1 Азфыстыты 10:1—14

10  Филистимӕгтӕ+ Израилимӕ схӕцыдысты, ӕмӕ израилӕгтӕ филистимӕгты разӕй лидзӕг фесты, ӕмӕ сӕ филистимӕгтӕ Гелвуйы+ хохыл цӕгъдгӕ цыдысты.  Филистимӕгтӕ Саул ӕмӕ йӕ фыртты фӕдыл бафтыдысты ӕмӕ Саулы+ фыртты, Ионафан+, Аминадав+ ӕмӕ Малхисуайы+, амардтой.  Саулы алыварс та карз тох бацайдагъ. Уӕд ӕй фатӕхсджытӕ фехстой, ӕмӕ фӕцӕф+.  Саул йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕгӕн+ загъта: «Дӕ хъама+ слас ӕмӕ мӕ амар, цӕмӕй уыцы ӕнӕсунӕтгӕндтӕ+ ма ’рбацӕуой ӕмӕ мӕ ма фӕхынджылӕг кӕной»+. Фӕлӕ йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕг не сразы+, уымӕн ӕмӕ тынг фӕтарст. Ӕмӕ уӕд Саул йӕхӕдӕг райста хъама ӕмӕ йыл ӕрхауд+.  Саул кӕй амард, уый йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕг куы федта, уӕд уый дӕр йӕ хъамайыл ӕрхауд ӕмӕ амард+.  Афтӕ Саул, йе ’ртӕ фырты ӕмӕ, йӕ хӕдзаронтӕй йемӕ чи уыд, уыдон иууылдӕр иумӕ фӕмард сты+.  Быдыры чи цард, уыцы израилӕгтӕ се ’ппӕт дӕр уый куы федтой, ӕмӕ хӕстонтӕ лидзӕг фесты, Саул ӕмӕ йӕ фырттӕ та фӕмард сты, уӕд сӕ горӕттӕ ныууагътой ӕмӕ алыгъдысты+. Уый фӕстӕ филистимӕгтӕ ӕрцыдысты ӕмӕ уыцы горӕтты ӕрцардысты.  Иннӕ бон филистимӕгтӕ рацыдысты, цӕмӕй мӕрдтӕй дзаумӕттӕ раластаиккой+, ӕмӕ Гелвуйы+ хохыл Саул ӕмӕ йӕ фыртты мӕрдтӕ ссардтой.  Ӕмӕ Саулӕн йӕ сӕр акъуырдтой+, йӕ хӕцӕнгарз ын раластой, стӕй арвыстой ӕгас филистимӕгты бӕстӕмӕ, цӕмӕй уый тыххӕй сӕ мӕнгхуыцӕуттӕн+ ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр фехъусын кодтаиккой+. 10  Йӕ хӕцӕнгарз ын сӕ хуыцауы+ кувӕндоны сӕвӕрдтой, йӕ сӕр та йын ӕрцауыгътой Дагоны+ кувӕндоны. 11  Филистимӕгтӕ Саулӕн+ цытӕ бакодтой, уый, Галаады цы Иавис+ ис, уый цӕрджытӕ куы фехъуыстой, 12  уӕд хъӕбатыр лӕгтӕ иууылдӕр ацыдысты ӕмӕ Саул ӕмӕ йӕ фыртты мӕрдтӕ рахастой, Иависмӕ+ сӕ ӕрхастой ӕмӕ сын се стджытӕ уым стыр бӕласы+ бын баныгӕдтой. Уый фӕстӕ авд боны ком дардтой+. 13  Афтӕ Саул амард, Йегъовӕйыл гадзрахатӕй кӕй рацыд+, Йегъовӕйы ныхасмӕ кӕй нӕ байхъуыста, уый тыххӕй, стӕй, мӕрдтимӕ чи ныхас кодта, уыцы сылгоймагмӕ+ кӕй ацыд 14  ӕмӕ Йегъовӕйы кӕй нӕ бафарста, уый тыххӕй+. Гъемӕ йӕ Хуыцау мӕлӕтмӕ радта ӕмӕ паддзахы бартӕ радта Йессейы фырт Давидӕн+.

Фиппаинӕгтӕ