ӕмӕ домбайы сӕныккау акъабӕзтӕ кодта, афтӕмӕй та йӕ къухы ӕппындӕр ницы уыди. Ӕмӕ цы бакодта, уый нӕдӕр йӕ фыдӕн загъта, нӕдӕр йӕ мадӕн.  Самсон ӕрцыд уыцы сылгоймагмӕ, йемӕ аныхас кодта, ӕмӕ бамбӕрста, ӕндӕр ӕй кӕй ничи хъӕуы+.  Цасдӕры фӕстӕ та йӕм ацыд, цӕмӕй йӕ йӕ хӕдзармӕ ракодтаид+. Фӕндагыл фӕсвӕд фездӕхт, домбайы мардмӕ бакӕсон, зӕгъгӕ, ӕмӕ мӕнӕ домбайы хуылфы дуне мыдыбындзытӕ ӕмӕ мыд+.  Самсон мыдӕй йӕ къухтӕм систа ӕмӕ йӕ фӕндагыл хӕргӕ цыди+. Йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады куы баййӕфта, уӕд дзы уыдонӕн дӕр радта, ӕмӕ дзы бахордтой. Уыцы мыд мард домбайы хуылфӕй кӕй систа, уый та сын нӕ загъта. 10  Гъемӕ Самсон ӕмӕ йӕ фыд ӕрцыдысты уыцы сылгоймагмӕ, ӕмӕ Самсон уым куывд скодта+, уымӕн ӕмӕ афтӕ ӕмбӕлди сиахсӕн. 11  Куы йӕ федтой, уӕд ын радтой сиахсӕмбӕлттӕ – ӕртын лӕппуйы. 12  Уый фӕстӕ сын Самсон загъта: «Бар мын раттут, ӕмӕ уын иу базон-базон зӕгъон+. Кӕд ӕй авд бонмӕ+, цалынмӕ куывд нӕ фӕуа, уӕдмӕ базонат ӕмӕ мын ӕй зӕгъат, уӕд уын мӕнӕй ӕртын мидӕггаг хӕдоны ӕмӕ ӕртын фӕлысты уӕлӕдарӕс+. 13  Куы нӕ йӕ базонат, уӕд та мын сымах ратдзыстут ӕртын мидӕггаг хӕдоны ӕмӕ ӕртын фӕлысты уӕлӕдарӕс». Уыдон ын загътой: «Зӕгъ дӕ базон-базон, хъусӕм дӕм». 14  Ӕмӕ сын уӕд Самсон загъта:«Чи хӕры+, уымӕй рацыд, хӕргӕ цы кӕнынц, ахӕм цыдӕр,Ӕмӕ тыхджынӕй рацыд адджын цыдӕр»+. Ӕмӕ йӕ ӕртӕ боны дӕргъы сӕ бон нӕ уыди базонын. 15  Цыппӕрӕм бон Самсоны усӕн загътой: «Дӕ лӕгыл хинӕй рацу, цӕмӕй нын базон-базонӕн йӕ дзуапп зӕгъа+, кӕннод дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ фыды хӕдзар дӕр арты басудздзыстӕм+. Ардӕм нӕ уый тыххӕй ӕрбахуыдтат, цӕмӕй нӕ бастигъат?»+ 16  Уӕд Самсонӕн йӕ ус йӕ разы кӕуын райдыдта+ ӕмӕ йын дзырдта: «Ды мӕ нӕ уарзыс, ӕппындӕр мӕ нӕ уарзыс+. Мӕ адӕмы фырттӕн базон-базон радзырдтай+, мӕнӕн та нӕ загътай, йӕ дзуапп куыд у, уый». Самсон ын загъта: «Мӕ фыд ӕмӕ йӕ мӕ мадӕн куы нӕ загътон+, уӕд ӕй дӕуӕн хъуамӕ зӕгъон?» 17  Фӕлӕ ус йӕ разы куыдта авд боны дӕргъы, цалынмӕ куывд цыди, уӕдмӕ, ӕмӕ йын ӕй ӕппынфӕстаг ӕвдӕм бон загъта, уымӕн ӕмӕ дзы сфӕлмӕцыд+. Ус та дзуапп загъта йӕ адӕмы фырттӕн+. 18  Гъемӕ ӕвдӕм бон Самсон сылгоймаджы уатмӕ нӕма бахызт+, афтӕ йын горӕты адӕм загътой:«Цы хъуамӕ уа мыдӕй адджындӕрӔмӕ домбайӕ тыхджындӕр?»+Самсон та сын дзуапп радта:«Мӕ дыгӕрдыгыл мын куы нӕ хуым кодтаиккат+,Уӕд мын бӕргӕ нӕ базыдтаиккат мӕ базон-базон»+. 19  Самсоныл Йегъовӕйы тых ӕрцыд+, ӕмӕ ацыд Аскалонмӕ+ ӕмӕ сын уым сӕ адӕмӕй ӕртын лӕджы амардта, стӕй сын сӕ уӕлӕдарӕс раласта ӕмӕ сӕ радта, йӕ базон-базон ын чи базыдта, уыдонӕн+. Ӕмӕ мӕстӕй судзгӕйӕ йӕ фыды хӕдзармӕ аздӕхт. 20  Самсоны ус+ та баззад, сиахсӕмбӕлттӕн+ ын кӕй радтой, уыдонӕй сӕ иуӕн.

Фиппаинӕгтӕ

Дзут. ру́ах. Кӕс Уӕлӕмх. 7.